Æмæ та ралæууыд фæззæг, æмæ та Ирыстон судзаг цæссыгтæ калы

0
120

Сæдæгай, мингай адæмты иу кæны Беслæны хъысмæт. Зонындзинæдты бæстæмæ сидæг хъæлдзæг дзæнгæрæг Беслæны 1-æм скъолайы бирæ ахуырдзаутæн ссис фæстаг, фæдисы дзæнгæрæг.

Уымæй размæ чи никуыма æрцыд, истори кæй нæма зыдта, ахæм æвирхъау фыдбылызы бахаудысты 1127 адæймаджы, 334 дзы фæмард сты, уыдонæй 186 уыдысты сывæллæттæ. 800 адæймагæй фылдæр фесты алыхуызон уæззау цæфтæ. Хъизæмайраг æртæ боны.

Уыцы сау бонæй рацыд 21 азы… 21 боны хуызæн кæсынц Бетрозты Эммæмæ. Йæ цардæмбал æмæ йæ дыууæ хъæбулы фæмард сты теракты. «Алан бахызт дæсæм къласмæ, Аслан та æвдæмкъласон уыдис. Мæхæдæг уыцы бон Налцыкмæ ацыдтæн. Лæппуты фыд мидæмæ цæуынмæ нæ хъавыд, æддейы сæм æнхъæлмæ каст. Гæрæхтæ куы айхъуыста, уæд мидæмæ атындзыдта. Спортзалмæ сæ куы бакодтой, уæд алкæй дæр сабыр кодта. Бæрзонд лæг уыдис, хъаруджын, æмæ йæ фыццæгтимæ амардтой. Æртæ боны фæстæ зиан куы бавæрдтам, уæд мæ лæппуты агурын райдыдтам, рынчындæтты, моргты.

Аланы уайтагъд базыдтон, уыцы арæзтæй, йæ урс хæдоны нын æй раттой. Дыккаг зиан дæр та бавæрдтам. Ныфс нæ уыдис, уæдæ кæд Аслан аирвæзт. Фæлæ бынтон сыгъд та уый бацис, йе ‘нгуылдзтæй йæ базыдтон», – дзуры рыстзæрдæ ныййарæг.

Уыцы рæстæг нæ цуры æрлæууыд сылгоймаг. Куыд базыдтон, афтæмæй – Асланы фыццаг ахуыргæнæг Гæцойты Анжелæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Аслан уыд æмгарджын, хæларзæрдæ лæппу. Анжелæ йæхæдæг амынæты уыдис. Алцыдæр федта йæхи цæстæй. Абон та йæ рыстытæ сног сты. Бетрозты кæстæр Аслан æмæ йæ хуыздæр æрдхорд Тыджыты Сослан нæ фæхицæн уыдаиккой, фæлæ дыууæйæ дæр фыдызнаджы къухæй фесæфтысты. Æнæтæригъæд сабитæм цæмæн систой хæцæнгарз? Нæ уыд æмæ ныр дæр нæй дзуапп… Сыгъд къултæй кæсынц сæ къамтæй, не ‘ппæтæн дæр хиуæтты хуызæн систы.

Мæскуыйаг нывгæнæг Михаил Чернов фондз азмæ сныв кодта, Беслæны теракты чи фæмард, уыдоны сурæттæ:

– Мæ зæрдæмæ тынг хæстæг айстон ацы фыдбылыз. Алкæмæн дæр дзы ис йæхи истори, йæхи хъысмæт. Бирæтæн та зонгæ дæн сæ хиуæттимæ. Фæнды мæ, цæмæй сæ нæмттæ рох ма уой. Не ’ппæты хæс дæр у ууыл бакусын, цæмæй дуне макуы ферох кæна чысыл ирыстойнаг горæт Беслæны æвирхъау бæллæх…

Ныр 21-æм хатт Ирыстоны райдыдтой саударæн мысæн бонтæ. Скъолайы кæртмæ райсомæй райдыдтой цæуын адæм. Хастой дидинджытæ, хъазæнтæ, дон, сыгътой мыдадзын цырæгътæ. Хъуыстысты æнкъард музыкæйы зæлтæ.

Адæмы цыдæн кæрон нæ уыд. Уыдонимæ – нæ республикæйы разамынд, æхсæнадон æмæ политикон организациты минæвæртты, бæрнон кусджытæ, ахуырдзаутæ, æфсæддонтæ, республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ. Дины кусджытæ саргъуыдтой, ссардтой, æнафоны йе ’нусон дунемæ чи ацыд, уыдоны нæмттæ.

Знон Беслæны 1-æм скъолайы бындурыл байгом кодтой терроризмы ныхмæ культуронпатриотон центр, «Беслан. Школа № 1»-ы экспозицийы фыццаг хай. Йæ къæсæрæй бахизгæйæ, адæймаг йæ цæссыг нæ бауромы. Мæнæ кæйдæр чысыл къаба, ам та – гыццыл къухтæй конд нывæфтыдтæ, тетрæдтæ, бирæ æндæр, алы бинонтæн дæр зынаргъ чи у, фæлæ музейон комплексмæ кæй раттой, ахæм дзаумæттæ.

Ифтонг у нырыккондæр интерактивон фæрæзтæй, алы кълас дæр – хицæн радзырды аккаг. Уæрæх экрантыл æвдисынц уыцы бонты тыххæй документалон нывтæ.

Центры кусæг, октябрыхъæуккаг лæппу Бететы Батрадз 2004 азы йæхæдæг скъоладзау уыдис.

– Хъуыды кæнын, хистæртæ телевизорты цурæй нæ цыдысты, кæугæйæ хъуыстой хабæрттæм. Уый у æнæхъæн Ирыстоны рыст. Историон факультет каст фæдæн, ардæм мæм фæсидтысты, æмæ архайдзынæн  адæмæн, уазджытæн Беслæны æцæгдзинад раргом кæныныл. Раст куы зæгъон, уæд æнцон нæу, хъуамæ дæ уды ауадзай уыйбæрц адæмы дудгæ бонтæ, сæ зындзинæдтæ. Ныййарджытимæ, хиуæттимæ ныхасгæнгæйæ, лæгмæ диссаг ницыуал фæкæсы. Ацы уат уыдис уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы кълас, ам фыццаг бон террористтæ фехстой 18 нæлгоймаджы æмæ сæ ацы рудзгуытæй æддæмæ æппæрстой, – кабинеты рудзгуытæм амонгæйæ, дзуры Батрадз.

Культурон-патриотон центр бабæрæг кодтой республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Уæрæсейы Федерацийы Советы сенатор Мамсыраты Таймураз æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Журналисттимæ фембæлды рæстæг РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг загъта:

– Уæрæсейы Президенты уынаффæйæ арæзт æрцыд ацы музейон комплекс. Æвдыст дзы цæудзæн, нæ бæстæйы цы террористон фыдракæндтæ æрцыд, цы зындзинæдтæ бавзæрстой æнаххос адæм, уыдон. Арфæ кæнын Уæрæсейы музейон æхсæнадæн сæ иузæрдион архайды тыххæй, бузныг «Беслæны мадæлты» комитетæн. Маст æмæ тугæйдзаг экспонаттæй алкæмæн дæр ис йæхи истори. Алывæрсыг æмæ лæмбынæг хъæуы кусын, цæмæй мацы æмæ мачи уа рохуаты.

Цасфæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр фæлтæртæ фысдзысты ног уацмыстæ, кæндзысты кады зарджытæ, гуыргæ чи ракодта, фæлæ, цæрын кæмæн нæ бантыст, уыцы æнаххос чысыл сабитыл.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here