Цалцæггæнæн куыстытæ – горæты уынгты

0
94

Дзæуджыхъæуы дарддæр æххæстгонд цæуынц фæндæгты цалцæг æмæ фæлгонцады куыстытæ. Зæгъæм, ацы бонты фæндагаразджытæ кæм кусынц, уыцы бынæттæй иу у Галковскийы уынг.

Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты администрацийы пресс-службæ.

Подрядон организацийы минæвæрттæ ныридæгæн зæронд асфальтæй асыгъдæг кодтой фæндаджы цалцæггæнинаг хай. Кæм хъуыд уыцы бынæттæ хуырæй алæгъз кодтой, фæндаджы былгæрæтты та равæрдтой ног бордюртæ. Уыцы-иу рæстæг архайд цæуы тротуартыл дæр. Хæстæгдæр бонты цалцæггæнджытæ фæндаг æмбæрзын райдайдзысты ног асфальтæй.

Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, бынаты кусынц 14 специалист æмæ сæрмагонд арæзтадон техникæйы 9 иуæджы. Архайд цæуы рагагъоммæ фидаргонд графикы бындурыл. Уыимæ, подрядон организацийы бæрнон кусджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй, кæд боны фæтк дарддæр дæр дзæбæх ахæсса, уæд
фæндаджы цалцæг цыбырдæр æмгъуыдтæм ахицæн уыдзæн.

Бынæттон цæрджыты ныхасмæ гæсгæ, фæс-таг 30 азæй фылдæр сæ уынг цалцæггонд нал уыд. Уыцы æууæл сын æвзарын кæны уæлдай æхсызгондæр æнкъарæнтæ, цалцæггæнджыты змæлдмæ кæсгæйæ. Аразджытæ дæр хорз цæстæй акастысты бынæттон цæрджытæм – сæ фæндæттæ æмæ фиппаинæгтæ сын хынцынц, хæдзæрттæм бацæуæнтæ аразгæйæ.

Галковскийы уынджы рацарæзт æххæстгонд цæуы мунициалон нысанмæ арæзт программæйы фæрцы.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here