Хиды рацарæзт

0
209

Дзæуджыхъæуы зæронддæр хидтæй иуыл (Чкаловы æмæ Мамсыры-фырты уынгтæ кæм баиу вæййынц) сæрды фæстаг мæй райдыдтой æмæ сæ тыхы бацыдысты рацаразæн куыстытæ. Йæ бацæуæн æмæ рахизæны фæндæгтæ зынгæ фæуæрæхдæр сты, куы срæвдз уа, уæд ыл дыууæрдæм йæ æртæ тæлмыл хæдтулгæтæ æвæлмæстæй згъордзысты. Нæ уацхæссæг уыд арæзтады бынаты æмæ йæхи цæстæй федта, куыстытæ куыд хъазуатонæй цæуынц, уый.

Регионалон бюджетæй хиды рацарæзтыл рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ хардзгонд æрцæудзæн сæдæ иу милуан сомы. Куыстытæ æххæст кæнынц «Ирæфтрансарæзтад» хидаразджытæ. Участокы хицау Дзæукаты Таймураз ныр 43 азы фæллой кæны ацы къабазы. Йæ хæстæм бæрнон цæстæй кæй кæсы, уый бæрæг уыд уымæй дæр, æмæ, цалынмæ арæзтадон объекты уыдыстæм, уæдмæ цалдæр хатты æхызт хиды иу кæронæй иннæмæ, кусджытæн хæслæвæрд дæтгæйæ, куыд æй æххæст кæнынц, уый лæмбынæг æвзаргæйæ.

Арæзтад цалдæр хайæ цæуы. Йæ райдиан – Хъесаты Колкайы уынгæй хиды бацæуæнмæ, дыккаг – хид йæхæдæг, æртыккаг – хидæй Зортовы уынгмæ. Сæйрагдæр та уый у, æмæ Мамсыраты Хадзымураты уынгæй Хъесаты Колкайы уынгмæ фæндаг æрцыд уæрæхдæргонд. Хиды цалцæг хъуамæ раздæр райдыдтаид, къуылымпыдзинæдтæ баст уыдысты зæххы фарстаимæ. Цæвиттон, фæндаг уæрæхдæргонд хъуамæ æрцыдаид, цы хæдзæрттæ дзы уыд, уыдон фехалгæйæ. Уый та æнцон хъуыддаг нæ уыд. Æрмæст æндæраз бантыст сæ балхæнын æмæ цæрджытæн фатертæ раттын. Уый фæстæ фадат фæцис куыстытæ æххæст кæнынмæ бавналынмæ.

– Хиды бын конструкцитæм базилын хъæуы, донæй сæ хъахъхъæныны фæрæзтæ нал бæззынц, æмæ дзы къæвдайы сæхатæ ахъарынц, хиды бын райдайы тæдзын. Афтæмæй йæ аххæрæг æмæ ортотропон къæйтæ хæлд цæуынц. Фыццаджыдæр уал хидæн йæ бын бындуронæй сцалцæг кæндзыстæм, алыхуызон фæрæзтæй йæм базилдзыстæм, цæмæй йæм къæвдайы дон мауал хæццæ кæна, – хъуыддаг нын бамбарын кодта Таймураз.

Ныридæгæн уал сын бантыст зæронд асфальты цъар сисын. Къæвдайы донæй иппæрдгæнæн куыстытæ хиды бын куы фæуой конд, уæд æй ногæй асфальтæй бамбæрздзысты. Алцыдæр нысан кæнынц фыццæгæм декабрмæ фæуын, мæйы фæстаг бонтæм та заказгæнджытæ æмæ арæзтадон цæстдарды минæвæрттæ ‘ркæсдзысты ног рацарæзт хиды куыстыты хæрзхъæддзинадмæ, зæгъдзысты сæ фиппаинæгтæ, æрмæст уæд райдайдзысты хидæй пайда кæнын. Рацарæзты объекты баййæфтам республикæйы Транспорт æмæ фæндæгты арæзтады фæдыл комитеты минæвары, хиды рацарæзтмæ уыдон дæр лæмбынæг кæсынц. Ныридæгæн уал æппæт куыстытæ дæр цæуынц афоныл. Ахсджиаг та уый у, æмæ Хъесаты Колкайы уынджы ‘рдыгæй æрбацæуæн фæндаг зынгæ кæй фæуæрæхдæр. Фæндаггон фыдбылызтæ дзы арæх цыд раздæр, нарæг кæй уыд, уый аххосæй. Фæндаггон фæткмæ гæсгæ, хидыл хæдтулгæтæ уромой, уый нæ фæтчы, сæ цыд хъуамæ уа иугæндзон, науæд хæлд цæуынц фæндæгтыл æдасæй цæуыны домæнтæ. Хидæн йæ иу фарсыл, фыццагау, хæдтулгæтæ дыууæрдæм згъорынц фæйнæ тæлмыл. Нæ зæрдæ дардзыстæм, ног азы къæсæрыл уыцы гæнæнтæ æртывæр кæй уыдзысты.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here