Æмгуыстадыл баныхас кодтой

0
80

Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы фембæлдысты горæты Фæсивæды политикæ, физикон культурæ æмæ спорты комитеты минæвæрттæ æмæ Уæрæсейаг Сырх Дзуары цæгатирыстойнаг хайады сæрдар Æлборты  Давид.

Рæгъмæ рахастæуыд æмгуыстады фарстатæ, тагъд сæ зæрды ис иумæйаг акцитæ, горæты скъолаты, колледжты практикумтæ скæнын. Уыдоны руаджы хъуамæ ахуырдзау фæсивæд базоной æвæстиат медицинон æххуыс бакæнын. Горæты Фæсивæдон политикæйы комитеты сæрдар Айларты Зауыр куыд радзырдта, афтæмæй баныхас кодтой иумæйаг курсытæ, мастер-класстæ аразыныл.

«Кæй бафæнда, уыдонæн сæ бон лæвар уыдзæн царды аирвæзын кæныны мадзæлттыл сахуыр кæнын. Зæгъæм, зæрдæйы æмæ улæфæнтæ хъыгдард куы баййафынц, цæфтæ æмæ тугсæфтыты рæстæг цавæр дзæбæхгæнæн ма-
дзæлттæ ис саразæн, уыдоныл. Сæ руаджы цард аирвæзын кæнæн ис», – афтæ нымайы Айлары-фырт.

 

Дзæуджыхъæуы
бынæттон
хиуынаффæйады
администрацийы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here