Хъæлæскæнынад – дæрддзæгмæ фæткыл

0
187

Цæгат Ирыстоны фондз районы ацы аз 13 æмæ 14 сентябры ацæудзысты æвзæрстытæ. Куыд ис схъæлæс кæнæн æмæ цавæр ивддзинæдтæ хаст æрцыд æвзарæн къамисы куыстмæ? Æппæт уыцы фарстытæн, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ фембæлгæйæ, дзуапп радта РЦИ-Аланийы Æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ.

– Схъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ цæттæгæнæн мадзæлтты фæлгæты абон мах сæрмагондæй дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн сарæзтам семинар. Философы загъдау, фыццаг уыд  «дзырд». Уыцы «дзырд» хъуысы газеттæй, радио æмæ телеуынынадæй. Уымæ гæсгæ, мах пайда кæнæм æппæт информаци хæссæг мадзæлттæй дæр, цæмæй æвзарджытæ бæлвырддæр базонгæ уой хъæлæскæнынадимæ баст æгъдæуттæ æмæ ивддзинæдтимæ. Æвзарджытæ кандидаттимæ иумæ сты æвзæрстыты сæйрагдæр архайджытæ, æмæ сæм бæлвырд информаци хæццæ кæнын у нæ куысты сæйрагдæр хъуыддæгтæй иу, – загъта Моргуаты Жаннæ. – Адæм хъуамæ зоной, рæстæг, цавæр кампанитæ æмæ цавæр хуызы ис схъæлæс кæнæн ацы аз. Æппæт уыцы хъуыддæгтæй аразгæ у æвзарджыты зæрдиаг архайд. Ацы æвзæрстытæ цымыдисаг сты уымæй, æмæ дзы фыццаг хатт уыдзæн дæрддзæгмæ электронон уагæй схъæлæс кæныны фадат. Махæн æхсызгон у, газетты, уыимæ, районты газетты дæр, мыхуыргонд æрцыдысты территорион æвзарæн къамисы æрмæджытæ. 16 августы райдайдзæн агитацион рæстæг республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты. Нæ зæрдæ дарæм, алы кандидат дæр, уыдон сты 27 адæймаджы, сæхи сæрмагонд программæтæ кæй бацæттæ кодтой æмæ æвзарджыты семæ кæй базонгæ кæндзысты, ууыл.

13-14 сентябры Цæгат Ирыстоны ацæудзысты 8 æвзарæн кампанийы, æдæппæтæй дзы архайдзысты 12 æвзарæн къамисы нæ республикæйы фондз районы. Схъæлæс кæнæн уыдзæн традицион хуызы – гæххæттын бюллетень хъæлæсгæнæн участочы, хæдзары схъæлæс кæнын æмæ ногдзинад – дæрддзæгмæ электронон хъæлæскæнынад. Уый у æвзарæджы сæрибардзинады нысан – рæстæг, бынат æмæ схъæлæс кæныны бон.

Ныртæккæ нæ республикæ архайы пилотон проект «Волонтеры на участке»-йы. Проект фыццаг хатт царды уагъд цæуы Уæрæсейы Федерацийы Центрон æвзарæн къамис æмæ Нымæцон райрæзты министрады хъæппæрисæй. Волонтертæ æххуыс сты, зæгъæм, карджын кæнæ  æнæфæразгæ адæймаджы бахæццæ кæнын, бирæсывæллонджынæн йæ сывæллæттæм фæкæсын, цæмæй сæ бон схъæлæс кæнын уа æмæ афтæ дарддæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ,

къам систа Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here