Августы кæрон республикæйы Культурæйы министрады сæргъы æрлæууыд Гуыдиаты Батрадз. Уымæй размæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты дзуапп лæвæрдта хъомыладон куыстæн æмæ социалон политикæйæн, уыд проректор.
Ног министр радзырдта, зындзинæдтæ цæй мидæг сты, Ирыстоны курдиатджын фæсивæдимæ йæ куыст куыд араздзæн, уыдæтты тыххæй. Гуыдиайы-фырт куыд нымайы, афтæмæй сæйрагдæр у кæронбæттæн хатдзæг. «Университеты кусгæйæ Культурæйы министрадимæ æмархайд кодтам. Ома, куысты фæзилæнтæ æмбарын, бынатмæ мæ куы нысан кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг, уæд фæбæрæг кодта ведомствæйы ахадгæ архайд. Хъуамæ министрад фадæттæ скæна, цæмæй адæмы бон уа культурæйы хæзнатæм хæццæ кæнын. Иннæрдыгæй, культурæйы æппæт куыстуæттæ хъуамæ фадæттæй, авналæнтæй уой æххæст», – зæгъы министр.
Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ культурæйы кусæджы мызд у ныллæг, уæдæ районты Культурæйы галуантæ аззадысты æнæ алыхуызон ирхæфсæн нысантæй, æмбæлгæ мадзæлттæй. Ома, нæ Культурæйы хæдзæрттыл фыстæй баззад, культурæмæ бар кæй дарынц, фæлæ сты культурæхъуаг. Гуыдиаты Батрадзы ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ дзæуджыхъæуккаг коллективтæ гастрольты цæуой æппæт районтæм.
«Ныртæккæ ахæм программæтæ аразынмæ бавналдзыстæм, цыдæриддæр нæм культурон ахуыргæнæндæттæ ис, уыдоны студенттæм дæр фæдзурдзыстæм. Университеты фæлтæрддзинад мын феххуыс кæндзæн», – радзырдта министр. Культурæйы министр куыд зæгъы, афтæмæй уал йæхицæн фæбæрæг кодта фæсивæдимæ куыст æмæ кусæндæттæн кадртæ цæттæ кæныны архайд.
«Ома, ныхас æрмæст артисттыл нæ цæуы, фæлæ æндæр дæсныйæдтыл дæр. Зæгъæм, техникон дæсныйæдтыл. Музейты нæ фаг кæны гидтæ æмæ экскурсоводтæ. Курдиатджын фæсивæд нын нæ фаг кæнынц. Цалдæр хъæппæрисимæ рацæ-
уын хъавæм республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады размæ», – йæ фæндтæ рæгъмæ хæссы Культурæйы ведомствæйы ног разамонæг.
Ирон театры рацарæзты тыххæй дæр йæ хъуыдытæ загъта. Раздæр цы æхцайы бæрц фæбæрæг кодтой йæ бындурон цалцæгæн (300 милуан сомы), уый æгæр ныллæг разынд. Ирон театр бахæсдзысты федералон программæ «Культурæйы рæзт»-мæ, йæ цалцæгæн федералон бюджетæй фæрæзтæ радих кæндзысты 2027 азы. Министры ныхасмæ гæсгæ, дзы Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæды библиотекæйы уавæр, хъуамæ ма сæвзæра.
Нырма Гуыдиайы-фырт культурæйы министры бынат ахсы дыууæ къуырийы бæрц, бабæрæг уал кодта цалдæр кусæндоны. Йæхицæн хатдзæгтæ скодта, цæмæй æппæт фадæттæ фена, уымæн æй бахъæудзæн рæстæг. «Мах нæхи арæх асайæм, о, æцæгдæр, Ирыстон хъæздыг у культурон хæзнатæй.
Дзæуджыхъæу та у Кавказы культурон сæйраг горæт. Нæ адæм дæр курдиатхъуаг не сты. Фæлæ нæ бон у алцыдæр фесафын. Уыцы бар та нын нæй, нæ фыдæлтæ нын цы хæзнатæ ныууагътой, уыдон куыд хъуамæ ныххæлæттаг кæнæм? Иумæ ма бавналæм, ирыстойнаг культурæйæн пайда æрхæссæм», – ахæм у ног министры сидт.
Нæ уацхæссæг














