Æфсæддон æмæ интернационалон хæсыл – æнувыд

0
121

Инæлар-майор Абайты Майрæмы райгуырдыл сæххæст 90 азы

Æфсæддон службæ йæ дæсныйадæн чи равзары, уыцы адæймагæн йæ цард æххæстæй дæр нывонд вæййы Фыдыбæстæ, Райгуырæн бæстæйы æдасдзинад æмæ сабырдзинадæн. Ахæм хъысмæт йæхицæн равзæрста инæлар-майор Абайты Георгийы фырт Майрæм дæр.

Нæ чысыл уацхъуыды хъайтар райгуырд 1935 азы 30 августы Дзæуджыхъæуы, æфсæддон службæгæнæджы бинонты. Куы рахъомыл, уæд сфæнд кодта йæ фыды фæндагыл ацæуын – равзæрста афицеры дæсныйад. Æмæ къæпхæнгай цыд йæ нысанмæ.

Афтæ, астæуккаг скъола фæуыны фæстæ, ахуырмæ бацыд Тбилисы æфсæддон училищæмæ, каст æй фæци 1957 азы. Æрыгон афицерæн йæ службæйы фыццаг бынат уыд Германы Советон æфсæдты къорды. Уым æй снысан кодтой æфсæддон хæйттæй иуы мотоæхсæг взводы командирæй.

1964 азы Абайы-фырт йæ службæ адарддæр кодта Прибалтийаг æфсæддон зылды, куыста алы бæрнон бынæтты. Майрæм алкæцы ран дæр йæхи æвдыста хъæппæрисджын, домаг æмæ арæхстджын афицерæй. Зылды командыгæнынад æнæбафиппайгæ нæ уыдысты Абайы-фырты уыцы ахсджиаг миниуджытæ, æмæ афицеры ахуырмæ арвыстой М. В. Фрунзейы номыл Æфсæддон академимæ.

Академи æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд не ’мзæххон æрвыст æрцыд Киевы æфсæддон зылдмæ, йæ службæ адарддæр кодта алы бæрнон командон-штабон бынæтты: уыд мотоæхсæг полчъы командиры хæдивæг, фæстæдæр æй снысан кодтой танкон гвардион дивизийы полчъы командирæй.

1973 азы Абайы-фырт нысангонд æрцыд дивизийы штабы хицауæй. Уымæй иуцасдæр фæстæ та йæ ахуырмæ арвыстой ССР Цæдисы Гæрзифтонг тыхты Генералон штабы академимæ. Уыцы ахуыргæнæндон каст куы фæци, уæд æй снысан кодтой Сыбираг æфсæддон зылды мотоæхсæг дивизитæй иуы командирæй, фæстæдæр та ссис æф-
сады штабы хицауы фыццаг хæдивæг.

Йе ’нтыстджын службæйы тыххæй Абайы-фыртæн 1977 азы лæвæрд æрцыд инæлар-майоры цин (уæд ыл цыд 42 азы).

1979 азæй 1987 азы онг Абайты Майрæм æххæст кодта ахсджиаг хицауадон хæслæвæрдтæ Германы Демократон Республикæ æмæ Демократон Респуб-
ликæ Афганистаны – уыд æфсæддон уынаффæгæнæг.  Уыцы рæстæгмæ йæм фæзынд æфсæддон-техникон æмæ сæрмагонд цæттæдзинады стыр фæлтæрддзинад, йæ зонындзинæдтæ æмæ дæсныдзинад бирæ хъуыддæгтыл сахадыдтой рæстмæ…

Кæмфæнды ма службæ кæна, цавæрфæнды бынаты лæуд ма уа, Абайты инæлар алкæддæр æвдыста иттæг бæрзонд профессион цæттæдзинад, Райгуырæн бæстæйыл иузæрдиондзинад, æфсæддон хæсыл æнувыддзинад. Чи йæ зыдта, уыдон-иу ын цæвиттонæн æрхастой æрмæст æфсæддон службæмæ йæ бæрнон ахаст нæ, фæлæ йæ удыхъæды фæзминагдæр миниуджытæ дæр.

1988 азы, йе ’нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ, инæлары раивтой запасмæ.

Фæлæ уæддæр Абайы-фырт нæ фæиппæрд сыгъдæгзæрдæ куыс-
тæй, йæ хъарутæ куыд амыдтой, афтæ архайдта æхсæнадæн пайда хæссыныл. Йæ царды фæстаг бонты онг уыд куысты лæуд – Цæгат Ирыстоны АССР-йы Министрты Советы хъуыддæгтæ аразæг управленийы дыккаг хайады хицау, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Президент æмæ Хицауады Администрацийы бæрнон кусæг. Йæ царды хъæздыг фæлтæрддзинад æмæ арф зонындзинæдтæй хайджын кодта,
куыст æмæ æхсæнадон царды фарстаты фæдыл йемæ чи æмбæлд, уыцы адæмы.

Запасы инæлар-майор Абайты Майрæм йæ цардæй ахицæн 1995 азы январы. Разагъды æфсæддон æмæ æхсæнадон архайæгæн йе ’нусон бынат ссис Дзæуджыхъæуы Намысы мемориал…

 

Дмитрий АСТАХОВ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here