2025 азы январы-июны кусæндæтты зилдухы бæрц (хи уагъд æвгæд товарты, стæй хи хъарутæй æххæстгонд куыстытæ æмæ лæггæдты аргъ, æндæр ран æлхæд товартæ уæй кæнынæй ист æфтиаг) рауад 31022,0 милуан сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, архайæг æргътæй нымайгæйæ, 108,7%.
2025 азы январы-июны, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, промышленнон куыстады индекс рауад 78,2%.
Лыстæг хуыр æмæ чъырдуры куыстады бæрц кæй фæфылдæр, уый фæрцы пайдайаг къахинæгты амалкæнынады куыстады индекс рауад 104,1%.
Дзидзайæ конд хойраг – 8,8%, нæлхæ – 20,1%, сæлдæгтæ – 11,6%, спъирт – 20,8%, суæрттæ æмæ æнæадджынгонд газджын дон –17,2%, æндæр уæнгроггæнæн нозт – 12,0%, сæрмагонд уæлæдарæс – 2,5%, авджын бæрцуæттæ – 12,9%, æнæ арматурæйæ полимерон къæйтæ, сыфтæ, пленкæтæ æмæ уадздзæгтæ – 3,0%,
бæстыхæйттæн арæзтадон блоктæ æмæ æндæр дзаумæттæ та – 10,5% къаддæр кæй рауагъдæуыд, уый нымайгæйæ 2025 азы январы-июны хомагкусæг куыстады индекс рауад 79,6%.
Уыцы-иу рæстæг къалбæстæ рауагъдæуыд – 12,5%, æхсыр – 33,9%, цыхтытæ – 40,2%, къæдор – 21,7%, туаг æхсырæй конд хойраг – 31,8%, дзултæ æмæ гуылтæ – 5,9%, адджинæгтæ – 52,8%, водкæ – 14,8%, сырсыраг æмæ шампайнаг сæнтæ – 33,1%, бæгæны – 8,3%, æнæуафт æрмæджытæ – 2,7%, керамикон
агуыридур – 3,0%, товарон бетон – 0,6%, асфальт та – 2,2 хатты фылдæр.
Электрон тыхæй, газ æмæ доны тæфæй æфсисадæй; уæлдæф сыгъдæг кæнынæй куыстады индекс рауад 105,9%.
Донæй æфсисадæй; дон иуварс уадзынæй, æппарæццæгтæ æмбырд кæнын æмæ сæ æфснайынæй, чъизидзинæдтæ иуварс кæныны фæдыл архайдæй куыстады индекс рауад 52,4%.
2025 азы январы-июны экономикон архайды хуыз «Арæзтад»-мæ гæсгæ æххæстгонд куыстыты бæрц рауад 10411,0 милуан сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 81,4% (2024 азы январы-июны – 93,3%).
2025 азы январы-июны сарæзтæуыд 316552 квадратон метры цæрæнуæттæ, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 9,2% къаддæр (дыргъдон цæхæрадæттæ дарынæн зæххы хæйттыл арæзт хæдзæрттæ дæр нымайгæйæ). Хицæн адæймæгтæ кæй сарæзтой, уыцы хæдзæртты хай æппæт цæрæнуæтты бæрцæй рауад 42,9% (иумæйаг фæзуатæй 135914 квадратон метры, ома, 2024 азы уыцы
рæстæгимæ абаргæйæ, 16,6% къаддæр).
2025 азы январы-июны æппæт хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ (хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ, зæхкусæг (фермерон) хæдзарæдтæ, цæрджытæ) рауагътой 6809,4 милуан сомы бæрц продукци, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 100,9% (2024 азы январы-июны – 100,9%).
Зайæгойты куыстад. Уалдзыгон хыгъды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æппæт хуызты хæдзарæдты ацы азы тыллæджы хуымты фæзуат рауад 166,8 мин гектары, ома, фаронимæ абаргæйæ, 8,3% къаддæр. Респуб-ликæйы быдыртæ фылдæр фæзуат (77,2%) радих кодтой хоры æмæ хорыкæрддзæмджын культуртæн (нартхор нымайгæйæ), уыимæ, мæнæуы хуымтæ бацахстой фæзуаты 19,8%, техникон культуртæ та – 17,8%.
Хуымты иумæйаг фæзуатæй хъæу-уонхæдзарадон куыстуæтты хай рауад 52,2%, зæхкусджыты (фермерон) хæдзарæдты æмæ хицæн амалиуæггæнджыты хай та – 32,0%.
Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, ацы аз республикæйы хъæууонхæдзарадон культуртæ æфснайын райдыдтой дыууæ къуырийы фæстæдæр. 2025 аз 1 июлы уавæрмæ гæсгæ, хоры æмæ хоры-кæрддзæмджын культуртæ æркарстой æмæ æрнай кодтой 3,0 мин гектарыл, ома, фароны уыцы бонимæ абаргæйæ, 51,9% къаддæр. Амынд бонмæ гектарæй хоры культуртæ æрæмбырд кодтой 4,4 центнеры, ома, фароны бæрæггæнæнимæ абаргæйæ, 84,6% къаддæр.
Фосдарынад. Ранымадмæ гæсгæ, 2025 азы июны кæрон æппæт хуызты хæдзарæдты уыд стурвосы 94,9 мин сæры (ома, фаронимæ абаргæйæ, 2,4% къаддæр), адонæй хъуццытæ уыдысты 38,7 мин сæры (4,8% къаддæр), хуытæ – 8,1 мин сæры (36,0% къаддæр), фыстæ æмæ сæгътæ – 78,8 мин сæры (44,8% къаддæр), мæргътæ та – 1134,2 мин сæры (2,2% къаддæр).
Ранымадмæ гæсгæ, 2025 азы январы-июны æппæт хуызты хæдзарæдтæ æргæвдынæн рауагътой 21,2 мин тоннæйы фос æмæ мæргъты (удæгас уæзæй нымайгæйæ), 106,5 мин тоннæйы æхсыр, стæй 37,6 милуан айчы.
2025 азы июны кæрон, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ фос æмæ мæргътæ æргæвдынæн (удæгас уæзæй нымайгæйæ) рауагътой 15,6%, æхсыр – 8,3%, æйчытæ та – 33,7% фылдæр.
2025 азы январы-июны автомобилон транспорты уæзæгты зилдухы бæрц рауад 4694,1 милуан сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 0,4% фылдæр (2024 азы январы-июны – 75,5%), бæлццæтты зилдухы бæрц та 15,9%
фæкъаддæр (2024 азы январы-июны – 98,4%).
2025 азы январы-июны розницæйы базарады зилдухы бæрц рауад 98061,6 милуан сомы, ома, ивгъуыд азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 3,2% фылдæр. Базары æддæ архайæг базарадон кусæндæтты æмæ хицæн амалиуæггæнджыты зилдухы бæрцыл бафтыд 2,0%, розницæйы базартæ æмæ армукъаты та товартæ ауæйчындæуыд 6,7% фылдæр.
2025 азы январы-июны æхсæнадон хæлцы зилдухы бæрц рауад 5173,0 милуан сомы, ома, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 12,2% фылдæр.
2025 азы январы-июны оптон базарады зилдухы бæрц рауад 33267,0 милуан сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 27,3% къаддæр.
2025 азы январы-мартъийы адæмæн æхцайыл лæггæдты зилдухы бæрц, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, рауад 21909,6 милуан сомы, ома, ивгъуыд азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 11,1% фылдæр.
2025 азы июны кæрон, 2024 азы декабримæ абаргæйæ, товартæ æмæ лæггæдты фæлхасадон æргътыл бафтыд 3,3%, уыимæ, хойраджы æргътыл – 3,7%, промышленнон товарты æргътыл – 2,5%, лæггæдты æргътыл та – 3,7%.
2025 азы январы-майы куыстуæтты кæронбæттæн финансон бæрæггæнæн рауад æвæрццæг уагæй, йæ бæрц уыд 719,3 милуан сомы. Æфтиæгтæй фылдæр кæй хæрдзтæ сты, 2025 азы январы-майы ахæм куыст-уæтты бæрц, 2024 азы январы-майимæ абаргæйæ, 1,0 процентон хайы фæкъаддæр æмæ рауад 46,6%.
2025 азы январы-майы хуымæтæджы рæстæмбис нымад мызды бæрц рауад 50392,6 сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 13,0% фылдæр. Амынд заман æцæг мызды бæрц рауад 103,1%.
Паддзахадон статистикæйы
федералон службæйы
Цæгат Кавказы федералон
зылды управлени














