Социалон-экономикон рæзтæн

0
127

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министртæн скодта паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ царды уадзынимæ баст кусæг æмбырд.

Ацы азæй республикæйы социалон-экономикон рæзты охыл паддзахадон программæтæ царды уадзынæн лæвæрд æрцыд 37,1 миллиард сомы. Уыдоны фæрцы арæзт, цалцæггонд цæуынц социалон æмæ инженерон инфраструктурæйы 250 объектæй фылдæр.

Паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты архайгæйæ, фадæттæ фæзынд субсидитæ экономикæйы алы къабæзты рæзтмæ æрвитынæн, граждæнты алы къордтæн æххуысы мадзæлттæ кæнынæн. Дзанайы-фырт байхъуыста æххæстгæнæг хицауады минæвæрттæм.Уыдон радзырдтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, культурæйы, спорты, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ æндæр арæзтадон фæзты уавæрты тыххæй.

Дзуапдæтджытæ фæбæрæг кодтой, арæзт цы бæстыхæйттæ цæуы, уыдоны кæронбæттæн æмгъуыдтæ, стæй æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ. Хицауады Сæрдар фæсидт бæрнон адæймæгтæм, цæмæй хъуыддæгтæм лæмбынæг цæст дарой, куыс-
тыты хæрзхъæддзинад бæрæг кæной, программæтæ æмæ проектты нысанмæарæзт бæрæггæнæнтæй иуварс ма хизой.

«Мæ бон уый зæгъын у, æмæ нæ уавæртæ нывыл сты. Фæлæ рæстæг уый бæрц нал баззад, хъуамæ афæдзы кæронмæ сæххæст кæнæм, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло нын нæ размæ цы хæстæ æвæры, уыдон. Бæрнон адæм хъуамæ арæзтæдтæм сæ цæст дарой», – загъта Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here