Ипотекон каникултæ

0
49

РИА Новости куыд хъусын кæны, афтæмæй Паддзахадон Думæйы финансон базарады комитетæн амынд æрцыд, цæмæй фыццаг бакасты сфидар кæной сывæллонджын бинонтæн ипотекон каникултæ афæдз æмæ æрдæгмæ исыны закъоны проект.

Документ бацæттæ кодтой Уæрæсейы Президент Владимир Путины амындæй. Куыд загъд æрцыд, афтæмæй закъоны проект фадат дæтты сывæллоны райгуырды, кæнæ йæ сидзæрты хæдзарæй райсыны фæстæ, кæнæ, фæстæдæр чи райгуыра, уый тыххæй ипотекон каникултæ райсын 18 мæйы дæргъы. Уыимæ, лæвæрд цæудзысты, бинонты æфтиæгтæ нæ нымайгæйæ.

Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин куыд загъта, афтæмæй уый руаджы сæ бон бауыдзæн бинонты цур уæззау уавæрты балæууын. Ома, цалынмæ ныййарæг ноггуырдмæ кæса, уæдмæ йæ бон нæу куыстмæ рацæуын.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here