Нымæцон технологитæ рахатынæн

0
126

Веселæйы хъæуы астæуккаг скъолайы нырыккон медиацентр байгом кæныны кадæн кæй сарæзтой, бæстæйы Национ гвардийы  æфсæдты федералон службæйы Мæздæджы авиацион полчъы æфсæддон службæгæнджытæ архайдтой ахæм æмбырды.

Амынд ахуыргæнæндон бæстæйы æхсæнад «Зонындзинад»-ы æмæ Рухсады министрады грант кæй райста, уый фæрцы уыд медиацентр байгом кæныны фадат. Сæрмагонд репортажтæ æмæ сюжетты фæрцы амынд æфсæдты рæнхъыты службæ скадджын кæнынмæ арæзт чи у, конкурсон курдиатмæ хаудта æфсæддон службæгæнджытæ æмæ ахуырдзауты ‘хсæн ахæм æмгуыстады гæнæнтæ равдисыны хъуыддаг.

Кадджын æмбырды архайдтой авиаполчъы разамынд æмæ районы администрацийы минæвæрттæ, стæй ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ.

– Медиацентр нырыккон техникæйæ кæй сифтонг кодтам, стæй районы профессион журналисттæн кæй æххуыс кæнæм, уыдæттæ ахуырдзауты сфæлдыстадон рæзтæн ахъаз кæнынц, скъоладзаутæ нырыккон нымæцон технологитæй пайда кæнын базонынц, – ныхас кæнгæйæ, загъта майор Илья К.

Скъолайы коллектив гвардионтимæ иумæ кæй бацæттæ кæнынц, нырæй фæстæмæ медиацентры фæрцы ахуырдзаутæн уыдзæн уыцы иумæйаг мадзæлтты тыххæй хæдбарæй медиа æрмæджытæ цæттæ кæныны фадат.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here