Ацы бонты Цæгат Ирыстоны кусæг балцы уыд Запорожьейы облæсты губернаторы хæдивæг Роман БАТРШИН. Республикæйы уазæгæн фембæлд уыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОИМÆ. Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой дыууæ регионы ахастдзинæдтæ æнгомдæр кæныныл, иумæйаг проекттæ царды рауадзыныл.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстон ныр æртыккæгæм аз æмцегад кæны Запорожьейы облæсты Черниговкæйы муниципалон зылдыл.
Республикæйы минæвæрттæ бирæ куыстытæ бакодтой муниципалон зылды – базылдысты донцъирæнтæм, раивтой донуадзæн хæтæлтæ, сцалцæг кодтой рæвдауæндæттæ æмæ скъолатæ… Уымæй уæлдай, запорожьейаг сывæллæтты цалдæр къорды сæ фæллад суагътой цæгатирыстойнаг лагерты. Республикæ æндæр æххуыстæ дæр бакодта регионæн.
– Нæ фадæттæ куыд амоной, афтæ дарддæр дæр нæ арм дардзыстæм Черниговкæйы муниципалон зылдыл, архайдзыстæм поселок æмæ йæ алыварс хъæуты инфраструктурæ сног кæныныл. Уыимæ, облæстимæ бакусдзыстæм æндæр иумæйаг проекттыл дæр, – йæ раныхасы бафиппайдта Сергей Меняйло.
Роман Батршин Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ республикæйы адæмæн арфæ ракодта, облæсты цæрджытыл кæй узæлынц, уый тыххæй.
– Цæгат Ирыстон тыхст рæстæг нæ фарсмæ кæй балæууыд, уый облæсты цæрджытæн уæлдай ахсджиаг æмæ зæрдылдаринаг у. Ныфс мæ ис, хæстæгдæр фидæны ахадгæ æмæ пайдайаг иумæйаг проект-тæ æххæст кæнынмæ кæй бавналдзыстæм, уымæй, – загъта Запорожьейы облæсты губернаторы хæдивæг.
Амæй размæ Бетъырбухы дунеон экономикон форумы фæзуаты Сергей Меняйло æмæ Запорожьейы облæсты губернатор Евгений Балицкий бафыстой дыууæ регионы ’хсæн уæрæх базарадон-экономикон, наукон-техникон æмæ социалон-культурон
æмгуыстады фæдыл бадзырд. Ныр Роман Батршин æмæ цæгатирыс-тойнаг ведомствæты минæвæрттæ бæлвырддæр æркастысты уыцы бадзырды уагæвæрдтæ æххæст кæныны фарстатæм.
Роман Батршин архайдта Беслæны фыццæгæм скъолайы арæзт террористон фыдракæнды амæттæгты номарæн мадзæлтты дæр.
Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим æмæ
республикæйы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Отарты Георги.
СЛАНТЫ Аслан














