Уый та дын йæ дзуапп Турчы цæрæг ирон лæгæн… Уазæгуаты уыдис цалдæр мæйы размæ ам Æрчъегкаты Демыр. Æрбынат кодта йе ‘рвадæлтæм Дзæуджыхъæуы. Демыры тынг фæндыд ацæ-уын æмæ фенын, йæ рагфыдæлтæ кæм цардысты, уыцы хæхбæс-тæ. Акодтам æй, абалц кодтам хæдтулгæйы Хохы Дæргъæвсмæ.
Цæвиттон, уырдыгæй алыгъдысты 1864 азы. Уыцы рæстæг ирæттæ Туркмæ, горæт Измирмæ цыдысты фыццаг – Сау Денджызы сæрты ахизгæйæ, галуæрдæтты къуыригæйттæ-мæйгæйттæ, чи зоны, фылдæр рæстæг дæр баззадысты-иу фæндæгты, тыхтухитимæ æмæ æххормæгтæй… Сывæллæттæй, стæй хистæртæй бирæ мæлгæ дæр акодта…
– Нæ цард, нæ хъысмæт диссаг у, æвæдза. Чингуыты фыссинаг æмæ киноты æвдисинаг. Ныртæккæ горæт Измиры цæры 4 мин иронæй фылдæр, æгасæй та дзы ис 4 милуанæй фылдæр цæрæджы, стыр горæт у. Куы ‘рбахъарм вæййы, уæд цæрджыты нымæцыл бафты 3 милуанæй фылдæр, уыйбæрц туристтæ нæм æрбацæуы. Уый уымæн, æмæ цæрæм 4 денджызы астæу: Эгей, Сау денджыз, Мраморон денджыз æмæ Измиры донкæлæн… Османы паддзахад нын ратта Хъарсы цур зæххытæ цыппар хъæуæн, Муссы дæр – фондз хъæуæн, Иоузгаты, Сиваты дæр. Ирæттæ цыдысты Сочийæ Трабзонмæ Сау денджызы сæрты. Мурат-доны кæрæтты уыдис нæ цæрæнбынат. Нæ зæххытæ хорз уыдысты, фос дардтам, дон нæм дзæбæх цыд.
Горæт Арзруммæ ‘ввахс дыууæ хъæуы Æрчъегкатæ цардысты. Ныр дæр ма дзы ис ирон хъæу Хъарачоба, иронау – «Сау фыййау», баззад ма дзы дыууæ хæдзары, Мусы дæр ма ис æртæ хæдзары махæй, æз уым райгуырдтæн. Ирæттæ сæ зæххытыл куыстой, байтыдтой-иу мæнæу, нартхор, хъæдур, стæй ма – неси æмæ харбыз дæр. Мах адæм бæх бирæ уарзынц, æмæ йæ нæ ифтыгътам. Бæх нæм буц уыди, табуйаг, хъазтмæ-иу бæхыл цыдыстæм.. Чындз дæр-иу йæхæдæг бадти бæхыл, кæд нæ уæндыди, уæд та-иу æй фургоныл ластой. Алы хæдзары дæр уыд ацы цæрæгой. Хъæутæ кæрæдзимæ хæстæг уыдысты. Ныртæккæ рæстæг аивта, æмæ чындзы рахæссынц хæдтулгæйыл, фæлæ уæддæр бирæ нæлгоймæгтæ кадджынæй бæхыл бацæуынц чындзæхсæвмæ.
Иууылдæр нæ, ардыгæй чи ацыд, уыцы адыгейæгтæ, абазæгтæ, кæсæгтæ, цæцæйнæгтæ æмæ абхазæгты «черкестæ» хонынц. Ис нæм алы мыггæгтæ: Æлбегатæ, Буратæ, Æрчъегкатæ, Гугкатæ, Бедойтæ, Борæтæ, Чеджемтæ, Абырæгатæ, Ацæтæ, Богъатæ, Уæлладжыртæ, Бахъаратæ. Туркæгтæй бирæтæ-иу дзырдтой, кад, æгъдау æмæ сыгъдæгдзинадыл ирæттыл сахуыр стæм, зæгъгæ. Турчы сæм ирон адæймаг тынг кадджын у. Хонынц нæ æргом, æнæхин æмæ рæстуд адæм. Махмæ арфæтæ фæкæнынц, сымахмæ та – кувгæ.
Рагацау-иу фехъусын кодтой чындзы хæдзарæн æмæ-иу бæхты дугъы ауагътой. Барджытæй-иу чи фæуæлахиз, уымæн æгъдау кодтой. Чызг куы фæдæттынц, уæд мады фæфæрсынц, исты зæгъыс дæ чызгæн, зæгъгæ, æмæ уæд мад бафæдзæхсы: «Ды нæ чызг дæ, фæлæ нырæй фæстæмæ та уым ис дæ хæдзар. Уым сты дæ мад æмæ дæ фыд, исты хæрам сын куы ракæнай, сæ зæрдæ сын куы асæттай, уæд мæ зæрдæ асæтдзæн. Хистæртæн кад кæн, ныхас мæм ма ‘рхæсс». Раздæр-иу чызг æмæ лæппу сæ чындзæхсæвы иумæ нæ уыдысты, лæппу хъуамæ уыдаид къухылхæцæджы хæдзары. Фæлæ ныр та рæстæг æндæр у, чызг æмæ лæппу иумæ фæбадынц. Хистæртæ иронау фæдзурынц, стæй хицæнæй фæбадынц, кæстæртæ дæр – хицæнæй. Хистæрмæ адджын дон раттынц, науæд та йæм раттынц дыргътыдон, æмæ сын арфæ ракæны: «Фарны къах авæрут!» Чи ракувы, уый иу кафт ракæны, стæй уæд æртæ гæрахы акæны чъегъре наганæй (чъырагъойæ), æмæ чындзы, фæндыр цæгъдгæйæ, ракæнынц.
Мах, ирон адæм, нæ кады, нæ рады, нæ бадты, не ‘гъдауы, нæ нуæзты, нæ ирондзинады ницы фесæфтам, куыд уыдис нæ фыдæлтæм, афтæ сæ кæнæм. Иуæй-иу хатт æндæр адæймаг æрбацæуы, зæндтæ фæамоны, афтæ хуыздæр уыдзæн, афтæ саразут, зæгъгæ… Фæлæ мах сæрыстыр, кадджын, æгъдаухæссæг адæм стæм, нæ ирон æгъдау æххæст кодтам æмæ кæндзыстæм дарддæр дæр!
Бæргæ, бирæ ирæтты фæнды сæ фыдæлты зæхх фенынмæ, чи зоны, – æрцæрынмæ дæр… Фæлæ, куыд фæзæгъынц: «Карк æххормаг куы вæййы, уæд йæ фыны нартхоры нæмыг фæуыны…» Цард фæндонæй нæу! – дзырдта нын, Дæргъæвсмæ цæугæйæ, Æрчъегкаты Демыр.
Бызыккаты Земфирæ














