Цæгат Ирыстоны 2025 азы бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбоны бындурон цалцæджы адрисон программæ куыд æххæстгонд цæуы, ууыл цыди ныхас, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым. Мадзалы архайдтой дзуапдæттæг министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, муниципалон скондты сæргълæу-джытæ.
Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бындурон цалцæджы программæйæн
цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадон къабазы ис стыр нысаниуæг, æмæ, куыд æххæстгонд цæуы, уыимæ баст у граждæнты цардыуаджы хæрзхъæддзинад.
Программæ ацы аз царды уагъд куыд цæуы, уыимæ æмбырды архайджыты базонгæ кодта республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы
министр Хъараты Тимур. Сæ зæрдыл сын æрлæууын кодта, 2014 азæй 2024 азмæ цалцæггонд кæй æрцыд 346 бирæфатерон хæдзары, сæ иумæйаг фæзуат – 1,3 милуан квадратон метры, куыстыты аргъ схæццæ 1,7 милуан соммæ. Уый
руаджы сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кодтой 50 мин адæймаджы.
Ацы аз та бындурон цалцæг æрцæудзæн 75 бирæфатерон хæдзары
иумæйаг исбон.
Хъазуатонæй архайд цæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты лифттæ баивыныл. Пъланмæ гæсгæ цы 102 лифты хъуамæ баивой, уыдонæй ныры онг æвæрд æрцыд æмæ кусы 95.
Республикæйы фатерты хицæуттæ дзæвгар хуыздæр фидын райдыдтой бындурон цалцæгæн фиддонтæ. Уый та уымæн, æмæ граждæнтæ бирæфатерон хæдзæртты капиталон цалцæджы программæйы фæстиуджытæ сæхиуыл æнкъарынц æмæ сæ фиддонтæ хæссынц бындурон цалцæджы фондмæ.
Дзанайты Барис бахæс кодта лæмбынæг æркæсын подрядон организациты цалцæджы куыстыты хæрзхъæддзинад æмæ æмгъуыдтæм, фиддонтæ куыд хаст цæуынц, уымæ. Разамынддæттæг компанитæн та бафæдзæхста уыцы мадзæлтты сæрæндæрæй архайын.
– Бирæ хъуыддæгтæ конд цæуы программæйы фæлгæты, фæлæ ма ноджы фылдæр та хъæуы саразын. Уыцы куыстыты хæрзхъæддзинад æнгом баст у нæ республикæйы цæрджыты царды уаг æмæ бирæфатерон хæдзæртты уавæримæ. Ноджы уæрæхдæр нæ архайын хъæуы лифттæ баивыны программæйы дæр. Республикæйы Сæргълæу-уæг Сергей Меняйло уыцы ахъаззаг куыстытæ нымайы сæйрагдæртыл, – загъта Хицауады Сæрдар.
ГАПБАТЫ Алетæ














