Æмгуыстадыл æнцайгæйæ, æнтыстджынæй архайынц

0
135

Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыд Уæрæсейы Федерацийы юстицийы министр Константин Чуйченко. Хицауады хæдзары министр фембæлд РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисимæ. Уазæг æмæ фысым æрдзырдтой республикæйы æмгуыстадыл ведомствæимæ, йæ фæзуатон оргæнтæ æмæ дæлхайадон службæтимæ. Уæлдай æргом аздæхтой уголовон-æххæстгæнæн æмæ регионы фæзуаты лæвар паддзахадон юридикон æххуысы системæ фæхуыздæр кæныны фарстамæ.

Уымæй уæлдай ма арæзт æрцыд æмбырд Уæрæсейы Юстицийы министрады РЦИ-Аланийы управлени, Уæрæсейы Æфхæрд æххæстгæнæн федералон службæйы управлени РЦИ-Аланийы, республикæйы Тæрхонадон пъырыстыфты федералон службæ, Дзæуджыхъæуы Тæрхонадон экспертизæйы лаборатори, Цæгат Ирыстоны Адвокатты палатæ, РЦИ-Аланийы ЗАГС-ы управлени æмæ регионы Паддзахадон юридикон бюройы разамонджытимæ.

Æмбырды ма архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим æмæ РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров.

Алы ведомствæйы хицауимæ дæр ныхас цыди æмгуыстады, стæй сæ æрвылбоны архайды тыххæй.

Министр фæбæрæг кодта, республикæйы къорд азы дæргъы æнтыстджынæй кæй кусы паддзахадон юридикон бюро, йæ специалисттæ, Цæгат Ирыстоны федералон æмæ ре-
гионалон закъонадмæ гæсгæ кæмæн æмбæлы, Цæгат Ирыстоны уыцы цæрджытæн лæвар дæттынц алывæрсыг барадон æххуыс.

– Уæлдай хъомысджындæр лæвар юридикон æххуыс дæттыны хъуыдда-
джы йæхи æвдисы, раздæр Уæрæсейы Юстицийы министрад Цæгат Ирыстоны паддзахадон бюройæн кæй ратта, уыцы мобилон офис фыдыбæстаг хæдтулгæтæ «ГАЗель NEXT»-ы бындурыл. Машинæ ифтонггонд у, юристты цыдæриддæр хъæуы быдырон уавæрты граждæнтæн юридикон æххуыс раттынмæ – куыд регионы дæрддзæф хъæуты, афтæ æнæнхъæлæджы уавæртæ сæвзæргæйæ дæр, – загъта Константин Чуйченко.

Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй республикæйы Хицауад æмæ Уæрæсейы Æфхæрд æххæстгæнæн федералон службæйы управленийы ‘хсæн сæвзæрд хъомысджын æмгуыстад. Субъекты фæзуаты ис рæстмæгæнæн колони, йæ куыстуаты æнтыстджын архайд цæуы. Уадзынц дзы социалон къабазы хъæугæ продукци.

Дзанайты Барис ма бахахх кодта, Æфхæрд æххæстгæнæн федералон службæйы управлени æмæ республикæйы Тæрхонадон пъырыстыфты федералон службæйы æмгуыстады вазыгджын здæхт кæй у хæстæ æмбырд кæныны хъуыддаг. Пъырыстыфтæ æнтыстджынæй æрбаздахынц æнæбафыст хæйттæ (недоимки) дæр. Уыцы мадзæлттæн регионалон къазнайы æфсисадæн егъау нысаниуæг ис. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло стыр æргом здахы ацы вазыгджын фарстатæм.

– Цæгат Ирыстон æмæ Юстицийы министрады ‘хсæн æппæт фарстаты дæр фидар бастдзинад ис. Регионы æнтыстджынæй архайы федералон ведомствæйы фæзуатон оргæн. Иумæйаг куыст цæуы нормативон-барадон акттыл. Уымæй уæлдай, хорз ахастдзинæдтæ сæвзæрд, регионы чи ис, уыцы дæлхайæдты службæтимæ. Хорз æмбарæм æмгуыстады ахадындзинад æппæт организацитимæ дæр. Алчидæр дзы
республикæйы æххæст кæны ахсджиаг хæстæ. Дарддæр дæр афтæ архайдзыстæм, – загъта йæ ныхасы кæрон Дзанайты Барис.

 

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here