Æппæтуæрæсеон форум «Машук»-æй сыхъуыст æхсызгон хабар – Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенткæ Хатъаты Дианæ ссис гранттæ райсыны фæдыл конкурсы уæлахиздзау. Йæ цымыдисаг проект «Нартиадæ»-йы музей «Нæртон» саразынæн райста 900 мин сомы.
Йæ командæйы уæнгтимæ Дианæ хъуамæ байгом кæна интерактивон музей Дзæуджыхъæуы. Уым нырыккон технологитæ æмæ цымыдисаг экскурситы бындурыл зонгæ кæндзысты сабиты æмæ хистæр кары сывæллæтты Нарты кадджытимæ. Незамантæй нырмæ Ирыстоны цы таурæгътæ æмæ хабæрттæ зындгонд сты, уыдон рæзгæ фæлтæр бæстондæр базондзысты, хуыздæр сæм бахъардзæн аив æмæ тыхджын мадæлон æвзаджы ахадындзинад æмæ фарн.
Дианæ рагæй кæны уыцы арфæйаг куыст, йæхæдæг у Уæрæсейы студентты цæдисы разæнгардæй архайæг, нæ республикæйы фæсивæдон парламенты уæнг. Йе ’мбæлттимæ раздæр дæр куыста культурæйы рæзты проекттыл, уагъта комикстæ ирон æвзагыл, сæ сæйраг хъайтартæ уыдысты Нарты кадджыты персонажтæ.
Хорз, хъæугæ нысантæ йæ размæ чи ’рæвæры æмæ сæ царды рауадзыныл æппæт хъарутæй дæр чи фæархайы, уымæ – абон уа кæнæ райсом, æнтыст æрцæуы. Афтæ рауад ныр дæр Дианæйы хъуыддаг. Æмæ йын мах дæр уый тыххæй зæрдиаг арфæтæ кæнæм!
«Ир-Информ»














