Мæ уарзон сыхбæстæ

0
323

Райсомæй хуры фыццаг тынтимæ адæймаг йæ сыхаджы фены. Кæрæдзийæн зæрдиаг æгасцæуай куы зæгъой, уæд уый дæр амонд у.  «Мах хуызæн хорз сыхæгтæ никæмæн ис», – афтæ зæгъдзæнис  Хъæдгæроны Хуытъинаты Цыппуйы уынджы цæрджытæй алчидæр. Бирæ азты размæ ацы сыхбæстæм куы æрбацыдтæн, уæд дзы цы æгъдауджын,  фæрнджын хистæртæ æрбаййæфтон, уыдонæй алчидæр уаид хицæн ныхасы аккаг. Куыд лымæнæй цардысты, æнæзивæгæй, бахъуаджы рæстæг  кодтой хæрзад чъиритæ, фыхтой диссаджы бæгæны. Мах дæр-иу сæ фарсмæ архайдтам.

Æнусты сæрты нæм нæ рагфыдæлтæй æрбацыд сыхбæстæ иугæнæг бæрæгбон – Рæстæйы куывд. Нæхи йæм фæцæттæ кæнæм. Гыццыл чызджытæй райдай, æмæ алы кары сылгоймæгтæ, бæрæгбоны фынджы уæлхъус сæмбæлæм, хъæлдзæгæй
рæстæг арвитæм.

Не ‘хсæн нал сты нæ буц хистæртæ – Бериты Таня, Елуаты Любæ, Дзугаты Зинæ, Демыраты Зинæ æмæ иннæтæ. Цы хорз æгъдæуттæ æмæ  фарн ныууагътой, уыдон дарддæр сæрыстырæй хæссынц абоны фæлтæртæ. Раздæрау хæларæй цæрынц, кæрæдзийы фарсмæ балæууынц. Уый фæзминаг хъуыддаг у. Нæ сыхбæсты амонд фæцис чындзытæй дæр. Раппæлыны аккаг сты Томайты Мæдинæ, Бутаты Мæдинæ, Хуытъинаты Эльвирæ, Викæ æмæ Неля, Ботъоты Зæлинæ, Садыхъоты Ритæ, Дауыраты Индирæ æмæ Фиалетæ, Беджызты Лаурæ æмæ иннæтæ. Нæ æнгом сыхбæстæн дохтыры лæггад кæны Хъуылаты-Дауыраты Ритæ, районы поликлиникæйы кардиолог, не ппæтæн дæр у стыр ныфс.

«Алкæмæн дæр йæ амонд конд у» фæзæгъынц. Нæ сыхы фæсивæдæй дæр чидæртæ цæрынц Ирыстонæй дард ран. Уыдонæй иу, Созæты Бертæ, цæры æмæ кусы Бетъырбухы. Бирæ уарзы йæ райгуырæн Хъæдгæрон æмæ æрвылаз æхсызгонæй сæмбæлы йæ сыхбæстыл. Бертæ æнæрхъуыдыйæ никæй ныууадзы. Уæлдай буц скæны сыхы сывæллæтты. Сæ кармæ гæсгæ фæхайджын вæййынц  лæвæрттæй. Амбырд та сæ кодта æрæджы, фых нартхæрттæ сын айуæрста. Ирон æвзагыл дзурын куыд хорз у, уый сын дзырдта. «Бузныг, Бертæ!» – алырдыгæй хъуыст сывæллæтты хъæр.

Уæдæ йæ фатер ирыстойнæгтæн у чысыл фысымуаты хуызæн. Ахæм уазæгуарзаг, хæларзæрдæ уыд йæ мад Абойты Нинæ дæр.

Хорз сыхаг уæвын тынг æнцон у. Мидбылхудгæ, цæстуарзонæй дзурут кæрæдзимæ, иумæ адджын цай цымут, хъæлдзæг бæрæгбæттæ æххæст кæнут, – афтæмæй зындзинæдтæ айрох  уыдзысты, цард рæсугъддæр, æнæмæтдæр уыдзæн.

Бутаты  Лизæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here