Нæ сæйрагдæр хæзна

0
61

«Мамæ, дæ уарзон газет «Рæстдзинад» та дын посты рафыстон», – афтæ мæм æхсызгонæй æрбадзуры мæ чызг Валя. Æмæ тынг бацин кæнын. Уæдæ та æрвылбон мæ ныхас-æмбал, мæ ныфсы газет «Рæстдзинад»-ы рæвдыдæй хайджын уыдзынæн.

Мæхи кæдæй хъуыды кæнын, уæдæй нырмæ дзы нæ фæхицæн дæн. Æмæ дис фæкæнын, ирон уæвгæйæ, йæхи ирон газетæй чи хицæн кæны, æмæ афтæмæй йæ миддуне чи мæгуыр кæны, уыцы адæмыл.

Тынг æнувыд уыдис газетыл мæ цардæмбал Гобаты Виктор дæр. Æрыгонæй цардыстæм Дзынагъайы, уый фæстæ нæ цæрæнбынат Заводы поселокмæ раивтам, æрцардыстæм диссаджы æнгом сыхбæсты. Фæскуыст-иу изæрыгæтты  къухæй-къухмæ лæвæрдтам газеттæ, афтæмæй-иу адæймагæн йæ фæллад фæцыдæр. Цымыдисагæй дзы цы уыд, уыдон-иу бафснайдтам. Иумæ 48 азы фæцардыстæм, схъомыл кодтам фондз чызджы, ахуыры æмæ куысты фæндагыл сæ сæвæрдтам. Витя, хъыгагæн, немæ нал ис, фæлæ мæ кæстæртæй, уыдоны хъæбултæй дæн рæвдыд.

Фæнды мæ, цæмæй алчидæр рафысса æмæ кæса «Рæстдзинад», уымæн æмæ мыхуыр кæны нæ адæмы цин, нæ рагфыдæлты лæгдзинад, не ’взаджы хъысмæт. Абоны зын рæстæг дæр архайы адæмы иудзинад æмæ хæлардзинад фидар кæныныл, не ’гъдæуттæ æмæ кад бæрзонддæр кæныныл.

Мæ хорз сыхæгтæ, Полтавскаяйы уынгæй Гæбæраты Петр æмæ Верæ, Бузойты Фатимæ, Гуырдзыбегты Томæ, Магкаты Æхсæртæг æмæ Альбинæ,
Бекъуырты Алыксандр
æмæ Маринæ  æмæ иннæтæ дæр æнувыд сты «Рæстдзинад»-ыл. Арæх фæдзурæм кæрæдзийæн, цы бакастыстæм цымыдисагæй газеты, уыдæттыл. Уарзæм хъæлдзæг хабæрттæ, рагон таурæгътæ, республикæйы фæстаг хабæрттимæ зонгæ кæнын.

Уымæй уæлдай ма кæсын журнал «Мах Дуг» æмæ газет «Дигорæ»  дæр.

Бузныг зæгъын редакцийы кусджытæн. Зæрдиагæй архайут, цæмæй æрмæджытæ уой мидисджын, зæрдæмæдзæугæ. Мадæлон æвзаг нæ сæйрагдæр хæзна у. Уымæ гæсгæ йын йæ фидæнмæ  куыдфæндыйы цæстæй ма кæсæм, ма йæ рох кæнæм, сывæллæтты æргом æм раздахæм.

Нæ бæстæ сабыр уæд. Дард Украинæйы, йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ,
Фыдыбæстæ чи хъахъхъæны, уыцы фæсивæд дзæбæхæй, уæлахизимæ  сæ бинонтæм сыздæхæнт!

 

Гобаты-Темырты Майæ,
Заводы поселок

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here