Мæскуыйæгтæ æмзæрдæ сты Беслæнимæ

0
164

3 сентябры, Терроризмимæ тохы æмзæрдæдзинады бон, бирæ адæм æрбамбырд, Беслæны фыццæгæм скъолайы арæзт террористон фыдракæнды амæттæгты номыл Мæскуыйы, Кулишкæты цы цыртдзæвæн ис, уый размæ.

Сæдæгай мæскуыйæгтæ сæхицæн хæсыл банымадтой, æвирхъау фыдбæллæхы чи бабын, уыцы æнаххос адæмы рухс нæмттæ ссарын, дидинджытæ сæвæрын
цыртдзæвæны раз…

Горæты цæрджытæ, уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты курсанттæ, скъоладзаутæ, æхсæнадон иугæндты уæнгтæ, хицаудзинады оргæнтæ æмæ ведомст-
вæты минæвæрттæ – иууылдæр æмзæрдæ уыдысты Беслæнимæ, æппæт Ирыстонимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, саударæн æмбырды архайæг уыдысты Мæскуыйы Ирон æхсæнады уæнгтæ дæр.

Дзыллон æмбырды размæ террористон фыдракæнды амæттæгты номарæн ракуывд сарæзтой Кулишкæты, Сыгъдæг Мады-Майрæмы аргъуаны сауджынтæ, фæстæдæр та митрополит Григорийы размындæй уыд саударæн аргъуыд.

Афтæмæй рæстæг феввахс 13 сахат æмæ 05 минутмæ. Фæзыл дардмæ æрвнæрæгау айхъуыстысты аргъуаны дзæнгæрæджы зæлтæ, арвы цъæх тыгъдадмæ та стæхæгау кодтой 334 урс шары… Æмбырды архайджытæ дидинджытæ сæвæрдтой мемориалыл.

Саударæн мадзæлтты архайæг уыдысты Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гаситы Знауыр, УФ-йы Федерацийы Советы уæнг Виталий Назаренко, Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб, УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвары хæстæ æххæстгæнæг Дзасохты Тамерлан, Мæскуыйы паддзахадон юридикон университеты ректор Виктор Блажеев, наукон-иртасæн центр «Курчатовы институт»-ы директор Хъамболты Марат, Мæскуыйы Национ политикæ æмæ регионалон бастдзинæдты департаменты
разамонæг Виталий Сучков, Мæскуыйы Ирон æхсæнады сæрдар Абайты Алан æмæ иннæтæ.

 

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here