РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æххуысы федералон фæрæзты руаджы регионы инфраструктурон проекттæ царды рауадзыны фæдыл скодта æмбырд.
Цæгат Ирыстон 2022 азæй 2025 азмæ бюджетон æфстæуттæ райста 3,8 миллиард сомы. Æхца æрбарвыстой алы хуызты, зæгъæм, инфраструктурон бюджетон, къазнайады сæрмагонд æмæ инфраструктурон æфстæутты хуызы. Лæвæрд æрцыдысты транспорты, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ цæрæнуæттæ аразыны къабæзты проекттæн.
Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой Дзæуджыхъæуы цæрæнуæтты арæзтад æмæ Дигорайы горæты донæфсисады хызтæ раивыны, Дзæуджыхъæуы муниципалон маршруттæм æмæ регионы муниципалон маршруттæм æхсæнадон транспорт балхæныны хъуыддæгтыл. Республикæйы социалон-экономикон рæзтмæ финансон фæрæзтæ бавæрыны фарстамæ аздæхтой уæлдай æргом.
Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бюджетон æмæ къазнайадон инфраструктурон æфстæуттæй æмæ æндæр федералон æххуысы фæрæзтæй пайда кæнын фадат ратдзæн, цæмæй ног куысты бынæттæ фæзыной, цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр уой, экономикон рæзт фæбæрæг уа.
– Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло нын куыд фæдзæхсы, афтæмæй хъуамæ æппæт федералон фæрæзтæй дæр пайда кæнæм, уыдоны руаджы лыггонд цæудзысты социалон-экономикон фарстатæ. Проектты хъæппæрис равдисджытæ хъуамæ бæстонæй кæсой, царды куыд æнтысынц, уымæ. Цыдæриддæр æм-
гъуыдтæ сбæлвырд кодтам, уыдонмæ – уæлдай цæстдард, – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ Хицауады
пресс-службæ














