Фæцис мæ Ир фыдазарæй фыдвæззæг,
Бындурзылд æмæ царæфтыд фæцис.
Хъæрзы цæфтæй мæ зæрдæйау нæ уæзæг,
Йæ удæй ма йын чи сласдзæн æрхъис?
Джыгкайты Шамил
Фæллойгæнæг зæхкусæг фæззæджы æнхъæлмæ фæкæсы йæ куысты бæркæдтæм. Ирыстоны адæмæн 2004-æм азы сентябры фыццаг бонтæ нæртон бæркады бæсты фыдæх æмæ дудгæ, судзгæ маст æрхастой. Беслæны 1-æм скъолайы ахуырдзаутæн зонындзинæдтæм хонæн дзæнгæрæджы бæсты сæ сæртыл туджы зæйтæ ранхъæвзт. Иры адæм сæ хъæбулты цин æмæ хъæлдзæг худтæй царæфтыд фесты. Иу æмæ ссæдз азы размæ Ирыстоныл æрцыд, хуымæтæг ныхæстæй дзурæн кæмæн нæй, ахæм æвирхъау фыдох. Цыфыддæр знаджы, дыкъахыг лæгсырдты, сæ ном зæгъынмæ дæр æлгъаг кæмæн у, уыцы тугмондаг руймонты азарæй сæдæгæйттæй бабын сты нæ хуыздæртæ. Æлгъыст, цъаммар, æнæуынон знаг бахъавыди нæ фидæн, нæ сомбоны ныфсытæм, хурты хуртæм. Ирыстоны ахæм бинонтæ нæ баззадис, æвирхъау фыдох кæй кулдуар нæ бахоста. Нæ буц хистæртæй бирæтæ зæрдæскъуыд фесты æвзонг удты тæригъæдæй, развæлгъау се ’нусон бынæттæм ацыдысты.
Иу адæймаджы фæхъуыд дæр цас маст æрхæссы, зæрдæ сæнкъуысын кæны, уæд цалдæргай æвзонг, арвайдæнау цæхæркалгæ, бонвæрнонау æрттивгæ, сывæллонау æнæтæригъæд бинойнæгтæ кæмæй фæхъуыд, уыцы рыст, мастæлгъæд адæмæн та цы ныфсытæ авæрæм, цæмæй сын фæрог кæнæм сæ зæрдæты æнæкæрон хъыг…
Нæй уыцы æртæ бонæн ферохгæнæн, кæфхъуындарты, террористон фыдракæнды зындоны арты чи бацарæфтыд, Иры уыцы фидæны фæлтæр – æвзонг скъоладзауты, ахуыргæнджыты, ныййарджыты, хоты, æфсымæрты. Нæй рохгæнæн «Альфæ» æмæ «Вымпел»-ы, Æнæнхъæлæджы цауты фæдыл министрады ирвæзынгæнджыты хъæбатырты мæлæтæн.
Иу æмæ ссæдз азы фæстæ ногæй æрбалæууыд фæззæджы фыццаг мæй, раздæр сыгъзæрин кæй хуыдтам, уыцы мæй. Фæлæ никуыуал райсдзæн йæ бæркадджын хуыз, сау хъулæттæй афæлдæхт, дудгæ, судзгæ рыст хъæдгæмттæй баззайдзæн æнустæм канд ирон адæмы нæ, фæлæ æппæт дунейы рæстаг адæмты зæрдæты. Зæрдæйы дуар æвзаг у, æмæ адæймагæн фыркатайæ комарынджы бандзыг вæййы. Æппæт дунейы историйы бирæ уыд фыдракæндтæ, фæлæ дзы Беслæны хуызæн æвирхъау фыдбылызы хуызæн нæ уыд!
О, хъысмæт, дæлдзæх ныххауай, кæд дæм цæйбæрц сусæгдзинæдтæ ис, цæст кæй нæ уыны, зонд кæй нæ ахсы æмæ нæ хаты!
Уыцы æлгъыст бон ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ цæмæй зыдтой, сæ чысыл зæрдæйы тæгтæ, ныфсытæ, зæрдæдарæнтимæ дзы бирæтæ сæ райгуырæн зæххыл фæстаг хатт кæй цæуынц. Сывæллæттæ сæ бæрæгбоны дарæсы куыд рæсугъд уыдысты, уалдзыгон дидинджытау, куыд хъазгæ-худгæйæ згъордтой бæлæттау, цæмæй зыдтой, удхæссæг лæгсырдтæ сæм æнхъæлмæ кæй кæсынц… Цæмæй зыдтой, райсом раджы цингæнгæ цы бæрæгбоны дарæс скодтой сæ уæлæ, уыдон сын мæрддзаг суы-
дзæн, цы скъоламæ тагъд кодтой, уый та бирæтæн – сæ иумæйаг ингæн.
О, Дунескæнæг Хуыцау! Нырма сæууон стъалыйау чи фæзынд, галиу рахизæй чи нæ иртæста, уыдон цæмæй аххосджын фесты? Афтæ куы фæдзурынц, дидинæг калæг дыргъбæласы арв нæ цæвы, зæгъгæ, уæд сыл арв цæмæн ныккалдта йæ судзгæ цæхæртæ?
О, не Сфæлдисæг Стыр Хуыцау! Не ’мдзу кæдмæ кæндзысты судзгæ цæссыг æмæ зæрдæхалæн хъарджытæ? О, дунейы адæмты стыр ныфс, Хуыцау, ирон адæм дæм зæрдæбынæй куы табу кæнынц, уæд нæ фыдæлгъыст цæмæн фæкодтай? Кæдмæ нæ цæгъддзысты нæ фыдгултæ? Ацы фæстаг азты Ирыстон цы баййæфта цæгатæй-хуссарæй, уыдонæй, хъыгагæн, хъæугæ хатдзæгтæ нæ кæнæм.
Æз историк нæ дæн, фæлæ чиныг кæсын æмæ фыссын арæхсын. Рагæнусты куырыхон ахуыргонд Фукидид скифты тыххæй дзырдта: «Со скифами не может сравниться ни один народ не только в Европе, но и в Азии, ни один народ сам по себе не в силах устоять против скифов, если бы все они жили между собой согласно».
Мах, ирон адæм, уыцы фæдзæхст, зонды ныхас куы нæ бамбарæм, уæд нæм фидæны дæр хорзæй ницы æнхъæлмæ кæсы фыдæвзарæнтæй дарддæр. Хорз уаид, æмхуызонæй куы ахъуыды кæниккам æмæ Къостайы фæдзæхс-
тыл лæмбынæг куы асагъæс кæниккам:
Цæйут, æфсымæртау,
Раттæм нæ къухтæ
Абон кæрæдзимæ,
Иры лæппутæ!
Скæнæм нæ тырыса
Дзыллæйы номæй.
Рухсмæ æнæзивæг
Цомут æнгомæй!..
Иттæг хорз уаид, абоны уæззау рæстæг куы ныууадзиккам алы дам-думтæ æмæ кæрæдзийы куы бамбариккам, уæд. Нæхиуыл æй бавзæрстам: уырыссаг адæм куы нæ æрбалæууыдаиккой нæ тыхсты рæстæг Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ, уæд цы уыдаид нæ фидæн? Фарон сæрд Путин Беслæны уæлмæрды йæ зонгуытыл æрлæууыд, йæ цæссыгтæ йæ рустыл уадысты. Уый Хуссар Ирыстонæн куы нæ баххуыс кодтаид, уæд дзы Гуырдзыйы лæгсырдтæ дур дурыл нал ныууагътаиккой, гæныстон æй фæкодтаиккой.
Федтам Стыр Уæрæсейы æфсæддонты, уыдон нын Беслæны тугныккалды бонты нæ сывæллæтты сæхи хъæбултау сæ фæтæн риутæй хъахъхъæдтой, афтæмæй дзы 10 лæппуйы бабын сты. Ирон сывæллæтты сæрвæлтау æрхастой се ’рыгон цард. Ныууагътой се ’нахъом сывæллæтты сидзæрæй, сæ цардæмбалты – сидзæргæстæй. Сæ ныййарджытæ афтидæй аззадысты сæ дарджытæй. Мах сын сæ рухс нæмттæ хъуамæ мысæм, уыцы æлгъыст бонты чи бабын, уыдонимæ иумæ. Уыдонæн стыр кад нæ домы не ’гъдау, нæ фарн æмæ нæ намыс. Рухс дзæнæты фæбадæнт!
ГУЫЛÆРТЫ Барис,
æхсæнадон уацхæссæг














