Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг, Уæрæсейы фысджыты, стæй журналистты цæдисты уæнг, Цæгат Ирыстоны адæмон поэт – уыцы кадджын нæмттæй хорзæхджын æрцыд Томайты Адæ. Абон йæ райгуырдыл сæххæст 85 азы.
Сфæлдыстадон цардвæндаджы райдиан фидæны хъуыстгонд журналистæн райдыдта, МГУ-йы журналистикæйы факультет каст куы фæцис, æгæрон уарзтæй кæй уарзта, уыцы райгуырæн Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæд. ЦИ АССР-йы Телеуынынад æмæ радиойы комитеты райдыдта йæ фæллойадон фæндаг, йæ куыстыл зæрдæ нæ сивта суанг фæстаг бонмæ. Йæ алывæрсыг телеравдыстытæ цыбыр рæстæгмæ телевизормæ кæсджытæн систы уарзон. Йæ проекттæ цыдысты централон телеуынынады.
– Диктор-практикантæй мæ райстой 1983 азы телеуынынадмæ, амыдтой мын телеуынынады куысты сусæгдзинæдтæ, хи куыд дарын хъæуы, куыд арха-
йын хъæуы, уыдæттæ, – Томайты Адæйы йæ зæрдыл цæмæй бадардта, уый тыххæй зæгъы Фидараты Юри – «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор. – Дудиаты Валодя мын-иу, афтæ ма кæн, дзырдта. Адæ та мын, кæнын куыд хъæуы, уый амыдта. Ахæм адæймаг уыд, æцæг профессионал. Ме ‘рбацыдæй цалдæр мæйы фæстæ нæ арвыстой Мæскуымæ, телеуынынады курсытæм. Мæн – куыд æрыгон диктор, Адæ Барисы чызг та – фæлтæрддзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ. Цæугæ дæр иумæ акодтам, цы мыл цыд уæд, æмæ мыл Адæ хионау аудыдта, йæ цæст мæм дардта. Кæуылты журналист уыдис, йæ кармæ гæсгæ дæр сывæллон уыдтæн йæ разы. Цæдисы алы кæрæттæй дзы иумæйаг лекциты уыдысты диктортæ, режиссертæ, редактортæ. Якутаг Виктор Гурьев мын иуахæмы афтæ: «Акæс-ма, цас сылгоймæгтæ дзы ис, æцæг сылгоймаг та дзы у иунæг ус!» Чи у, зæгъгæ, фарстæн, йæ дзуапп уыд: «Дæ Адæ!» Ирон сылгоймаг уыйбæрц хицæн кодта иннæтæй, фæлæ ирон зондахаст, йе сныхас, йæ акъахдзæф – адæм ыл дис кодтой, кæцæй æрцыд, зæгъгæ. Уый та уыд Адæ. Æрмæст йæ дæсныйады не схызт бæрзонд æмвæзадмæ, фæлæ йæ адæймагдзинад, йе сныхас дæр уыдысты æцæг ирон сылгоймаджы миниуджытæ, æмæ йæ ныхæстæм ныббуц дæн, мæнæ цы кад кæнынц нæхионæн, зæгъгæ. Йæ зæрдæ мыл ма фæхудайы ‘фсæрмæй мæхи хорз дардтон æз дæр, – йæ мысинæгтимæ нæ базонгæ кодта Фидараты Юри.
Æцæгæйдæр, телеуынынады бындурондæр чи уыд кусджытæй, уыдонæй уыд Адæ. Фæсивæды тыххæй йын бирæ равдыстытæ уыд, йе ‘внæлд бæрæг уыд, абон дæр уыцы равдыстытыл ис æрыгон журналистты ахуыр кæнæн.
– Домаг уыд кæдфæндыдæр, фæлæ йе ‘ххуыс бахъуыд, зæгъгæ, уæд бацу, бафæрс, æмæ-иу бæстон бацамыдтаид. Адæ цы фæкуыста телеуынынады, уый, æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй уыд хъæугæ хъуыддаг. Стыр зонындзинæдтæ йæм уыдис, МГУ-йы сæ райста, ирон телеуынынады та уыдон хъуыдысты. Адæйы
хуызæн йæ куыстыл æнувыд чи уыди! Æцæгæй- дæр, нæ кæстæрты хорз фæндагыл ардауæм, уый кæй фæндыд, цæмæй сын сæ курдиат раргом кæнынмæ уавæртæ саразæм, ууыл архайдта. Ахæм адæймæгтæ тынг хъæугæ вæййынц царды, – зæгъы, Томайты Адæйы фарсмæ бирæ азты чи фæкуыста, уыцы Баскаты Уырызмæг.
Æрыгæттыл æнувыд кæй уыд, уымæн æвдисæн – æрмæджы автор. Сæмбæлгæйæ-иу бæстон ныхас рауад эфиры æрмæджытыл. Нæ зивæг кодта хъуыстгонд журналист мæ кусæн уатмæ иу уæладзыгæй иннæмæ схизын æмæ бузныджы ныхæстæ зæгъын. Уый та райдайгæ ‘рыгон журналистæн уыд разæнгардгæнæн хос.
– Адæ уыд нæ телеуынынады фыццагдæр курдиатджын журналист. Бирæтæ йæ нæ зонынц, фæлæ, Мæскуыйы ахуыргæнгæйæ, кафыд университеты студентон кафджыты ансамблы йе ‘мкурсон Цæллагты Валодяимæ, зæгъы ПТРК «Алани»-йы литературон-драмон редакцийы режиссер Берозты Тамарæ. Уæвгæ, сæ бинонтæ се ‘гас дæр уыдысты курдиатæй хайджын. Йæ сæрыхицау Кцойты Владимир – нывгæнæг, сæ фырт Азæмæт дæр ацыд йæ фыды фæндагыл, сæ чызг Дзерассæ у журналист, дзæвгар
рæстæг бакуыста Мæскуыйы телеканалтæй иуы.
Томайты Адæйы адæм бахъуыды кодтой, куыд ирд поэт æмæ прозаикæй дæр. Бантыст ын документалон уацаутæ «Вторая любовь», «Друг мой, учитель», «Верю тебе, вдохновение!», стæй æмдзæвгæты æмбырдгонд «Послушайте», «Благослови», «Ночной клавесин», «Дева-Осень», стæй «Маленький добрый цветок» сывæллæттæн мыхуыры рауадзын.
– Адæ абон не ‘хсæн нал ис, фæлæ йæ бирæ фыдæбæттæ, йæ фæллæйттæ не ‘хсæн рох макуы уæнт. Абон дæр уыдонæй ис пайда кæнæн, – зæгъы Баскаты Уырызмæг.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














