Майрæмы куадзæн

0
240

Ирон адæм мингай азты кувынц Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцаумæ. Нæ дины Иунæг Цытджын Хуыцаумæ кувыны фæтк Библийы динæй раздæр ныффидар. Нæ фыдæлтæ, æвæццæгæн, чырыстон æмæ пысылмон динтæм дæр уæлæнгай цæстæй уымæн акастысты — нæ сæ райстой, сæхион сæм растдæр фæкаст. Уыдон сын цы амыдтой, уый сæхимæ рагæй уыд. Уымæй дæр арфдæр æмæ мидисджындæрæй. Уый хыгъд сыл, Хуыцаумæ нывыл кувын цы адæмтæ нæ зыдтой, уыдон фæхæлоф кодтой.

Алы дин дæр йæ кæнонтæ кæны, æмæ йæ тыхæй искæмæн хъарын у адæмы йæм сных кæнын. Дин, стæй æгъдау дæр йæ адæймагдзинады æууæлтæй хъуамæ сæхæдæг сæхимæ æркæсын кæной адæмы æмæ афтæмæй сæхи бауарзын кæной. Адæм искæй дин æмæ æгъдау дæр райсынц, сæхионæй сæм хуыздæр куы фæкæса, уæд. Дыууæ мин азы дæргъы ирон адæмæн хъарынц чырыстон дин, æмæ йæ абон дæр ма нæ райстой, стæмтæй фæстæмæ. Уый хыгъд не ‘гъдæуттыл, нæхи диныл, нæ цардыуагыл кæмдæрты фæзынд. Растдæр зæгъгæйæ, æмхуызондзинæдтæ дзы ис. Уымæн æмæ цыфæнды дин дæр афтид бынаты нæ равзæры. Зæгъæм, Куадзæн кæд чырыстон дингæнджытæ Чырыстийы райгасимæ бабастой, уæддæр Куадзæн Чырыстийы размæ дæр уыд: дзуттæгтæ æмæ ирæттæм дæр. Чырыстийы размæ дæр ирон адæм ком дардтой æмæ-иу сæ ком суагътой.

Иннæмæй та нын нæ кувæн бынæттæ, бæрæгбæттæ чырыстон дин парахатгæнджытæ дыууæ мин азы дæргъы сæ динимæ афтæ тынг бабастой, æмæ сæ хатт кæрæдзийæ фæхицæн кæнын нал фæзонæм. Уыцы уавæр уæлдай тынгдæр фæзынд Зæрдæвæрæн æмæ Майрæмы куадзæныл. Сæ дыууæ дæр ирон адæммæ сты мæрдты бонтæ, Чырыстон дины та — хъæлдзæг бæрæгбæттæ, Чырысти æмæ йæ мад Мария уæларвмæ цы бонты ацыдысты, уыдон. Уыцы цæстæй йæм кæсынц, ирæттæй чырыстон дин чи райста, уыдон дæр. У сын хъæлдзæг бæрæгбон. Зæрдæвæрæн махмæ, стæм хаттæй фæстæмæ, вæййы майы фæстаг цыппæрæмы, чырыстæттæм та — Чырыстийы райгасæй 40 боны фæстæ, Майрæмы куадзæн махмæ вæййы августы фæстаг майрæмбоны, чырыстæттæм та — алы аз дæр 28 августы. Æмæ æрцæуы хуыцаубонмæ дæр. Хуыцаубон та мæрдты бон ницы хуызы у!

Ацы дыууæ бæрæгбоны ирон адæммæ афтæ ахсджиаг сты, æмæ майы мæй хонæм Зæрдæвæрæны мæй, август та — Майрæмы мæй. Уый дзуры ууыл, æмæ сæ, æвæццæгæн, ирон адæм бæрæг кодтой чырыстон дины размæ дæр.

Майрæмы куадзæн ирон адæммæ уæлдай тынгдæр бæрæг кæнынц ног мæрдджын бинонтæ, йæ бонмæ азы дæргъы, зиан кæуыл æрцыд, уыдон. Æмæ йæ сæйраг нысан у, Зæрдæвæрæнæй фæстæмæ, цыдæриддæр дыргъ, гагадыргъ, халсар фæзынд, уыдон мардæн ныххæлар кæнын. Уæдмæ дзы-иу ногмæрдджынтæ сæ дзыхы дæр никуы акодтой, стæй-иу дыууæ къуырийы та ком дардтой. Æмæ-иу Майрæмы куадзæны сæ ком суагътой. Куадзæн — комуадзæн дæр æй уымæн хонынц.

Уымæй уæлдай, Майрæмы куадзæны фынгыл ныххæлар кæнынмæ æрæвæрынц дыгай уæливыхтæ: хæбизджынтæ, цæхæраджынтæ, къабускаджынтæ, хъæдурджынтæ, дыргъ æмæ халсаримæ баст æндæр уæливыхтæ. Йæ фадат кæмæн амоны, уый аргæвды далыс, иннæтæ сфыцынц æмæ æрæвæрынц фыдызгъæл къуыдырфыхæй. Фынгыл вæййы адджинæгтæ æмæ алыхуызон нозтытæ. Мардæн сæ ныххæлар кæнынц сых æмæ мыггаджы хистæртæй дыууæ кæнæ цыппар лæджы. Уый фæстæ сæ фынгтыл равæрынц:  нæлгоймæгтæ  æмæ   сылгоймæгтæн хицæнтæй.

Майрæмы куадзæны фынджыдзагæй уæлмæрдмæ нæ хæссынц. Уый размæ йæм базилынц, бафснайынц æй. Зæрдæвæрæны фæдтæ йыл куыд нæ зыной, афтæ. Марды кæндты иу æгъдауæй иннæмæ марды уæлмæрд хъуамæ цæуа сыгъдæггонд, цæмæй быроны бын ма кæна. Уый тыххæй алы уæлмæрды дæр фæсвæд ран ис бырондон.

Майрæмы куадзæны архайджытæ сабатизæртау фылдæр вæййынц сылгоймæгтæ. Хуымæтæджы нæ баззад ахæм ныхас: «Майрæмы куадзæны — сылгоймаг кувæг». Зианы хъуыддæгты кувгæ нæ, фæдзæхсгæ æмæ рухсагтæ фæкæнынц, фæлæ ацы бон ныййарджытæ, æвæццæгæн, сæ цотыл аудæг Мады зæд, Мады-Майрæмæй фæкурынц хорздзинад мардæн æмæ сæхицæн дæр.

Зæронд мæрдтæн та фынджыдзаг скæнынц Майрæмы куадзæны хæдфæстæ сабаты — дыккаг бон.

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here