РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн фембæлд уыд боксæй 13-14-аздзыд лæппуты ’хсæн Европæйаг ерысты уæлахиздзау Кæркуысты Арсæмæгимæ.
Зындгонд куыд у, афтæмæй не ’взонг чемпион цалдæр боны размæ сыздæхт Сербийæ. Уым боксæй цы ерыстæ уыд, уыдоны архайдтой 160 æрыгон боксеры 20 европæйаг бæстæйæ. Уыцы чемпионаты Уæрæсейы Иугонд командæйы минæвæрттæ рамбылдтой 9 сыгъзæрин майданы. Афтæмæй Уæрæсе рацыд фыццаг командон бынатмæ.
Ирыстоны минæвар – 13-аздзыд Кæркуысты Арсæмæг фæуæлахиз 57 килограммы онг уæзы. Ерысты кæронбæттæны нæ лæппу 5:0 хыгъдæй фæуæлахиз Азербайджаны минæварыл.
Сергей Меняйло ахæм стыр æнтыстдзинады тыххæй зæрдиаг арфæтæ ракодта Арсæмæгæн, стæй йæ тренертæ – Кæркуысты Павел æмæ Быценты Аланæн.
«Арсæмæгæн нæ зæрдæ зæгъы фидæны ноджы стырдæр спортивон æнтыстдзинæдтæ. Ныфс мæ ис, не ’взонг лæппуйыæнтыстдзинад бирæ æрыгæтты кæй бафтаудзæн æнæниз цардыуагыл, сразæнгард сæ кæндзæн спортивон секциты архайынмæ, размæвæрд нысантæм ныфсджынæй цæуынмæ», – загъта Цæгат Ирыстоны разамонæг.
Фембæлды архайдта РЦИ-Аланийы Боксы федерацийы сæрдар Дзгойты Константин дæр.
Калманты Аслан














