Дзæуджыхъæуы райдыдта Адæмон аивадон промыслæты æртыккæгæм Æппæтуæрæсеон этникон фестиваль «Рон-2025».
Архайынц дзы, царм, æлыг, дур, тинтычъи, цыллæ, нымæт цæгъдынмæ, авг, стæг, æфсæйнаг, хъæд æмæ æндæр æрдзон æрмæгæй дзауматæ кæнынмæ иттæг дæсны чи у, ахæм æнтыстджын 50 адæймаджы нæ бæстæйы алы регионтæй. Мадзал арæзт цæуы Цæгат Ирыстоны Национ музейы равдыстыты залы.
Музеймæ равдыст фенынмæ чи æрбацыд, уыдон æхсызгонæй кастысты, дизайнертæ æмæ æрмдæсныты куыстытæм. Хи къухтæй хуыд кæсгон, балхъайраг, хъуымыхъаг национ уæлæдарæсы хуызтæ, хызынтæ, нымæттæ, къогъодзитæ, сыкъатæ, авджын æмæ æлыгæй конд дзауматæм.
Фестивалы директор Бзарты Аланæ куыд радзырдта, афтæмæй мадзал арæзт цæуы нæбæстæйы Президенты культурон хъæппæристы фонды æххуысæй.
– Нæ рагфыдæлты культурæ æмæ æрмдæсныйады истори бахъахъхъæнынæн ахæм этникон фестивальтæ хъæугæ сты. Æртыккаг хатт цæуы дыууæ азы иу хатт арæзт ацы мадзал, æмæ архайдзыстæм, цæмæй æрвылазон суа, йæ арæнтæ та уæрæхæй-уæрæхдæр кæной. Нæ зæрды ис, этникон фестиваль канд Ирыстоны нæ, фæлæ Уæрæсейы æндæр регионты дæр аразын. Ахъаззаджы мадзал у ивгъуыды этникон мотивтæ нырыккон уæлæдарæсы хуызтæм бахæссын æмæ афтæмæй нæ рагфыдæлты культурон хæзнатæ æмæ бынтæ бахъахъхъæнынæн. Махмæ, Ирыстоны, абон дæр ис, нымæт цæгъдын, æлыг, стæг, хъæдæй рагон дзауматæ кæнын чи зоны, ахæмтæ. Амыдтой сын сæ сæ хистæртæ æмæ уыцы зонындзинæдтæ нæ фесæфтысты æнусты тары. Кæй зæгъын æй хъæуы, фестивалы бонты алкæмæн дæр фадат уыдзæн «Этно-деревня» -йы цыллæ кæлмæрзæнтæ бийын, æлыгæй дзауматæ æмæ æндæр ми кæныны мастер-класстæ, мастер-шоу æмæ Нарты хъæзтыты архайынæн, – загъта Бзарты Аланæ.
Ирон разгом къабайы историон хуыз фенæн ис абон Хæсыгаты Лидæйы куыстыты. Æрмдæсны йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй, кæд абон модæ ивгæ цæуы æмæ разгæмттæм дæр хæссынц цавæрдæр ивддзинæдтæ, уæддæр сæ йæхæдæг та кæны, кæддæр нæ фыдæлтæм куыд уыдысты, афтæ. Лидæ ацы куыст кæны æртындæс азы æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Сувениртæн æлхæнынц туристтæ ирон куклатæ æмæ сæ дизайн стыр цымыдисы æфтауы алкæйдæр.
Цымыдисаг уыдысты иннæ ирон æрмдæсныты куыстытæ дæр. Ирон хæдæттæ, сæракæй æмæ цармæй конд дзаумæттæ: æхцайы чыссæтæ, паспорт æмæ æндæр документты æддаг агъудтæм адæймаг кæсынæй не ‘фсæст. Иннæты ‘хсæн дæр уæлдай бæрæг дардтой сæ бæрзонд аивадæй. Равдысты архайджытæй алы сылгоймаджы дæр фæндыд ирон цыллæ кæлмæрзæн йæхи уæхсчытыл æркæнын, нæлгоймæгтыл та – ирон хæдон скæнын. Тынг цымыдисаг уыдысты стæгæй конд дзæбидыры, фыры æмæ стуры сыкъатæ. Цæхæр калдтой боны рухсмæ. Адæймаджы уырнгæ дæр нæ кодта, ахæм куыстытæ ма ныры санкциты рæстæг кæнæн ис, уый. Алцæмæн дæр хъæуы æрмæг, æмæ сыл цæмæй кусай, ахæм гæрзтæ. Фæлæ адæймагæн йæ туджы куы уа æрмдæсныйад, уæд æй «бæрз бызычъийæ» дæр скъахдзæн.
Саутæты Тамилæ, къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова














