Адæмты, уæлдайдæр фæсивæды ’хсæн кæрæдзи æмбарын æмæ хæлардзинад фидар кæныны фæдыл Горæтгæрон районы ирон æмæ мæхъхъæлон сылгоймæгтæн республикæйы æхсæнадон организациты хъæппæрисæй арæзт æрцыд цæлхæмбырд.
Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы æхсæнадон палатæйы сæрдар Нинæ Чиплакова, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, Горæтгæрон районы сæргълæууæджы хæдивæг Дзанæгаты Гуля, Чермены бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Æгкацаты Беллæ, Камбилеевкæйы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Табуты Тамарæ, Горæтгæрон районы сылгоймæгты советы сæрдар Киситы Людмилæ хъæуты минæвæрттæ, ахуы-
рады кусджыты профцæдисты сæрдар Хъуылымбегты Людмилæ, скъолаты директортæ (Чермены 3-æм скъола), Марифæ Султыгова
(хъ. Новоейы скъола), Тамарæ Уаниева (Тарскæйы 2-æм скъола),
Индирæ Мержаева (Чермены цæрæг), Дзуццаты Верæ (Иры цæрæг), Дегъуаты Зæлинæ (Чермены цæрæг), стæй рæвдауæндæтты разамонджытæ, хъомылгæнджытæ æмæ ахуыргæнджытæ.
Фембæлды архайджытæ уæлдай æргом аздæхтой районы цæрджыты ’хсæн кæрæдзийы æмбарынад æмæ сабыр уавæры ахсджиаг хъуыддагмæ. Уыдон бафиппайдтой, хицæн адæймæгты царды уаджы лыстæг быцæутæ кæй нæй хæссæн адæмты ’хсæн быцæутæм, æмæ фæсидтысты, цæмæй фæсивæды ’хсæн цæуа рагагъоммæ куыст хæлардзинад æмæ кæрæдзийы æмбарыны фæдыл.
РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нинæ Чиплакова бафиппайдта, абон сæрмагонд æфсæддон операцийы алы адæмыхæттыты минæвæрттæ ирæттæ æмæ мæхъæл уæхски-уæхск кæй лæууынц знаджы ныхмæ, уый тынг ахсджиаг кæй у республикæйы алы адæмты ’хсæн иудзинад фидар кæнынæн.
«Нæ бæстæ чи хъахъхъæны, уыдон кæцы адæмыхатмæ хауынц, уымæ нæ кæсгæйæ, æвдисынц иудзинад, патриотизм æмæ хъæбатырдзинад. Уыдоны иу кæны Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны нысан. Мах цæрæм иу республикæйы, æмæ нæ алчидæр дзуапдæттæг у нæ сабиты æмæ уыдоны кæстæрты фидæнæн. Нæ тых, нæ хъару ис алыхуызон культурæтæ æмæ традициты иудзинады. Æмæ нæ архайын хъæуы фæсивæды фæлтæрты кæрæдзийы уарзыныл, кæрæдзийы æмбарыныл, сыхæгтæм хорз цæстæй кæсыныл ахуыр кæныныл», – загъта йæ ныхасы Нинæ Чиплакова.
Уæлдай æргом здæхт æрцыд радикалон националистон идеологи парахат кæныны ныхмæ фарстатæм. Скъолаты директортæ радзырдтой, уыцы фарстаты фæдыл цы куыст кæнынц, уый тыххæй. Æнахъом сывæллæттæ æнцондæрæй бахауынц деструктивон организациты къордты хызтæм, уæлдайдæр та интернеты. Хистæрты хæс у уыцы хъуыддæгтæй сæ бахизын.
Фембæлды архайджытæ фæнысан кодтой фæндæттæ Горæтгæрон районы адæмты ’хсæн сабырдзинад æмæ æмбарынад фидар кæныны иумæйаг пъланмæ бахæссын. Цæлхæмбырд у хорз бынат районы ахсджиаг фарстатæ лыг кæнынæн, иумæйаг фæндæттæ рахæссынæн, цæрджытæй чи цы диныл хæст у, кæнæ цавæр адæмыхаттæй у, уымæ нæ кæсгæйæ.
РЦИ-Аланийы
Æхсæнадон палатæйы
пресс-службæ














