Уæрæсейы Федерацийы регионалон рæзты Хицауады барадон къамисы штабы æмбырды хорзыл банымадтой Цæгат Ирыстонæн къазнайы инфраструктурон кредит райсыны курдиат. Штабы æмбырд амыдта Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллин.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй къазнайы инфраструктурон кредиты фæрæзтæ хардзгонд æрцæудзысты нæ регионы рæзты ма-
дзæлттыл:
– Фæрæзтæ фæахъаз уыдзысты республикæйы коммуналон къабазы рацарæзт æмæ цæрæнуæтты арæзтады рæзтæн. Уый та 12 мин цæрæгæн хæрзхъæд коммуналон лæггæдтæ дæттынæн, хæлддзаг хæдзæрттæй адæмы ног хæдзæрттæм раивынæн, граждæнты хицæн къордтæн, уыдонимæ – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн цæрæнуæттæ раттынæн фадат ратдзæн, – бахахх кодта Сергей Меняйло.
Республикæ цы инфраструктурон кредит куры инженерон инфраструктурæйы мадзæлттæ саразынæн, уый аргъ у 1,5 миллиард сомы. Цæгат Ирыстоны курдиат ист æрцыд.
– Дарддæр кæсæм æмæ уынаффæ хæссæм, къазнайы инфраструктурон кредитты фæрæзтæ цы проекттыл хардзгонд цæуынц, уыдонмæ. Регионалон рæзты барадон къамисы президиум хорзыл банымадта 20 регионы 53 проекты. Царды рауадзынмæ сын хъæуы 27,6 миллиард сомы бæрц. Ныртæккæ къазнайы инфраструктурон кредитты лимиты бындурыл, абоны проекттæ нымайгæйæ, 57 регионы курдиæттæ хорзыл банымадтам æмæ сæ райстам, сæ иумæйаг аргъ у 146,75 миллиард сомы. Субъектты сæргълæуджытæн сæрмагондæй фæдзæхсын – иудадзыг уæ цæст лæмбынæг дарут æппæт бадзырдтæм æмæ, пъланы цы куыстытæ ис, уыдон куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Æппæт проекттæ дæр сæдæгай мин граждæнтæн ахсджиаг сты, сæ руаджы коммуналон лæггæдты хъæд дзæвгар фæхуыздæр уыдзæн, – фæбæрæг кодта Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллин.
ГАПБАТЫ Алетæ














