Æнæнхъæлæджы уавæртæм – алкæддæр цæттæ

0
301

Ирон æмбисонд баззад – «Зынг зæгъынæй ком нæ судзы». Уый зæрдыл даргæйæ, се ’рвылбоны архайд аразынц Мæздæджы районы зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн службæйы кусджытæ. Уæлдайдæр ацы æнтæф æмæ хус рæстæг – радгæс къордтæ къæрцхъус сты алыхуызон æнæнхъæлæ-джы цаутæм…

Уæлдæфы температурæ 35-38 градусыл æрæнцад, къæвдатæн сæ кой дæр нал ис… Ахæм уавæрты мæздæггаг ирвæзынгæнджытæ сæ куыст аразынц æнæнхъæлæджы уавæртæм бæрзонд цæттæдзинады фæткыл.

«Сæрмагонд службæтæ адæмы зæрдыл иудадзыгдæр лæууын кæнынц, ахæм тæвд рæстæг зынгсирвæзтæй æдасдзинады домæнтæ уæлдай лæмбынæгдæр æххæстгæнинаг кæй сты, уый, – радзырдта нын Мæздæджы зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн 4-æм хайады хицау Сергей Осовин. – Фæлæ уæддæр нæ радгæс къордты суткæмæ 10-15 хатты бæрц бахъæуы алыхуызон зынгсирвæзтыты бынатмæ атагъд кæнын. Æмæ фылдæр хатт ахæм фыдбылызты аххосаг вæййы адæймагæн йæхи архайд. Зæгъæм, чидæртæ, сæ зæххы хæйттæ æмæ хæдзæртты алфамбылай бафснайгæйæ, хус кæрдæг æмæ бырæттыл арт бандзарынц. Фæлæ, æрдзы ахæм уавæрты зынджы стъæлфæнтæ дымгæ куыд ахæлиу кæндзæн, уый адæймаджы цæст нал ацахсдзæн… Æмæ уæд тасдзинад фæзыны хæдзæртты хицæутты исбонад æмæ æнæниздзинадæн (арæх – цардæн дæр), стæй æнæхъæн цæрæн бынæттæн дæр. Ахæм уавæрты та зынгхуыссынгæнджыты бахъæуы сæ сæрæндзинад æмæ дæсныдзинад равдисын».

Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг дæр уыдзæн тæвд боныхъæд. Уыцы æууæл хынцгæйæ, Сергей Осовин сиды бынæттон цæрджытæм, цæмæй къæрцхъус уой сæ алфамбылайы уавæрмæ, æнæкъуыхцыйæ æххæст кæной зынгсирвæзтæй æдасдзинады домæнтæ. Ирвæзынгæнджытæ та, сæ куысты фæтк куыд домы, афтæ цæттæ сты алыхуызон æнæнхъæлæджы уавæртæм. Уæвгæ, не ’ппæтæн дæр пайдайагдæр уыдзæн, сæ ахæм æххуыс куы никæй бахъæуа, уæд. Уый, æнæмæнг, зæрдылдаринаг у…

Дмитрий АСТАХОВ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here