РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрад æмæ федералон хæрзаудæн фонд «Созвездие добра»-йы минæвæрттæ бафыстой æмгуыстады бадзырд.
Уый тыххæй «Рæстдзинад»-æн фехъусын кодтой ведомствæйы пресс-службæйы.
Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, фонды бындурæвæрджытæй иу – Виталий Мнацаканов ацы бонты кусæг былцы уыд Цæгат Ирыстоны. Фонды минæварæн фембæлдтытæ уыд Фæллой æмæ социалон рæзты министрады разамындимæ, æндæр республикон ведомствæты минæвæрттимæ. Уымæй уæлдай, республикæйы уазæг бабæрæг кодта социалон-реабилитацион центртæ «Хæххон уæлдæф» æмæ «Рæдау зæрдæ», рæзгæ фæлтæры хъомылады кусæндæттæ «Саби» æмæ «Хуры тын».
Уыцы фембæлдтыты фæсти-уæгæн Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри æмæ Виталий Мнацаканов бафыстой æмгуыстады бадзырд. Уыцы документы бындурыл куыст цæудзæн ахсджиаг иумæйаг социалон проекттыл.
Зæгъæм, министрады дæлбар кусæг сывæллæтты центрты сараздзысты спортивон фæзтæ, скалодром æмæ æндæр хиирхæфсæнтæ, сифтонг кæдзысты компьютерон кълæстæ.
Уымæй уæлдай, республикæ æмæ фонд фидæны бакусдзысты æндæр иумæйаг проекттыл дæр.
Федералон хæрзаудæн фонд «Созвездие добра» кусы сывæллæттæ æмæ фæсивæды спорты инфраструктурæйы райрæзтыл, æххуыс кæны, спортмæ æмхиц чи у, уыцы курдиатджын æна-хъомтæн, ауды сидзæр сывæллæттæ æмæ спорты ветерантыл… Фонды проекттæ æххæстгонд цæуынц 27 уæрæсейаг регионы. Ныр уыцы номхыгъды уыдзæн Цæгат Ирыстон дæр.
КАЛМАНТЫ Аслан














