Хæсты — æхсарджын, сабыр царды — æгъдауджын

0
55

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг нæ чысыл Ирыстоны адæм бахастой стыр бавæрæн Цытджын Уæлахизмæ. Уый сæрмагонд бынат бацахста Советон Цæдис æмæ Уæрæсейы хæстон историйы. Нæ сахъгуырдты лæгдзинæдты тыххæй нæ номдзыд композитортæ, скульптортæ, нывгæнджытæ, фысджытæ æмæ поэттæ сфæлдыстой сæ хуыздæр уацмыстæ. Ахæм цæрæнбынат нæ разындзæн Ирыстоны, уыимæ Кировы районы дæр, сæ номыл цыртдзæвæнтæ кæм нæй.

Хъыгагæн, нæ районы нал ис удæгас хæсты ветерантæ, фæлæ сæ нæмттæ рох не сты. Мысынæн нын баззадысты къамтæ, се ‘гъдау, лæгдзинад æмæ хорз хъуыддæгтæ. Газеткæсæджы раз – хуызист, фенæн дзы ис нæ кадджын хистæртæй цалдæры. Уыдон хæсты рæстæг сæхи равдыстой сæрæн æфсæддонтæй, нæ Райгуырæн бæстæйы иузæрдион хъæбултæй.

Ацы къам ист у 1980 азы фæззæг, Октябры революцийы 63-æм азы бонмæ цæттæ кæнгæйæ. Уæд Кировы районы адæмон депутатты Советы æххæстгæнæг комитеты ног сæрдар Хъæстуаты Тамерлан (фыццаг рæнхъы галиуæрдыгæй æртыккаг) фембæлд хæсты ветеранты къордимæ æмæ районы цалдæр бæрнон кусæгимæ. Ныхас цыдис паддзахадон бæрæгбоныл хæрзцæттæйæ сæмбæлын æмæ рæзгæ фæлтæры ‘хсæн хъомыладон куыст бæрзонддæр æмвæзадмæ сисыныл.

Къамы фыццаг рæнхъы (галиуæрдыгæй рахизæрдæм): Змейкæйы станицæйы дзырддзæугæ хистæртæй иу, Дзылыхты Петр. Уый уыдис колхозон цардаразджытæн сæ хъазуатондæртæй. Иумæйаг хæдзарады куыд зæрдиагæй куыста, афтæ хъæбатырæй тох кодта фыдызнаджы ныхмæ. Хæсты фæстæ дæр уыдис кæддæриддæр фæллойгæнджыты раззагдæрты æмрæнхъ.

Дыккаг — Змейкæйы фыццæгæм астæуккаг скъолайы райдайæн æфсæддон цæттæдзинады разамонæг Иван Цыбин. Хæстон афицер скъоладзаутæн амыдта рæнхъæй цæуын, хæцæнгарзимæ архайын, æмткæй та кодта æфсæддон-патриотон хъомылады ахадгæ куыст.

Хъæстуаты Тамерланы цур, галиуæрдыгæй лæууы змейкæйаг, хæсты иннæ ветеран Гокъоты Къоста. Йе ‘мгæрттау, скъола каст фæуыны фæстæ, 18-аздзыдæй ацыд цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ. Йæ хъæбатырдзинады æвдисæнтæ — йæ бирæ хæрзиуджытæ.

Йæ фарсмæ — ставддуртаг Цогойты Æхсарбег. Æрæджы газет «Размæ» лæмбынæг фыста Цогойы-фырты хæстон æмæ фæллойадон фæндæгты тыххæй. Мах ма зæгъдзыстæм æрмæст йæ уæздандзинад æмæ адæмуарзондзинады тыххæй.

 

Фыццаг рæнхъы рахизæрдыгæй кæройнаг дæр у ставддуртаг Æлбегаты Дмитри. Æвддæсаздзыдæй бархийæ ацыд хæцæг æфсадмæ æмæ кæрæй-кæронмæ фæтох кодта знаджы ныхмæ. Кæд уæззау цæфты аххосæй сахъатæй сыздæхт, уæддæр æвæллайгæйæ куыста хæлд адæмон хæдзарад йæ къæхтыл слæууын кæныныл.

Дыккаг рæнхъы галиуæрдыгæй фыццаг — елхотаг Хъабанты Рамазан. Фыццаг хатт уæззау цæф фæцис, «Чысыл зæхх» кæй хуыдтой, уый бацахсыныл карз хæстыты, дыккаг хатт та — Хъырымы Сапун-хох знагæй суæгъд кæныны рæстæг. Уæлахизимæ сыздæхгæйæ, бирæ фæкуыста адæмон хæдзарады алы къабæзты æмæ кæмфæндыдæр æмæ кæддæриддæр уыдис ерысты раззагдæртимæ.

Хъабаны-фырты галиуварс — Кировы районы хъæууонхæдзарадон управленийы хицау, змейкæйаг Танделаты Сослан. Хæсты сывæллæтты фæлтæры минæвар ныууагъта арф фæд, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты. Дæсны разамонæг, зонынджын специалист, уыимæ – хæрзæгъдау, хæдæфсарм, фæкæсинагæн баххуысмæ кæддæриддæр – цæттæ.

Кировы районы уæды прокурор Рæмонты Астемыр (галиуæрдыгæй æртыккаг) хъуыстгонд уыдис канд йæ райгуырæн Хъахъхъæдуры хъæу æмæ Кировы районы нæ, фæлæ Цæгат Ирыстоны бирæ рæтты. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Советон Цæдисы прокуратурæйы кадджын кусæг хорз фæд ныууагъта нæ районы царды.

Дыккаг рæнхъы цыппæрæм — елхотаг Габысаты Таймураз — Хъамболаты фондз фыртæй Фыдыбæстæ фыдгулæй бахъахъхъæнынмæ чи атындзыдта, уыдонæй иу. Йæ кой йын ракодта Леонид Богуславский йæ чиныг «Не ‘мзæххонтæ Сталинграды тохы»-йы. Хъæбатыр танкисты сæрæндзинад командæгæнджытæ дæнцæгæн хастой иннæ хæстонтæн. Йæ лæгдзинад, арæхстдзинад æмæ уæздандзинадæй хъуыстгонд уыд йæ царды кæронмæ.

Таймуразы галиу фарс лæууы Змейкæйы фыццæгæм астæуккаг скъолайы уæды ахуыргæнæг Павел Мамниашвили. Кировы районы ветеранты уынаффæдоны абоны сæрдар Бедойты Феликс куыд зæгъы, афтæмæй Мамниашвили тынг хæларæй цардис канд йе ‘мкусджытимæ нæ, фæлæ Змейкæйы станицæйы æппæт цæрджытимæ дæр, чи цы адæмыхаттæй у, уый нæ хынцгæйæ. Сæ сывæллæттæн сын æрмæст арф зонындзинæдтæ нæ лæвæрдта, фæлæ ма сæ ахуыр кодта кæрæдзи-
йæн аргъ кæнын, коммæгæс уæвыныл.

Елойты Батрадзы ном (æртыккаг рæнхъы галиуæрдыгæй фыццаг)
хъуыстгонд уыдис æмæ ма абон дæр у æрмæст Елхоты нæ, фæлæ æппæт районы дæр. Аккаг бавæрæн бахаста гитлерон Германыл Уæлахизмæ. Хæсты фæстæ азты бирæ фæкуыста сæрмагонд бастдзинады районы хайады. Кæддæриддæр аив, æгъдауджын, алы хъуыддæгтæм агуырд уыдис, уымæн æмæ йæ куырыхон зондæй æдзух хай кодта æрбаулæфджытæн. Уымæн ын кодтой адæм стыр аргъ.

Кадджын хистæры галиу фарс — ацы рæнхъытæ фыссæг, газет «Размæ»-йы уæды редактор. Мæ галиу фарс та – хæсты ветеран, змейкæйаг
Куыдзæгты Къоста. Куыд-иу дзырдта, уымæ гæсгæ, советон æфсæддон цы зындзинæдтæн ныффæрæзта, цы лæгæвзарæнты сæрты ахызтысты советон бæгъатыртæ, уыдонæй айнæг къæдзæхтæ фæрскгай фæхаудаиккой. Уымæй уæлдай, цыбыр рæстæгмæ хæстæфхæрд бæстæйæ домбай паддзахад саразын дæр чысыл хъуыддаг нæ уыд. Æмæ уым дæр ис Куыдзæджы-фырты бавæрæн.

— Нæ бæстæйы арæнтыл фыдохы арт куы ссыгъди, уæд ацы цардбæллон лæппутæ — ныры ветерантæ — фыццæгтимæ сæ къухтæм райстой уæззау хæцæнгæрзтæ æмæ фашисттæй истой нæ сæрибаруарзаг, рæстудæй æфхæрд адæмы маст, — дзырдта Кировы районы фæскомцæдисы райкомы уæды фыццаг нымæрдар Æлдаттаты Никъала (æртыккаг рæнхъы рахизæрдыгæй фыццаг). — Иу æмæ дыууæ хатты комкоммæ нæ кастысты мæлæты цæстытæм. Уæддæр уæлахизимæ сыздæхтысты сæ райгуырæн къонатæм.

…Уæлдæр ранымад хъæбатыр хæстонтæ кæд не ‘хсæн нал сты, уæддæр нæ дзыллæтæй сæ нæмттæ рох нæ уыдзысты.

КЪУБАЛТЫ Солтан,
Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы Кировы районы хайады уынаффæдоны сæрдар, РЦИ-Аланийы
культурæйы сгуыхт кусæг,
Цæгат Ирыстоны кадджын
ветеран

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here