Хъæугæ æмæ пайдайаг хъуыддаг

0
205

Ног ахуыры азы дæргъы Цæгат Ирыстоны скъолаты скусдзысты агрономы зонындзинæдты 25 къласы. Гъе, афтæмæй Ахуырад æмæ наукæйы министрад агропромышленнон комплексы фидæны специалистты фидар зонындзинæдтæн. Æвæры бындур нæ республикæйы Уыцы арфæйаг хъуыддаджы та йын ахадгæ æххуыс кæны Хæххон паддзахадон аграрон университет.

Уыцы кълæсты скъоладзаутæ ноджы цымыдисдæрæй зонгæ кæндзысты хими, биологи æмæ физикæйы æууæлтимæ, кæцытæ сæ  бахъæудзысты быдыртæ æмæ фермæты кусгæйæ, фæзындзæн сæм иуцасдæр фæлтæрддзинад дæр.

Ахæм аграрон кълас фæзынд Мæздæджы районы Черноярскаяйы станицæйы. Хъæуккаг фæсивæд хорз зонгæ сты зæххы куысты æууæлтимæ, бирæты бинонтæн дзы ис хи æххуысадон хæдзарæдтæ дæр. Бынæттон скъоладзаутæн афæдзы дæргъы агрономийы къласы ахуыртæ тынг феххуыс сты, хуыздæр базыдтой, талатæ раст куыд садзын хъæуы, картоф æмæ æндæр культурты мыггæгтимæ кусын. Æрвылкъуыри семæ хуымты куыста аграрон университеты ахуыргæнæг, фæлладуадзæн бонты та скъоладзаутæ сæхæдæг цыдысты Дзæуджыхъæумæ университеты лекцитæм байхъусынмæ.

Черноярскаяйы скъолайы директор Къибирты Людмилæйы хъуыдымæ гæсгæ, скъолаты агрономийы кълæстæ байгом кæнын у тынг хъæугæ æмæ пайдайаг хъуыддаг. «Уалдзæджы нын аграрон университет балæвар кодта гагадыргътæ æмæ дыргъ бæлæсты 35 талайы, уыдон скъоладзаутæ ныссагътой скъолайы раз ахуырадон фæзуаты, алы бæласæн дæр радтой йæхи номыр, бæстон сæм базылдысты. Нысан ма кæнæм скъолайы хъæрмуат дæр байгом кæнын», – загъта Людмилæ.

Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд бахæс кодта, афтæмæй райдыдтам ахсджиаг æмæ хъæугæ куыст – агропромышленнон комплексæн абон дæсны специалисттæ не скъолаты цæттæ кæнын. Уыцы хъуыддаджы стыр бынат бацахсдзысты скъолаты агрономийы кълæстæ.

Хæрзæрæджы Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ наукæйы министрад сарæзта æртæвæрсыг бадзырд скъола, ХПАУ æмæ инвесторты æмгуыстады тыххæй. Уый та амоны, уыцы куыст дарддæр дæр æнæкъуылымпыйæ кæй цæудзæн.

Датиты Ольгæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here