Ирыстон-Курск: æфсымæр æфсымæрæй ныфсджын у

0
149

Сыхаджы, тыхст адæймаджы фарсмæ балæууын, зæрдиаг æххуыс ын бакæнын, йæ зын ын фæрогдæр кæнын – уыцы арфæйаг миниуджытæ Ирыстоны цæрджытæн алкæддæр табуйаг уыдысты. Уый зæрдыл даргæйæ, ацы бонты та нæ республикæйы минæвæрттæ хæрзаудæн-гуманитарон балцимæ сты Курскы облæсты.

Æппæтуæрæсеон Адæмон фронты «Фæсивæдон змæлд»-ы цæгатирыстойнаг хайады уæнгтæ дыууæ къуырийы бæрц кусдзысты Курскы облæсты гуманитарон скълæдты, хæрзаудæн æххуыс кæндзысты хæстæфхæрд районты цæрджытæн. Ирыстойнаг къордæн разамынд дæтты Адæмон фронты «Фæсивæдон змæлд»-ы регионалон координатор Акъоты Батрадз.

Адæмон фронты регионалон штабы куыд ра-дзырдтой, афтæмæй ирыстойнаг бархионты балц Курскы облæстмæ фыццаг нæу. Нæ фæсивæд фарон дæр уыдысты облæсты, архайдтой гуманитарон проектты. Æмæ кæд ныр Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхтæ облæст знагæй асыгъдæг кодтой, уæддæр Адæмон фронты «Фæсивæдон змæлд»-ы минæвæрттæ сæхицæн хæсыл нымайынц Курскы облæсты цæрджытæн дарддæр дæр æххуыс кæнын.

Адæмон фронты «Фæсивæдон змæлд»-ы цæгат-ирыстойнаг хайады уæнгтæ зындгонд сты æндæр арфæйаг хъуыддæгтæй дæр. Зæгъæм, иу æмæ дыууæ хатты нæ аластой гуманитарон уæзæгтæ Уæрæсейы ног регионтæм. Ацы азы райдайæны та архайдтой, Анапæмæ ’ввахс мазутимæ танкертæ Сау денджызы куы фæдæлдон сты, уый аххосæй сæвзæрæг æнæнхъæлæджы уавæры фæстиуджытæ иуварс кæныны куыстыты…

Æмæ ма иу хабар. Адæмон фронты «Фæсивæдон змæлд»-ы регионалон хайады бархионтæ Курскы облæстæй куы сыздæхой, уæд та фæсивæды иннæ къорд ахæм гуманитарон балцимæ цæуынвæнд кæны Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Запорожьейы облæстмæ.

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here