Æгæрон бузныг

0
51

Рæстæджы цыдимæ нæ иуæй-иу хабæрттæ ферох вæййынц, фæлæ кæддæры мæт æмæ сагъæс адæймаджы зæрдæйы фыстæй баззайынц.

Уæ фарн бирæ, аст азы размæ фыццаг хъæбулы райгуырдмæ æнхъæлмæ кастыстæм. Дохтырты амынддзинæдтæ, куыд æмбæлы, афтæ æххæст кодтон, уымæ гæсгæ æппындæр хъуамæ мацы æнæнхъæлæджы къуылымпытæ уыдаид.

Фыдæлтæ хуымæтæджы нæ дзырдтой, цард тæбæгъы донæй уæлдай нæу, кæдæм фæкъул уыдзæн, уый ничи зоны, зæгъгæ. Афтæ рауадис, æмæ  дохтыры æнæрхъуыдыдзинад, йæ зивæджы аххосæй  сывæллон райгуырд æмгъуыдæй бирæ фæстæдæр. Уый фæзынд йе ‘нæниздзинадыл: уыд лæмæгъ, аппараты æххуысæй улæфыд.  Комкоммæ мын ницы дзырдтой арæндоны кусджытæ, фæлæ æмбарын кодтой сывæллоны уавæр. Йæ низыхатт ын куы сбæрæг кодтой, уæд, нæ бон ницы у, зæгъгæ, карз тæрхон рахастой. Ныййарæджы зæрдæйы уыцы рыст ницæимæ ис абарæн. Бинонтæ, хæстæджытæ иууылдæр мæты бацыдысты. Лæгъстæ бæргæ кодтам, сывæллæтты реанимацимæ йæ цæмæй аласой, фæлæ, тæссаг кæй уыд, уымæ гæсгæ  нæ разы кодтой, уæддæр уын нал аирвæздзæн, зæгъгæ.

Нæ хъысмæт куыд уыдаид, чи зоны. Уæд мæ фыд телефонæй бадзырдта Бутаты Майрæмы фырт Таймуразмæ. Хабар куыд у, афтæ йын æй бамбарын кодта. Республикæйы зындгонд адæймаг, Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны
сгуыхт дохтыр йæхи бирæ хъуыддæгтæ ныууагъта æмæ нæ фарсмæ æрбалæу-
уыд. Медицинон æхсæнады йæ ныхасы кад æмæ фарн кæмæн ис, Хуыца-уæй æрвыст уыцы адæймаг ссис нæ ирвæзынгæнæг. Уæззау рынчын ноггуырд лæппуйы æвæстиатæй аскъæфтой Сывæллæтты клиникон рынчындонмæ. Фæлтæрдджын дохтыртæ арæзтой æппæт мадзæлттæ дæр, тыхджын хостæ йын кодтой, æз та сын алы бон сæ цæстæнгасмæ кастæн.

Æвæдза, сабийы удæнцойæ хуыздæр ницы ис. Æстдæсæм бон Аслан йæхæдæг куы сулæфыд, уæд мæ цины цæссыгтæ нал урæдтон. Бонæй-бонмæ фидардæр кодта, йæ уæзыл æфтын райдыдта. Абон у дыккæгæм къласы ахуырдзау, разæнгардæй цæуы скъоламæ, уарзы хъæбысæй хæцын, пуртийæ хъазын, йæ кæстæр æфсымæр æмæ хойæн у ныфс.

Ацы бон Бутаты Таймураз бæрæг кæны йæ райгуырæн бон. Мады зæрдæйæ  арфæ кæнын нæ хъæбулы ирвæзынгæнæгæн. Царды бирæ хорздзинæдтæй хайджын у, Таймураз, æнæкæрон бузныг дæ стæм æмæ цæргæбонтæм – хæсджын.

 

Айларты Каринæ, Алагир       

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here