Бархионты лагерь байгом

0
135

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрдар Дмитрий Медведев æмæ Генералон советы нымæрдар Владимир Якушевы амындæй Курскы облæсты байгом бархионты лагерь. Уыдон хъуамæ облæсты цæрджытæн бавналой цæрæн хæдзæрттæ сног кæнынмæ.

Цæгат Ирыстонæй Курскы облæстмæ ныр бархионты дыккаг къорд ацыд. Дыууæ къуырийы дæргъы уыдон зилдзысты сабыр цæрæг адæмы цæрæн бынæттæм, уымæй уæлдай, кусдзысты гуманитарон центрты æмæ рæстæгмæйы цæрæн пунктты. Бархионты арвитын бантыст политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады политсоветы уæнг, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георгийы руаджы.

Атары-фырт бархионты размæ сæвæрдта хæс: «Уæхимæ исут ахсджиаг æмæ стыр фарста – Курскы облæсты цæрæг адæмы нывыл уавæртæм раздахынæн баххуыс кæнын. Абон уый æрмæст æххуыс нæу, фæлæ ма, нæ бæстæйы стыр ахадындзинад кæмæн ис, ахæм къахдзæф дæр. Бузныг уын фæуæд», – загъта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг.

«Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад раздæр дæр гуманитарон æххуыс бакодта курскаг цæрджытæн. Мæхъиты Зураб æмæ Таймазты Артур хойраджы про-
дукттæ сæмбæлын кодтой облæстыл, рæстæгмæйы цæрæн пункттæм сæ фæхæццæ кодтой. Æнæхицау куыйтæн та арвыстой дзæбæхгæнæн хостæ æмæ холлаг.

Партийы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æппæт нысантæ æххæстгонд цæуынц партийы адæмон программæмæ гæсгæ. Хицæнæй дзы бæрæг у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ арæнтæм æввахс цæрæг адæмæн æххуыс кæнын.

Санайты Альбинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here