Уæллаг Фыййагдоны Культурæйы хæдзар, комы цæрджытæ йæ «клуб» хонынц, ног цалцæджы фæстæ куы байгом, уæд сæ цинæн кæрон нал уыд. Адæймаг йæ æрвылбоны хæдзары куыстытæй дарддæр йæхи цы хъуамæ фæкæна. Культурæйы хæдзары та ис хи аирхæфсæн æмæ адæмы ‘хсæнмæ рацæуынæн фадат дæр.
Йæ равзæрды историмæ куы æркæсæм, уæд амынд цæуы 1970 азы арæзтадон объектыл. Уæллаг Фыййагдон уæд шахтерты поселок уыдис, æмæ кусджытæн арæзт цыдысты æппæт уавæртæ дæр, куыд сæ куыстæн, афтæ сæ фæллад уадзынæн. Рацарæзт куы райдыдта, 90-æм азтæ куы ралæууыдысты, уæд Культурæйы хæдзар кусынæн нал бæззыд, йæ къултыл хъуына схæцыд, агъуыстытæ уыдысты уымæл æмæ уазал. Йæ равзæрдæй абонмæ дзы бындурон цалцæг никуы уыд, æмæ йæ рæстæгмæ сæхгæдтой. Ирон æмбисонд куыд зæгъы, «Фæскъæвда – хур ракæсы», зæгъгæ, та клубы цард фæстæмæ сног.
Национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæстгонд кæдæй цæуынц, уæдæй фæстæмæ бирæ хорз хъуыддæгтæ арæзт æрцыд. Уыцы æххæстгонд фарстатæй у Уæллаг Фыййагдоны клубы бындурон цалцæг дæр. Йæ сæргъы лæууы, зæрдæйæ йæ комы æхсæнадон цардыл чи сагъæс кæны, адæмы удæнцойдзинад вазыгджын у, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, ахæм патриот æмæ фæлтæрдджын ахуыргæнæг Багаты Лянæ.
– 1984 азы ам директорæй куыста Хуыдæлты Эльбрус. Уый диссаджы курдиатджын адæймаг уыд национ инструменттыл цæгъдынмæ, зарынмæ. Уæдæ, куыд разамонæг, афтæ дæр ын æмбал нæ уыд. Беслæны 2024 азы скъолайы йæ хъæбул Георимæ фесæфт, æмæ сын сæ рухс ном алы сентябры дæр ссарæм. Йæ куыст иттæг хорз зыдта, адæмимæ кусын дæр. Уæд дзы цалдæр ансамблы уыд, æмæ-иу фæсивæдæй бирæты сразæнгард кодта, цæмæй Культурæйы колледжы сахуыр кодтаиккой. Чи цæгъдгæ кодта, чи заргæ, чи та – кафгæ. Цыбырдзырдæй, клубы куыст уыдис йæ тæккæ цырены. Фæлæ 90-æм азты канд культурæйы хæдзæрттæ æмæ клубтæ нæ, фæлæ æппæт куыстуæтты цард дæр фехæлд. Æз куы æрбацыдтæн ардæм кусынмæ, уæд æй тынг æдзæллагæй æрбаййæфтон. Нæ дзы дзаума нал уыд, нæ инструмент – ницы. Нацпроекттæ æмæ паддзахадон программæты нысантæ нæм æххæст кæнын куы райдыдтой, уæд нæ Культурæйы хæдзар архайдта федералон программæйы, æмæ уый руаджы нæ къухы бафтыд бындурон цалцæг скæнын. Тынг зын цалцæггæнæн уыдис бæстыхай, æрмæст йæ сæр раивын, фыццаг уæладзыг æмæ йæ фасадыл хардзгонд æрцыд 15 милуан сомы. Уыдон се ’ппæт паддзахады хæрдзтæ нæ уыдысты. Мæскуы нын уæд æрмæстдæр 4,5 милуан сомы æрбарвыста. Уыдонæй æрмæст бæстыхайы царыл хардзгонд æрцыд 2,5 милуан сомы. Иннæтæй цы саразæн уыд? Дыккаг уæладзыгмæ та бынтондæр нæ уыд бавналæн. Не ‘ххæссыдыстæм. Уыцы рæстæг РЦИ-Аланийы арæзтады министр Икъаты Русланбег йæхи дзыппæй фыццаг уæладзыг сцалцæг кæнын хæс йæхимæ райста. Райдыдтам кусын, нæ хъæуы фæсивæдæй стыр бузныгæй баззадтæн, фæкастысты нæм коттеджты хицæуттæ дæр. Уыдон ма, клубмæ чи цæуы алыхуызон сфæлдыстадон къордтæм, уыцы сывæллæттæн ног азмæ лæвæрттæ дæр ракæнынц. Уый дæр раст у, цæмæй сывæллон разæнгард кæна æмæ йæхиуыл куса, уыцы фарстайæн. Сфæлдыстадон къордтæ та нæм ис: фæндыр, гитарæ, фортепиано, гуымсæг, драмкъорд. Æрмæст нæм нæ уыд хъæбысæйхæцæн зал. Уæвгæ уыдис, фæлæ культурæйæ фæхицæн æмæ хаст æрцыд поселочы хыгъдмæ. Архайдтой дзы дзюдойæ, хъæбысæй хæцынæн та дзы уавæртæ нæ уыд. Нæ комы лæппутæ катай кодтой. Уататы Тамик, Уæзæгты Албег æмæ иннæтæ архайдтой, цæмæй сывæллæттæн хъæбысхæсты зал арæзт æрцæуа, ууыл. Уæзæгты Мурат æмæ Легкойты Алан æрбакодтой мæн ардæм. Куыстон скъолайы ахуыргæнæгæй. Æмæ ацы фæсивæд куы нæ уыдаиккой, уæд æз ардæм не ‘рбацыдаин. Декабры райдыдтой ацы фарстайыл архайын æмæ кæд æнцонтæй сæ къухы нæ бафтыд, уæддæр зал байгом æмæ нæ комы фæсивæдæн фадат фæцис хъæбысхæсты архайынæн дæр. Мæ уды рæбынæй сулæфыдтæн, нæхи рæзгæ фæлтæр æмæ ма æрцæуæг адæм дæр куыд бирæ сты, ууыл ахъуыды кæнут, алчидæр дзы йæхирдыгонау йæхи дары. Чи знаггад кæны, кæцырдæм фæуыдзæн сывæллон, уый бæрæг нæй. Сæ ныййарджытæ бузныгæй баззадысты, къуыри æртæ хатты цæуынц сæ сывæллæттæ хъæбысæйхæцæн залмæ æмæ сæ уынджы рахау-бахаумæ нал æвдæлы. Уæзæгты Албег сæ разæй бацæуы æмæ æппæты фæстæ рацæуы. Албегæн кæддæр тренер чи уыд – Биазырты Савели, уый ныр горæтæй ардæм цæуы сывæллæттимæ кусынмæ. Савели та зындгонд адæймаг у спорты. Уæгъдибар хъæбысхæсты йæ чи нæ зоны, ахæм нæй. Профессионалон куыст цæуы сывæллæттимæ Биазырты Савели æмæ Уæзæгты Албеджы ‘рдыгæй. Чиныг кæсынмæ дæр сæ здахынц. Нæ библиотекæйы кусæг дис кодта, ацы сывæллæттæ, дам, цы кодтой. Æмбырдæй куы æрбагуылф кæнынц
чингуытæ исынмæ, уæд. Дыууæ тренеры дæр сывæллæтты бафæдзæхсынц, скъоламæ дæр сæм кæй цæудзысты æмæ кæй бæрæг кæндзысты, чингуытæ кæсынц æви нæ, уый. Спорты куы архайай, уæд хъуамæ сæр дæр куса, хъуыдытæ раст æмæ сыгъдæг уой. Уæдæ сæ кафыныл дæр амидин кæнынц. Ирон лæппу кафын дæр, хъуамæ зона, æнæмæнг, равзарæм сын сæрмагонд бон æмæ спортивон залы фæстæ кафынмæ цæуынц.
– Культурæйы хæдзары уавæртæ æмæ гæнæнтæ уæрæхæй-уæрæхдæр кæнынц, комы æппæт ныййарджыты дæр фæнды, цæмæй сæ сабитæ уырдæм къорды архайынмæ цæуой, фæлæ клубы директор куыд загъта, афтæмæй сывæллæтты исынц 7 азæй уæлæмæ. Уымæй кæстæртæн сæхицæн адæймæгтæ хъæуы. Албег цæмæн афтæ тыхст спортзалыл? Дæс сывæллоны уыдысты мад æмæ фыдæн æмæ бæллыд, цæмæй спорты размæ рацæуа. Ардыгæй горæтмæ тренировкæтæм, кæм талынджы, кæм уазæлтты фараст азы фæцыд. Уый йæ ныййарджытæй фæндаггаг никуы райста. Ахæм уæздан уыдысты æмæ сæхицæн тæригъæд кæнын дæр нæ уагътой, кургæ дæр никуы никæмæй ницы ракодтаиккой. Сæхæдæг зылдысты æмæ æмбырд кодтой, кæм зокъотæ, кæм æхсæртæ, æнгузтæ. Албег, кæм цы зайы, уыдон иууылдæр зоны. Раст хъомылад æмæ рæсугъд миниуджытыл хæст сты Уæзæгты бирæ бинонтæ, – загъта Багаты Лянæ.
Культурæйы хæдзары ног фæлынд æмæ уавæртæй адæймаджы зæрдæ рухс кæны, къултыл ауыгъд сывæллæттæ æмæ разамынды æнтыстдзинæдтæн æвдисæн бирæ Кады гæххæттытæ. Спектакльтæ чи æвæры, уыцы ахуыргæнæг Уаниаты Каринæ тынг разæнгардæй кусы йæ хæслæвæрдыл. Иу ахæмы Мæскуыйы лицей «Держава»-йæ æрцыдысты 70 сывæллоны, сæ сæргъы зындгонд музыкант Плис, афтæмæй. Се ‘рцыдмæ сын спектакль «Прощай, овраг» уырыссаг æвзагыл бацæттæ кодтой. Уазджыты дисæн кæрон нал уыд, афтæ цымыдисаг æмæ мидисджын рауад сывæллæтты архайд.
– Сахаты æрдæг спектакль цыдис æмæ сывæллон чырæг телефоныл куыд æнувыд у, уый алчидæр зоны. Иу дæр сæ йæ телефон хъуыды дæр не ’ркодта. Ацы спектакль аластам горæтмæ дæр, уым дæр Гран-при райста, федералон æркасты дæр фыццаг бынат райстам. Ис нæм курдиатджын сывæллæттæ æмæ семæ биноныг бæстон архайд цæуы, дарддæр дзырдта Багаты Лянæ.
Культурæйы хæдзары сывæллæттимæ кусынц: хореограф – Гæздæнты Каринæ, гуымсæгыл – Калоты Руслан, Джиоты Анжелæ æмæ Уалыты Регинæ та сывæллæтты ахуыр кæнынц музыкалон инструменттыл. Архайынц алыхуызон фестивальтæ æмæ конкурсты. Æнæ архайгæ дæр сын нæй. Алагиры районы разамынд ацы фарста фидар фæткыл сæвæрдта, æмæ йын æнæ æххæстгæнгæ нæй. Афæдзмæ сывæллæттæ цæуыл сахуыр сты, уый хъуамæ равдисой. Нæ республикæйы алы районты æвзæрст æрцæуынц хуыздæртæ æмæ уый фæстæ рахизынц Гала-концертмæ. Уæллаг Фыййагдоны Культурæйы хæдзармæ арæх цæуынц Цæгат Ирыстоны профессион зарæггæнджытæ, Ирон театры артисттæ сæ спектаклтимæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæрыстыр кæмæй стæм, дунейы адæмты цæстæнгас сæхимæ чи раздахы, уыцы ансамбль «Алан».
Саутæты Тамилæ,
къам систа Татьянæ Шеходанова














