Ирыстоны спортсментæ ерыстæй уæлахизтимæ куы сыздæхынц, уæд сын нæ республикæйы цæрджытæ зæрдиагæй бацин кæнынц се ‘нтыстдзинæдтыл. Кæд зын рæстæджы цæрæм, уæддæр æхсæнады ис бынат спорты рæзтæн, йæ рæзты фыццаг рахæцæн та у спортсменты архайд алыхуызон ерысты. Уым бахсиды сæ фæлтæрддзинад, схизынц иу бæрзондæй иннæмæ. Ацы нысаныл, сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, æнæрынцойæ кусынц спортивон æхсæнад «Тыллæг» æмæ каратэ-до-йы республикон ассоциацийы тренертæ Михаил Маловичко, Датиты Аслæнбег, Хъыргъыты Спартак æмæ Азиаты Хасан.
Сæ бæрны цы фæсивæд ис, уыдон майы Черкесскы Æппæтуæрæсеон турнирæй хæрзиуджытимæ ссыдысты, уый фæстæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой Эльбрусы дæлвæзы (Приэльбрусье) сбортæм. Ам дæс боны дæргъы – 31 июлæй 9 августмæ денджызы æмвæзадæй 2050 метры уæлдæр алæмæтон бынаты – Терсколы хъæуы командæ – тренертимæ æдæппæтæй 15 адæймаджы, 10 азæй 19 онг кæуыл цæуы, уыцы спортсментæ бон æртæ хатты каратэ-до-йы тохы тактикæ æмæ стратеги арфдæр базоныныл архайдта. Техникон семинар ацы спорты сусæгдзинæдтæ йæ архайджытæн – 60 спортсменæн Уæрæсейы регионтæй амыдтой Иранæй уазджытæ – сæ арф зонындзинæдтæ æмæ методикæтæй хъуыстгонд тыхджын специалисттæ Шахаб Солтани æмæ Роза Жалилпур Хакики.
Михаил Маловичкойы нæ редакцимæ æрбахуыдтам, æмæ нын радзырдта сæ балц æмæ дарддæр пълæнтты тыххæй: – Ирайнаг уазджытæн стыр бузныг зæгъæм сæ бæрзонд профессионализмы тыххæй, нæ хъомылгæнинæгтæн нын цы зонын-
дзинæдтæ раттой, уыдонæн аргъ скæнын зын у. Нæ чызджытæ æмæ лæппуты техникон æмæ физикон цæттæдзинадæй дæр Шахаб Солтани æмæ Роза Жалилпур Хакики разыйæ баззадысты, тренировкæты-иу сæ иннæ спортсментæн разминкæтæ аразынмæ снысан кодтой. Ирайнаг специалисттæ семинары кæй архайдтой, уый ма нысан кæны, спорт адæмты ‘хсæн хæлардзинад дæр кæй фидардæр кæны.
Уыцы дæс боны нын тынг стыр ахъаз фесты нæ куысты. Кæд тренировкæтæ бон æртæ хатты цыдысты, уæддæр-иу хи аирхæфсынмæ дæр рæстæг ссардтам. Афтæ, нæ командæ Азауы æрдузмæ канатон фæндагыл ссыд, уымæй Эльбрусмæ та нæ схæццæ кодта сæрмагонд техникæ. Чызджытæ æмæ лæппуты цин-дзинадæн ма кæрон кæм уыд! Зæххæй 4100 метры уæлдæр хъазыдысты миты къуыбæрттæй, федтой, ацы æрдхæрæны хохæй цы чысыл суадæттæ цæуы, уыдон бындæр стыр цæугæдæттæ куыд фестынц. Æрдзы рæсугъддзинæдтæ банкъардтой æмæ сыл цин кодтой.
Фæнды ма мæ нæ тренерты штабы номæй арфæ ракæнын не ‘ххуысгæнджытæн. Республикæйы Спорты министрадмæ, æвæццæгæн, æхцайы фæрæзтæ нæй, æмæ алы балцы дæр нæ фарсмæ æнгом æрбалæууынц ныййарджытæ. Алчидæр нæм дзы фæкæсы, кæмæн куыд йæ бон у, афтæ. Уæлдай раппæлинаг сты Темырты Виктор æмæ Хъарджиаты Æхсарбег. Виктор æнæзивæгæй бацархайы спонсортæ ссарыныл. Ацы хатт дæр Датиты Аслæнбегимæ æххуысагур бацыдысты Акционерон æхсæнад «Томирис»-ы хицау Баймæтаты Олегмæ. Йæ цæрæнбон бирæ, сдзурын дæр сæ не суагъта, афтæмæй нын ратта нуазыны дон, цас нæ хъуыд, уыйас. Тынг стыр æххуыс у уый. Сборты рæстæг, дæс боны, нæ хъомылгæнинæгтæ нæхи ирыстойнаг дон нуæзтой, цы фысымуаты уыдыстæм, уым 0,5 литруат доны авджы аргъ уыдис зынаргъ – 100 сомы.
Хъарджиаты Æхсарбег та у бирæсывæллонджын фыд, йæ дыууæ чызджы, Вероникæ æмæ Мария, нæ хъомылгæнинæгтæ сты, æмæ нæ искæдæм ерыстæм цæуын куы бахъæуы, уæд йæ транспортон фæрæзимæ цæттæ у фæндагмæ. Хъарджиаты сывæллæттæ авдæй дæр архайынц спорты алы хуызты.
Сбортæ куы фесты, уæд 10 августы Терсколы хъæумæ регионты ‘хсæн каратэйæ традицион турнир «Эльбрусы кубок»-мæ æрæмбырд сты спортсментæ Бетъырбухæй, Краснодар æмæ Стъараполы крайтæй, Калугæ æмæ Новгороды облæсттæй, кæй зæгъын æй хъæуы, архайдтой дзы фысымтæ æмæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ – мах хъомылгæнинæгтæ дæр.
Нæхицæй цæмæй раппæлæм, уый нæм ис – Хъарджиаты Вероникæ æмæ Темырты Константин сæхи уæзты бацахстой фыццаг бынæттæ, дыккаг бынæттæ – Софья Суходолова, Хъалæгаты Эрикæ æмæ Будайты Георги; æртыккаг бынæттæ – Къораты Юри, Толасты Тамир, Хъарджиаты Мария, Аринæ Опарина æмæ Темырты Хетæг. Алы ахæм турнир дæр лæппутæ æмæ чызджытæн хорз фæлтæрддзинад у, разæнгард сæ кæны дарддæры рæзтмæ. Сæ хъарутæ кæм бафæлварой, ахæм гæнæнтæ сын уыдзæн фæззæджы – архайдзысты, Бетъырбух, Орел æмæ Тольяттийы фæззæджы чи ацæудзæн, уыцы турнирты – се ‘ппæт дæр хаст сты Уæрæсейы Федерацийы Спорты министрады иугонд къæлиндарон пъланмæ. Декабры райдайæны нæ хъомылгæнинæгтимæ ацæудзыстæм Новгородмæ Уæрæсейы чемпионатмæ, уым февралы Европæйы ерыстæм балцæгтæ рамбулыныл цæудзæн карз тох, æмæ дзы хъуамæ æнæмæнг фæхайджын уæм, – балхынцъ кодта йæ ныхас Михаил.
Тренер æрмæст спорты сусæгдзинæдтæ нæ амоны рæзгæ фæлтæрæн. Михаил æмæ йæ цæдисон æмбæлттæ Аслæмбег, Спартак æмæ Хасан сты хъомылгæнджытæ дæр – уый банкъардтой сæ фысымтæ дæр сборты рæс-тæг – мах фæсивæд иннæ архайджытæй бæрæгдæр дардтой сæ уæздандзинад æмæ æгъдауæй, кæрæдзийыл æнувыддзинадæй.
Фæззæг нын тагъд нæ дуар æрбахойдзæн, каратэйæ «рынчын» фæсивæд æмæ тренертæ сæ размæ цы стыр нысантæ æвæрынц, уыдон, æнæмæнг, сæ къухы бафтдзысты. Сæ уæлахизтæм сын æнхъæлмæ кæсæм!
ГАПБАТЫ Алетæ














