Цæгат Ирыстоны премьер-министр Дзанайты Барис Хицауады уæнгтæн цы æмбырд сарæзта, уым бæстон ныхас рауад, республикæйы Экономикон рæзты минист-рад æмæ йæ дæлбар цы структурæтæ кусы, уыдоны архайд фæбæлвырддæр æмæ фæхъомысджындæр кæныны фарстатыл.
Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой, ныртæккæ республикæ цы ахсджиаг инвестицион æмæ социалон проекттыл кусы, уыдон æххæст кæныны æмгъуыдтыл. Уымæй уæлдай, æргом здæхт æрцыд чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн æххуысы фарстатæм, егъау инвестицион компаниты æргом республикæмæ раздахынмæ, хицаудзинады федералон оргæнтимæ æнгомдæр æмархайдмæ.
Æппæт уыцы фарстаты фæдыл дзуаппон докладтæ скодтой экономикон рæзты министр Сокаты Марат, министрады хайæдты разамонджытæ æмæ инвестицион райрæзты структурæты минæвæрттæ.
Докладтæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй Экономикон рæзты министрадæн уæлдай ахсджиаг ахадындзинад ис хицаудзинады паддзахадон оргæнты системæйы. Ведомствæйы архайды сæйрагдæр нысан у регионы дарддæры ахадгæ æмæ æнæкъуыхцы райрæзтæн фадæттæ аразын.
— Экономикон рæзты министрадыл бирæ бæрнон хæстæ æвæрд ис Цæгат Ирыстоны дарддæры социалон-экономикон рæзты хъуыддаджы. Къухы цы бафтыд, уыдæттæ бæлвырдгонд сты. Дарддæр та бакусын хъæуы, тыхстаг фарстатæ кæм æвзæры, уыцы фæзилæнтыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, лыггæнинаг фарстатыл куысты вазыгджын у профилон федералон ведомствæтимæ æнгом æмархайд, – загъта республикæйы Хицауады Сæрдар.
Æмбырды кæронбæттæны фидаргонд æрцыдысты боны фæткы фарстаты фæдыл хицауадон амынд-дзинæдтæ.
Сланты Аслан














