Ирон адæммæ ахæм æмбисонд баззад: «Сылгоймаг – цардаразæг, сылгоймаг – цардхалæг». Сылгоймаджы рæдау арм æмæ фидар зондæй царды мидæг тынг бирæ аразгæ у, уæлдайдæр та ныртæккæйы æмтъеры рæстæджы. Нæ сабыр цардмæ нын алырдыгæй лæбурынц. Нæ фæсивæды, нæ нæлгоймæгты фылдæр хай тохы быдыры знаджы ныхмæ хъæбатырæй лæууынц. Æмæ та ныр дæр, бирæ æнусты размæ куыд уыдис, афтæ царды уæз, рæзгæ фæлтæры хъомылады хæс, æхсæнады риссаг фарстатæ сылгоймаджы уæхсчытыл æрæнцадысты.
Æмархайд, фæлмæнзæрдæ, таучел, хæрзгæнæг – ахæм дзырдтæй схорзæхджын кæнæн ис æхсæнадон змæлд, сæйрагдæр архайджытæ сылгоймæгтæ кæм сты, уый. Æмæ куыд нæ?! Чи батыхсдзæн æмæ барæвдаудзæн, чи бауызæлдзæн æмæ баххуыс
кæндзæн бахъуаджы сахат сылгоймаджы хуызæн? Дунесфæлдисæг ын дзæгъæлы нæ балæвар кодта йе ‘ппæт миниуджытæй дарддæр тæнзæрдæдзинад, хъæрмуд, тæригъæдад.
Къорд азы Рахизфарсы районы Сылгоймæгты советы сæргъы лæууы Тараты Зауырбеджы чызг Людмилæ. Егъау æмæ ахсджиаг куыст цæуы сæ иугонды. Районы алы хъæуы дæр куырыхон, дзырддзæугæ æмæ æгъдауылхæст сылгоймæгтæй арæзт æрцыд æмуынаффæйæдтæ. Цæмæй сæ куыст пайда æмæ ахъазджындæр уа, уый тыххæй Людмилæйы хъæппæрисæй Заманхъулы хъæуы рæсугъддæр бынæттæй иуы, æрдзы хъæбысы, уыдис иумæйаг æмбырд сылгоймæгтæн. Уым скодтой хатдзæгтæ æмæ сæ размæ сæвæрдтой ног хæстæ.
Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ ацы дзæнæты бынат, алæмæты æрдз кæм ис, дзæгъæлы нæ равзæрстой. Фыццаджыдæр, мах хъуамæ зонæм æмæ аргъ кæнæм, цы диссаджы бынаты цæрæм, уымæн. Дыккаджы, ма рох кæнæм, ацы дуне тынг тæссон кæй у, уый. Ахæм фембæлдтытæ тынг ахсджиаг сты. Иу хабар у гæххæттыл фыстытæ кæсын, иннæ та – æмхицдзинад, комкоммæ ныхасы хатдзæгтæ кæнын. Иу хицæндзинад ма уыдис ацы мадзалы – фембæлд уыд хæлар æмæ хуымæтæг уавæры, алкæмæн дæр йæ хъуыдытæ æргом зæгъыны бар уыдис. Кæд Тараты Людмилæ ацы бæрнон бынаты бирæ нæ кусы, уæддæр ын тынг бирæ бантыст. Уый канд размынд нæ дæтты, фæлæ ма адæмы зæрдæмæ фæндаг ссары, æмæ уыдон дæр Людмилæйыл баууæндыдысты.
Раздзоджы хъæу нæ республикæйы гыццылдæр хъæутæй иу у, фæлæ йæ уидæгтæ Ирыстоны историйы тынг арф ацыдысты. Æрæджы 185 азы сæххæст, ацы бæстыхайы немыцаг колонисттæ диссаджы цæрæн бынат куы сарæзтой, уæдæй нырмæ. Абон дæр ма хъæу хуыйны Эммаус, стæй немыцæгты арæзт цæрæн хæдзæрттæ дæр баззадысты.
Ацы цауы фæдыл Людмилæйы хъæппæрисæй арæзт æрцыд тынг стыр æмæ ахсджиаг бæрæгбон. Хуынд æм æрцыдысты Ирыстоны цæрæг немыцæгты диаспорæйы минæвæрттæ, нæ республикæ æмæ районы хицауад, æхсæнадон змæлдты минæвæрттæ, дины кусджытæ, зындгонд адæм, культурæ æмæ спорты архайджытæ.
Ирон адæмы хъысмæты арф фæд ныууагътой сæрмагонд æфсæддон операцийы фæстиуджытæ – хъыг, зæрдæхалæн æмæ фыдохы цаутæ.Нæ чысыл Ирыстонæй бирæ фæсивæд сæ цард снывонд кодтой сабырдзинадæн, сыгъдæг арвæн. Цæмæй хъæбатырты нæмттæ рох ма уой, се сгуыхтдзинад æнусты цæра, æмæ рæзгæ фæлтæр уыдоны лæгдзинадыл ахуыр кæна, уый тыххæй нæ районы алы скъолайы дæр байгом кодтой номарæн фæйнæджытæ зынгхуыст æфсæддонты хуызистытимæ, культурæйы артдзæстыты сæмбæлдысты хæстонты бинонтæ æмæ хиуæттимæ. Рохуаты нæ баззадысты цæф æфсæддонтæ дæр. Советы уæнгтæ сæ арæх бабæрæг кæнынц лæвæрттимæ рынчындоны. Тохы быдыры чи ис, уыдонæн дæр цалдæр хатты арвыстой аудæн æххуыс – куыд дарæс æмæ хæлц, афтæ æхцайы фæрæзтæ дæр.
Нæ районы цыбыркъух бинонтæн, сæ бон хъæугæ уагыл сæ сабиты скъоламæ бацæттæ кæнын кæмæн нæу, уыдонæн дæр Людмилæ æмæ къорды уæнгтæ скæнынц аккаг æххуыс.
Æрæджы ма нæ республикæйы зындгонд æхсæнадон архайджытæй иу – Мамсыраты Дзæмбеджы фырт Таймуразæн уыд йæ юбилей. Рахизфарсы районы сылгоймæгты совет ын скъолаты скодта кадджын мадзæлттæ Таймуразы фыст чиныг «Дæ мæсыг самай»-ы бындурыл.
Фарон хæстæфхæрд Донецкы сабитæ Ирыстоны санатори «Юность»-ы куы улæфыдысты, уæд дæр та советы уæнгтæ аудæн куыст бакодтой, бабæрæг кодтой данецкаг сывæллатты.
Рохуаты не сты нæ районы сабитæ. Бæрæгбæттæм, уæлдайдæр та Ног азы, скæнынц сын зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Бирæ дзурæн ис, цыбыр рæстæгмæ Рахизфарсы районы Сылгоймæгты иугонд цы стыр куыст бакодта, ууыл. Ноджы фылдæр ма сæм ис фидæны фæндтæ æмæ пълæнттæ. Æмæ нæ фидарæй уырны, сæ къухы кæй бафтдзысты. Æмгуыст кæнынц районы администраци, ахуырад, культурæ, æхсæнадон организацитимæ. Иудзинад æмæ æмбарындзинад кæм уа, уым ис куыст, стæй фæстиуджытæ.
Иудзинад æнтысты æнæмæнг ратæдзæн у. Цалынмæ Рахизфарсы районы сылгоймæгты æмуынаффæйады уæнгтæ, сæ сæргъы – Тараты Людмилæ, афтæмæй сæ куыст кæной, уæдмæ Ирыстонæн мынæг кæнæн нæй.
Сокаты Людæ, æхсæнадон уацхæссæг














