Цхинвалы æртыккæгæм бон кусы Æппæтдунеон экономикон форум «Южная Осетия. Горизонты инвестиций». Уæрæсейы Промышленникты æмæ амалхъомады цæдисы сæргълæууæг Сергей Шохины хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны ис æвæджиау æрдзон климæты æвæрæнтæ, æмæ ахсджиаг у, цæмæй йæ инвестицион климæт дæр фæстæдæр ма лæууа.
Форумы фæзуæтты архайд стыр ахъаз фæуыдзæн республикæйы экономикæйы рæзтæн, социалон фарстаты нывыладæн. Республикæ канд йæ æрдзон уавæртæй нæу хъæздыг. Йæ зæххыл цы адæм цæры, уыдонæн ис нацийы монон æмæ культурон æвæрæнтæ, бирæтæ дзы хъахъхъæд цæуынц паддзахады цæстдардæй. Уый фадат дæтты наукон куыст кæнынæн, стæй республикæйы туризмы къабазы рæзтæн.
Ирон адæмы традицион уырнынад, чырыстон дин сты национ хиæмбарынады бындур, зæгъгæ, ис фыст Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы. Мин æмæ ‘рдæгæй фылдæр ис историон цыртдзæвæнтæ республикæйы зæххыл: астæуккаг æнусты арæзт мæсгуытæ, фыдæлтыккон кувæндæттæ, стæй дæсгай æнусты размæ арæзт аргъуантæ. Æрмæст Ленингоры районы сæ нымæц æртæ сæдæйæ ахызт. Бирæтæ дзы заууат уавæры сты, бæрæг ма сты æрмæст сæ бынæттæ. Историон-культурон цырт-
дзæвæнтæ уыцы уавæры дæр стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæнынц республикæйы уазджытæм. Рагон арæзтæдтæм æвнæлд нæ уыд, æмæ сæ иутæ сæхи цардæй цæрынц, иннæтæ адæмæн лæггад кæнынц.
Раздæхæны хъæуы Мады-Майрæмы аргъуан, куыд дзурынц, афтæмæй астæуккаг æнусты райдайан æрцыд арæзт, бахастой йæ республикæйы культурон цыртдзæвæнты номхыгъдмæ. XII-XIII-æм æнусты арæзт æрцыд, хъæуæй дыууæ километры уæлдæр, къуылдымыл Хопайы аргъуан, йæ фарсмæ Хопа, зæгъгæ, цы хъæу уыд, уый номæй. Кæд дзы нывыл фæндаг нæй, уæддæр æм цæуынц бынæттон цæрджытæ, стæй туристтæ. Хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй йæ фарсмæ уыд мæсыг, тæссаг уавæры-иу арты фæздæгæй фехъусын кодтой, сæ алфамбылай чи цард, уыдонæн, цæмæй сæм æххуысмæ фæзыной, сæ сæр сæ кæй хъæуы. Ныр дæр ма бæрæг дарынц йæ кæлддзæгтæ. Хопайы аргъуанæй ныххизæн уыд хъæуы астæуты фæндаджы был Мады-Майрæмы аргъуанмæ, арæзтады хæлæтдзаг къултæ – æвдисæн. Рагъыл уæлæмæ ссæугæйæ, схæццæ уыдзынæ Уастырджийы кувæндонмæ. Кæд зилинаг у, уæддæр æм адæм цæуынц сæ кувинæгтимæ.
Экономикон форумы цы бадзырдтæ бафыстой, уыдон ныфс дæттынц, рес-
публикæйы инвестициты рæзты фæрцы царды ацы къабазы дæр хуыздæрæрдæм ивддзинæдтæ кæй фæзындзæн. Кæд се ‘ппæт нæ, уæддæр культурон цыртдзæвæнты кæцыдæр хай, гæнæн ис, æмæ цалцæггонд æрцæудзысты. Хопайы аргъуан консервацигонд æрцыд æнусы ‘рдæджы размæ, йæ сæр ын бамбæрзтой, уæдæй абонмæ йæм æвнæлд нæ уыд. Бынæттон цæрджытæ диссагæн дзуринагау фехъусын кодтой, ивгъуыд æнусы æвдайæм азты аргъуаны къулрæбын кæй æрзад тулдз бæлас. Цалцæггæнæн куыстытæ азербайджанæгтæ кодтой, æмæ йæ куы калдтой, уæд æд бæлас бæрзонд былæй ахауд кусджытæй иу. Фæлæ цъæррæмыхст дæр нæ фæцис, адæргæй, куы схызт фæстæмæ, уæд йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, æххуысгæнæг у, зæгъгæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Аулохты Никъалайы хæдзар аргъуа-
ны фарсмæ уыд, æмæ-иу хæсты бонты фыдæвзарæнты цы рæстæг бахауд йе ‘мбæлттимæ, уый размæ-иу йæ фыны федта, аргъуанæй бæлæттæ кæй ратахтысты æмæ сæ хæдзары сæр кæй æрбадтысты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зыдта, удæгасæй кæй баззайдзæн, уый.
Ленингоры Историкон-бæстæзонæн музей æрвылбон дæсгай туристтæ бабæрæг кæнынц, экскурситæ сын залты суткæ дыууæ хатты саразынц музейы кусджытæ. Йæ бæстыхай XVI-XVII æнусты арæзт æрцыд, Ксаны ерыстаутæй нæм йæ фыццагон хуызы æрхæццæ. Экспонаттæ – дзуæртты рагон нывтæ, аристократтæн æлыгæй хъуырау, хæдзары дзаумæттæ, куырой, æлыгæй дурынтæ æмæ цæрæгойты цæрмттæй конд хæдзары дзаумæттæ. Музейы дыккæгæм уæладзыджы сты нывгæнджыты куыстытæ. Ивгъуыд æнусы æвдайæм азты археологтæ алайнаг ингæнтæй бирæ алыхуызон æрмæджытæ скъахтой, уыимæ – сыгъзæрин дæр, йæ уæз уыд 30 килограммы. Экспонатты иу хай ис музейы, сызгъæрин дзауматæ та аластой Калакмæ. Кæм сты ныр, уый бæрæг нæу.
Культурон бынтæ ахъаз сты канд туризмы рæзтæн нæ, фæлæ ма, наукон архайд æмæ бæстæзонынадмæ йе ‘ргом чи здахы, уыцы хæдахуыр иртасджыты ‘ххуысæн сæ куысты иу хай.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














