Хæстонтæ æмæ сæ бинонтæн – бирæвæрсыг æххуыс

0
162

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд йæ исæн уатмæ  æрбацæуæг сæрмагонд операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонты уæнгтимæ. Регионы разамонæг æмæ Цæгат Ирыстоны Хицауады администрацийы Сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Бясты Игорь сын лæмбынæг æркастысты сæ фарстатæм.

Феххуыс кæндзысты, сæрмагонд операцийы æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы хæстоны бинонтæн йе ссарынимæ. Исæн уатмæ чи ‘рбацыд, уыдонæн ма бамбарын кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн федералон æмæ республикон бирæвæрсыг æххуысы мадзæлттæ.

Фембæлдмæ æрбацыд, афæдз æмæ æрдæг украинаг уацары чи фæци, ахæм æфсæддон. Цæгат Ирыстоны разамынд æмæ сæрмагондæй Сергей Меняйлойы архайды руаджы йæ бахастой ивыны хыгъдмæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг зæрдиаг арфæ ракодта Сергей Меняйлойæн, уацарæй уæгъдгонд кæй æрцыд, уый фæдыл.

Фембæлдмæ æрбацæуджытимæ ныхас кæнгæйæ, регионы разамонæг бафиппайдта, хæстонтæ æмæ сæ бинонтæн алывæрсыг æххуыс раттын республикæйы социалон политикæйы сæйраг хъуыддаг кæй у. Цы курдиæттæ æрбацыд, уыдон сæххæст кæныны тыххæй бæлвырд фæдзæхстытæ лæвæрд æрцыд.

 

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here