Уардитæ амонд хæссынц

0
144

Нæ алыварс, æвæдза, диссаджы адæм цæрынц, чидæр дзы цæхæрадæттæм зилы, чидæр – дидинджытыл æфтауы, рæсугъддзинад фылдæрæй фылдæр кæнынц. Хаситы Мзия та афтæ уарзы уардитæ, æмæ сæ хæдзарæй уæлдай социалон хызты дæр сæ къамтæ равæры.

Йæ царды уардитæ куыд фæзындысты, уый тыххæй райдайæн кълæсты ахуыргæнæг афтæ радзырдта: «Мæ уардиты цæхæрадоныл цæуы фондз азы, уарзгæ та сæ кæнын мæ сабибонтæй, раст цыма къаролы чызджытæ сты, ахæм цæстæй сæм кæсын. Иу афон социалон хызты фæкомкоммæ дæн уардиты тыххæй æрмæгмæ, базыдтон ногдзинæдтæ. Бафæндыд мæ уардиты куыст кæнын. Æндæр дидинджытæ дæр уарзын, фæлæ  уардитæн мæ зæрдæйы уæлдай бынат ис.

Мæ фыццаг уарди «Фламментанц» кæддæр мæ мадæн балæвар кодтон, ныр дæр нæ хъæуы дидинæг калы. Ныртæккæ мæм ис цыппарсæдæ къутæры, уардиты хуызтæ дæр уый бæрц. Мæ зæрдæмæ куы фæцæуа, уæд дзы уайтагъд  дыууæ-æртæ райсын. Сæйрагдæр хъуамæ низтæн уа быхсон, йæ хуыз æмæ йе скондæй – зæрдæмæдзæугæ. Горæты зæххы хæйттæ чысыл сты, æмæ мæ уардиты иу хай хъæумæ аластон.

Æппæт уардитæ дæр мын уарзон сты, нæ сæ хицæн кæнын. Сæ иутæн сæ тæф дзæбæх у, иннæтæн – сæ бакаст, æртыккæгтæн – сæ рæсугъддзинад. Ма сæ уарзон – уымæн гæнæн нæй. Махæн нæ климæт дзæбæх у, фæлæ сæм уæддæр зилын хъæуы. Уардитæн февзарын сæ фидар хуызтæ, ома хостæй сæ нæ фæпырх кæнын. Кæд азмæ иу хатт, уæд хорз. Уардитæ нæм хорз зайынц.

Сæ иутæ цалдæр хатты дæр ракалынц, сæрд-сæрды дæргъы æмхуызонæй дидинæг фæкалынц. Дзæгъæлы сæ нæ ралыг кæндзынæн, цæхæрадоны сæм кæсын уарзын. Фæлæ сын сæ талатæ зонгæтæн, хиуæттæн раттын, фæзæгъын сын,  мæ ном сыл-иу сæвæрут, зæгъгæ. Уадз æмæ алкæмæ дæр ацы рæсугъддзинад уа.

Бинонтæ мæ цуры вæййынц, æнæ уыдоны æххуысæй хъуыддаг нæ бантыстаид. Уардитæм зилын хъæуы, мæ фырттæ арæх хъазæн ныхас фæзæгъынц, ома уардитæ æлхæнын ныууадзын хъæуы. Фæлæ мын сæ иу 8 мартъимæ 60 уардийы балхæдта – уымæй ма лæвар дæр уа! Мæ ахуырдзаутæ дæр мын мæ архайд зонынц, талатæ сын арæх балæвар кæнын. Нæхимæ дæр сæ æрбахонын, уадз æмæ феной уардиты цæхæрадон. Уыдæттæ сабитæн æхсызгон вæййынц.

Социалон хызты равæрын уардиты къамтæ, хъуамæ сын адæм зоной сæ рæсугъддзинад. Уайтагъд ссарын мæн хуызæн хъуыдыгæнджыты. Хызты руаджы базонгæ дæн уардиты куыстгæнджытимæ, кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнæм. Сæ цæхæрадæттæ фенынмæ дæр ацæуын. Иухатт ссардтон Цхинвалы уардиты цæхæрадон, ацыдтæн æмæ базонгæ дæн йæ хицауимæ.

Мæ бон у ахæм амынддзинад раттын: уардиты хуызтæ иртасут, куыд садзгæ сты, уыдæттæ базонут. Мæхæдæг дæр-иу раздæр рæдыдтытæ ‘руагътон, фæлæ тæрсын нæ хъæуы. Æппæт хъуыддæгтæ та нæ алкæмæн дæр æхцондзинад æрхæсдзысты. Алы аз дæр мæхицæн фæзæгъын, æгъгъæд скæн, фæлæ та мæхи нæ бауромын… Æрæджы та бафæдзæхстон уардиты 20 къутæры.

Хаситы Мзия æрмæст сывæллæтты нæ ахуыр кæны, уый ма хистæрты дæр æфтауы рæсугъд
хъуыддагыл. Йæ цæхæрадон уымæн æвдисæн – фæллой йын йæ зæххы хайæ рауайын кодта дидинæгкалгæ цæхæрадон…

Хъабанты Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here