«Иугонд Уæрæсе»: ног нысантæм – уæндон къахдзæфтæй

0
106

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Сæрдар Дмитрий Медведев Паддзахадон Думæйы партийы фракцийы уæнгтимæ фембæлды бафиппайдта,  бæстон бакусын кæй хъæуы 2026 азы бюджетыл. Æппæт социалон фидардзырдтæ  æмæ адæмон программæйæн дарддæр дæр хъуамæ фæрæзтæ уагъд цæуа, сæйрагдæр та – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы мадзæлттæн. Иннæ сæйраг нысан – фидæны азы æвзæрстыты кампанийыл цæттæйæ фембæлын, уым парти хъуамæ æнæмæнг фæуæлахиз уа.

Ацы азы æвзæрстыты рæстæг цы æрфарст уыди, уый бавдыста, «Иугонд Уæрæсе»-йы фарс фылдæр адæм кæй хæцы.

«Мах нæ уавæр дзæвгар фæхуыздæр кодтам. Æмткæй райсгæйæ, нæ бæстæйы цæрджыты 60 проценты рæстæмбис нымадæй сты «Иугонд Уæрæсе»-йы фарсхæцджытæ. Уыцы уæлахизыл стыр куыст бакодтам. Бузныг, регионты æвзæрстыты рæстæг хъазуатонæй чи бакуыста, уыцы депутаттæн. Тагъд рæстæджы нæ райдайын хъæуы 2026 азы æвзæрстытæм нæхи цæттæ кæнын», – загъта Дмитрий Медведев.

Ныхас ма цыдис, адæмон программæ куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй, уымæн æмæ æнтысты сæйраг рахæцæн у адæмимæ куыст.

«Паддзахадон Думæйы æстæм æрсидты рæстæг нæ хъæппæристæй 700 систы закъонтæ. Сæ фылдæр хай – 200 бæрц, баст сты адæмон программæимæ. Æмæ мах æххуысæй йæ сæххæст кæнынæн федералон бюджетæй дихгонд æрцыд 17 триллион сомы», – депутатты зæрдыл æрлæууын кодта партийы Сæрдар.

Хицæнæй ма загъта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты статус фæбæрзонддæр кæнын æмæ се ‘ххуысы мадзæлтты тыыххæй.

«Уый у, 140 закъоны кæм ис, ахæм пакет, æмæ фадат ратдзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, ветерантæ æмæ сæ бинонтæн операцийы фæудмæ æххуысы мадзæлтты инфраструктурæ саразынæн. Уый у, нæ бæстæйы историйы чи нæма æрцыд, ахæм фæлтæрддзинад, уымæн æмæ хæстон быцæудзинад нæма фæци, афтæмæй йæ архайджыты пайдайæн ист æрцыд закъонты стыр пакет. Уый махæн не хæс у», – загъта Дмитрий Медведев.

Партийы Сæрдар ма фæбæрæг кодта, адæмон программæйæн дарддæр дæр æхцайы фæрæзтæ бюджеты хъуамæ фидаргонд кæй æрцæуой, уымæн æмæ социалон зæрдæвæрæнтæ – пенситæ, ныййарджыты капитал, сывæллоны райгуырд æмæ хъомыладимæ баст бинонты капитал æмæ бирæ æндæр хъæппæристæ дарддæр хæццæ кæнын хъæуы. «Сæрмагондæй хъуамæ нæ цæст дарæм социалон фиддонтæ æмæ куысты мызды æппынкъаддæр бæрцы индексацимæ. Президент нын нæ размæ сæвæрдта 2030 азмæ йæ 35 мин соммæ схæццæ кæныны хæс, æмæ йæ æххæст кæнын хъæуы, бюджеты гæнæнтæ хынцгæйæ», – фæбæлвырд кодта Дмитрий Медведев.

Партийы Сæрдар бахæс кодта «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттæн Паддзахадон Думæйы сæ архайд фæхъомысджындæр кæнын партийы инфраструктурæ 2026 азы æвзæрстыты кампанимæ бацæттæ кæныны охыл.

«Уæлдай стырдæр æргом аздахут фæсивæд æмæ волонтертæм. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæрмагондæй – æфсæддон операцийы ветерантæм. «Иугонд Уæрæсе» нæ бæстæйы Президенты сидт нæ хъахъхъæнджыты политикон цардмæ раздахыны тыххæй æххæст кæны. 2024 азы партийы депутаттæ систы сæрмагонд операцийы 304 архайæджы, ацы аз та – 830 адæймаджы.

Мах дарддæр дæр кусын хъæуы, партийы размæ цы хæстæ лæууы адæмон программæ æххæст кæныны тыххæй, уыдоныл, парти æвзæрстытимæ цы адæмон программæимæ цæудзæн, уый ног верси бацæттæ кæнын. Дызæрдыггаг нæу, ацы æмбырды архайджытæй алкæмæ дæр фаг фæлтæрддзинад кæй ис æвзæрстытæм цæттæ кæныны кампани æнтыстджынæй арвитынмæ. «Иугонд Уæрæсе»-йы сæйраг нысан у адæмы царды уаг бæрзонддæр æмвæзадмæ сисын, сæ æрвылбонон царды лыггæнинаг фарстатæ хынцын», — загъта Дмитрий Медведев йæ ныхасы кæронбæттæны.

«Дмитрий Медведев Паддзахадон Думæйы фракциимæ фембæлды бафиппайдта, нæ сæйраг нысан кæй у нæ хъайтартæ æмæ сæ бинонтæн алывæрсыг æххуыс. Нæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны тыххæй тохы быдыры чи ис, уыдон æмæ сæ хиуæттæ, æнæмæнг, хъуамæ сæхиуыл æнкъарой паддзахады ‘рдыгæй узæлд, – загъта Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб. — Сæрмагонд æфсæддон операцийы
райдайæнæй нырмæ ист æрцыд бирæ хъæппæристæ, уыцы
куыст дарддæр цæуы. Афтæ æнæрынцойæ кусæм адæмон программæ æххæст кæныныл, ныридæгæн бавдыста йæ хъомыс æмæ ссис нæ бæстæйы социалон политикæйы сæйраг рахæцæнтæй иу. Абон адæм сæхæдæг кæй æвдисынц, уыцы хъæппæристæ сæ бынат ссардтой закъонты. Фидæны аз нæм æнхъæлмæ кæсы
æвзæрстыты кампани. Раздæрау «Иугонд Уæрæсе» æмбырд
кæндзæн нæ бæстæйы регионты цæрджыты лыггæнинаг фарстатæ, фæндонтæ, æмæ уыдон суыдзысты адæмон программæйы ног версийы бындур», – загъта Мæхъийы-фырт.

 

САНАТЫ Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here