Номарæн æмбырдтæ – Цхинвал æмæ республикæйы районты

0
134

Цхинвалы ацы бонты цы хъыггæнæн-кадгæнæн мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдонæй мысынц, 2008 азы августы (стæй уымæй размæ азты дæр) Хуссар Ирыстон хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыцы хъæбатырты рухс нæмттæ.

Дзыллон номарæн æмбырдтæ райдыдтой изæры 7 августы. Уыцы изæр Цхинвал æмæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ, бæстæйы уазджытæ æрбамбырд сты Хуссар Ирыстон хъахъхъæнджыты мемориалон комплексмæ.

Цæгат Ирыстонæй саударæн æмбырды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег æмæ регионы Парламенты депутаттæ. Уыдон дидинджытæ сæвæрдтой цыртдзæвæны раз, тæфæрфæс ракодтой æдзард хъæбатырты бинонтæн, æмзæрдæдзинады ныхæстæ загътой республикæйы цæрджытæн… Фембæлды архайджытæ ссыгътой мыдадзын цырæгътæ æмæ расидтысты æдзæмæй алæууыны номарæн минут…

Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланимæ, Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовимæ, хицаудзинады оргæнты минæвæрттимæ, Цхинвалы цæрджытæ æмæ иннæ уазджытимæ цæгатирыстойнаг делегацийы уæнгтæ архайдтой иннæ номарæн мадзæлтты дæр.

Номарæн æмбырдтæ сарæзтæуыд уæрæсейаг регионты дæр.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here