Ацы мæй 190 азы сæххæст ирон хæстон интеллигенцийы фæлтæры минæвæрттæй иу, Уæрæсейы императоры æфсады инæлар-лейтенант Байаты Хуысинæйы фырт Михаилы райгуырæн боныл. Кадджын хæстоны цард æмæ архайд алывæрсыг уыд. Ирон адæмæй, фыццаджыдæр, ацы лæппу райста бæрзонд ахуырад. Каст фæцис Генералон штабы академи æмæ цæргæбонты, æфсæддон службæйæ уæлдай, кодта наукон куыст дæр истори, географи, этнографи æмæ топографийы зонынады.
Стыр цымыдисдзинад йæ уды рæзыд литературæ æмæ барадзонынадмæ. Ахæм бæрзонд ахуырадимæ Михаил йæхимæ раздæхта командæгæнынады æргом. Æрдзæй фидар зонды хицау, ныфсджын, арæхстджын лæппуйæн-иу цы бирæ алыхуызон хæслæвæрдтæ бабар кодтой, уыдон æххæст кодта бæрнонæй.
Байаты Георгийы фырт Михаил райгуырд 1835 азы «Крепость Владикавказ»-ы фыццаг æрцæрджытæй иу, Терчы зылды милицæйы барæг Байаты Хуысинæйы (Георги) хæдзары. Михаилы уды сконд æмæ хъомыладыл тынг сахадыдта йæ фыд Хуысинæ. Хъайтар нæлгоймаг ссæдзаздзыдæй райдыдта кусын гуырдзиаг экзарх Иуанемæ тæлмацгæнæгæй, стæй бацыд Терчы зылды милицæмæ барæгæй. Йæ хъæбатыр æмæ æхсардзинад таурæгъон уыдысты. Уыцы миниуджытæ æнæ бафиппайгæ нæ фесты милицæйы разамынд æмæ йæ дарддæр службæ кæнынмæ арвыстой Дзæуджыхъæуы комендант кънйаз Абхазовмæ. Хуысинæ цалдæр æвзаджы зыдта æмæ кънйаз уыцы бæрзонд хъæздыг миниуджытæ нымайгæйæ, Байы-фыртæн бахæс кодта, уыцы заман тæссаг æмæ вазыгджын хъуыддаг-миссионер Сио Русишвилиимæ Мæхъхъæлы хæххон районты чырыстон дин хæлиу кæнын. Экспедицийы уæнгтæ, чысыл ма бахъæуа, иууылдæр мард не ‘рцыдысты, афтæмæй сæ хæслæвæрд уæддæр сæххæст кодтой. Æнудæсæм æнусы цыппорæм азты ирон адæмæн зæххы гæппæлтæ нæ фаг кодта æмæ 1845 азы паддзахмæ делегатты къорд арвыстой. Се ‘хсæн уыд Байаты Хуысинæ дæр. Паддзах Никъала I йæ фыртимæ зæрдиагæй сæмбæлд ирон къордыл. Уыдон паддзахæн радзырдтой сæ цыды сæр æмæ курдиат. Сæ ныхас куы фæцис, уæд Хуысинæ æнæнхъæлæджы размæ рацыд, паддзахы фырты йæ хъæбысы систа æмæ йын иронау ныстуаны ныхæстæ загъта. Ныхасыхъæд Никъалайы зæрдæмæ фæцыд æмæ йын сæ ратæлмац кодтой. Хуысинæ чысыл лæппуйæн фæдзæхста йæ адæмы уарзын, йе знæгтæй тыхджындæр уæвын, зындзинæдтæй нæ тæрсын æмæ æнувыд æмгæрттæ ссарын. Паддзах хохаджы бафарста, йæхицæн хæрзамондæн цы равзарид, уымæй, æмæ йын Хуысинæ афтæ: «Выучить детей за казенный счет, ибо грамотный человек больше пользы принесет государству». Ирон лæджы бæллиц сæххæст. Хуысинæ дарддæр службæ кодта милицæйы æмæ йæ граждайнаг хæс æххæст кодта бæрнонæй.
Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, хуымæтæджы нæ баззад фыдæлтæй. Константиновы æфсæддон училищæйы фæстæ Михаил дарддæр ахуырмæ бацыд Николаеваг Генералон штабы академимæ. Бирæ азты дæргъы æнгом баст уыд Генералон штабы Департаментимæ, Терчы облæсты æфсæдты æмæ Кавказаг æфсады Сæйраг штабтимæ. Михаил дæр йæ фыды хуызæн зыдта æвзæгтæ, уыдис Цæгат Кавказы Финансты министрады уæлдай вазыгджындæр хæслæвæрдты чиновник, стæй Кавказы æфсæддон зылды топографийы службæйы хицау. XIX æнусы 50 азты Кавказы байгом Уырыссаг географион æхсæнады филиал, æмæ дзы сæрдарæй нысангонд уыд Байаты Михаил. Нæ бæстæйы æппæты зæронддæр æхсæнад хъуыстгонд уыдис стыр ахуыргонд-географтæ: Семенов-Тяньшанский, Миклухо-Маклай, Пржевальский, Козлов æмæ иннæты нæмттæй. Байаты Михаилы зонындзинæдты æмвæзад ахæм бæрзонд уыдис, æмæ-иу цы куыстмæ нæ бацыд, алы ран дæр æй нысан кодтой хицауы бынатмæ. Афтæ, Бессарабийы æфсæддон зылды экспедицийы сæргъы æрвыст æрцыд Уæрæсе, Перс æмæ Афганистаны ‘хсæн арæнтæ сфидар кæнынмæ. Æнцон хъуыддаг нæ уыд, фæлæ Михаилы дипломатон миниуджытæ æмæ зонды фæрцы кæцыфæнды фарста дæр æнæкъуылымпыйæ алыг кæнæн уыд. Уый тыххæй Баййаты Михаилы Уæрæсейы император Александр II Указмæ гæсгæ, 1872 азы схорзæхджын кодтой сыгъдæг Станиславы дыккаг æмæ æртыккаг къæпхæнты орденæй, стæй та сыгъдæг Аннæйы дыккаг къæпхæны орденæй.
Байаты лæппу курдиатджын уыд сфæлдыстадон куыстмæ дæр. Ныффыста цымыдисаг историон очерк «Тагаурское общество и экспедиция генерал-майора Абхазова в 1830 году». Йæ сфæлдыстадон бынтæ уæрæх æмæ мидисджын сты. «Леса осетинского округа», «Об установлении более тесной связи между военным и таможенным делом». Ацы иртасæн куыстытæ географийы ирон æмæ уырыссаг æхсæнæдтæн, куыд ахсджиаг æмæ вазыгджын разындысты, уымæн аргъ скæнæн дæр нæй.
Саутæты Тамилæ














