Æфсымæрты æнусон зарæг

0
63

Цыппæрæм октябры Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон театры сценæйыл ирон адæм сбæрæг кодтой Джусойты Нафийы 100 азы æмæ Хаджеты Таймуразы 80 азы юбилейон бæрæгбон. Дыууæ дæр ирон литературæмæ се стыр бавæрæнæй уæлдай, Нафи уырыссаг, стæй кавказаг фысджыты литературæйæн бацыди стыр хæрзты. Уымæ гæсгæ, Ирыстоны дзыллæтæй дарддæр, бæрæгбонмæ уазджытæ æрбацыдысты Мæскуыйæ, Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæнæй, Дагестанæй, Хъæрæсе-Черкесийæ, Абхазæй, стыр делегаци – сæ райгуырæн Хуссар Ирыстонæй.

Юбилейон мадзал байгом æнкъард нывæй. 1932 азы, 14 февралы Хуссар Ирыстоны Арашендайы хъæуы (ныртæккæ Ногхъæу) рацыд стыр митзæй æмæ фæхаста Джусойты мыггаджы æнæхъæн хъæуæй. Фæмард 96 адæймаджы, уыдонæй 52 — сывæллæттæ. Цы иугай хæдзæрттæ ма дзы аирвæзт, уыдонимæ Джусойты Гришæйы хæдзар дæр æд бинонтæ, уыдонимæ – авдаздзыд Нафи дæр. Сценаримæ гæсгæ, чысыл Нафимæ балыгъд йæ мад æмæ йыл ныттыхст, Хуыцау дæ дæ адæмы сомбонæн аирвæзын кодта, зæгъгæ. Уый фæстæ азæлыд Нафийы номыл героикон зарæг.

Сценæмæ схызт Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз æмæ арфæ ракодта уазджытæ æмæ изæр саразджытæн. Уый фæстæ сценæмæ фæхуыдта зындгонд абхазаг поэт, Ирыстоны уæлдæр хæрзиуæг «Во Славу Осетии»-йы кавалер, Нафийы хуыздæр хæлæрттæй иу — Геннадий Аламиайы. Уый радзырдта Нафиимæ сæ бирæ азты хæлар-дзинады тыххæй.

«Ирыстоны зæхх хъæздыг æмæ бæркадджын у, Къоста æмæ Нафийы хуызæттæ кæм
райгуырдысты. Таймуразы, хъыгагæн, хорз нæ зыдтон, стæй цардæй раджы ацыди, фæлæ йæ, Мæскуыйы ахуыр кæнгæйæ, хъуыды кæнын. Тынг курдиатджын, йæ иу бакаст дæр нæртон лæджы хуызæн уыди. Нафи абхазаг литературæйæн цас сарæзта, уыдон дардыл нымаинаг сты. Уый ирон æвзагмæ раивта мæхи, стæй Дмитрий Гулиа, Баграт Шинкуба, Платон Бебиа æмæ æндæрты æнæмæлгæ уацмыстæ. Æз иронау кæй зонын, стæй Къостайы «Ирон фæндыр» абхазаг æвзагмæ кæй ратæлмац кодтон, уый дæр Нафийы руаджы уыд. Никуы мæ ферох уыдзæн, Хуссар Ирыстонмæ нæуæдзæм уæззау азты гуманитарон æххуыс куыд аластам æмæ нæ Дзауæй дарддæр куыд нæ ауагътой, тæссаг кæй уыд, уый тыххæй. Уæд æрлæууыдыстæм нæ хæлар Челæхсаты Хъазыбе-джы хæдзары. Нæ дисæн кæрон нал уыд, иуафон Нафи уым куы æрбалæууыд, уæд. Йæ къухы – стыр хызын, мæнæн уæд Хуссар Ирыстоны чи рацыд, уыцы æмдзæвгæты чингуытимæ. Куыд рахызт уыцы тæссаг фæндæгтыл, уый абон дæр нæ зонын, фæлæ уыцы хорздзинад мæнæй никуы ферох уыдзæн».

Уый фæстæ, ирон литературæмæ стыр æвæрæн кæй бахас-та, уый тыххæй Геннадий Аламиа хорзæхджын æрцыд Цæгат Ирыстоны Культурæйы сгуыхт кусæджы кадджын номæй.

Филологон зонæдты доктор, профессор Плиты Гацыр Нафи æмæ Таймуразы литературон фæндæгты тыххæй, йæ мысинæгтæ радзырдта. Стæй сценæмæ рахызт цæцæйнаг фысджыты делегаци: Цæцæны республикæйы Парламенты Сæрдары хæдивæг Аднан Нагаев, Цæцæны адæмон фыссæг Асламбек Тугузов, прозаик Мовла Гайраханов. Уыдон радзырдтой Нафи æмæ цæцæйнаг фысджытæ Магомед Мамакаев æмæ  Абузар Айдамировы хæлардзинады тыххæй.

Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд Кæсæг-Балхъары фысджыты делегацийæн,
республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Муталип Беппаев æмæ журнал «Минги-Тау»-ы сæйраг редактор Аскер Додуевæн. Уыдон дæр бирæ хъарм ныхæстæ загътой Нафи æмæ Таймуразы тыххæй. Изæр амонæг Æлбегаты Алан та бакаст балхъайраг ахуыргонд, Нафийы хæлар Адам Гутовы Арфæйы фыстæг.

Нафи æмæ йæ кæстæр æфсымæр Хаджеты Таймуразы цард æмæ сфæлдыстадыл, стæй сæ мысинæгтæ радзырдтой Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис, Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы разамонæджы
æххуысгæнæг Плиты Инал, кавказаг Фысджыты клубы уæнг Сакинат Абаева, дагестайнаг журнал «Дружба»-йы сæйраг редактор Гамзат Изютдинов, Нафи æмæ Таймуразы хæлар Челæхсаты Хъазыбег æмæ иннæтæ. Сæ бинонты царды тыххæй радзырдта, стæй Нафи æмæ Таймуразыл йæхи фыст æмдзæвгæ бакаст сæ кæстæр хо Мери. Цæгат Ирыстоны раздæры Президент Дзасохты Алыксандр æмæ Расул Гамзатовы чызг Салихат Гамзатова та видеохуызы æрбарвыстой сæ арфæтæ.

Кадджын мадзалы къаддæр загъд æрцыд Нафийы кæстæр æфсымæр, стыр курдиатджын поэт Хаджеты Таймуразы тыххæй. Уымæн æмæ уый цардæй 51-аздзыдæй ацыд йе ‘нусон дунемæ. Фæлæ йæ дисса- джы поэзи цæрдзæн æнустæм. Уый хуыдтой ирон Есенин, у 10 поэтикон æмбырдгонды автор. Йе ‘мдзæвгæтæ тæлмацгонд æрцыдысты бирæ æвзæгтæм.

Кæронбæттæны Джусойты номæй арфæйы ныхæстæ изæр саразджытæ æмæ уазджытæн загъта Джусойты Тарзан: «Абон стыр бæрæгбон у канд нæ мыггагæн нæ, фæлæ Ирыстонæн, стæй æнæхъæн Кавказæн дæр. Уымæн æмæ Нафи æмæ Таймуразы кад Ирыстоны арæнтæй раджы ахызти. Сымах абон рæстæг ссардтат æмæ æрбацыдыстут нæ циныл нын бацин кæнынмæ, æмæ уын стыр бузныг зæгъын. Уæлдай арфæ ракæнын мæ фæнды журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ æмæ йæ коллективæн, стæй Парламенты депутат Уататы Зелимæн. Уыдон, бирæ зындзинæдты сæрты ахизгæйæ, сарæзтой æппæт дæр, цæмæй ацы бæрæгбон сбæрæг кæнæм, æмæ сын стыр бузныг зæгъын нæ мыггаджы номæй».

Мадырвадæлтæ Хуыгаты номæй ма бузныджы ныхæстæ, стæй йæ мысинæгтæ загъта Сунжæйы скъолайы директор Хуыгаты Æхсар. Нафи æмæ Таймуразæн сæ райгуырдæй сæ мæлæтмæ, стæй абоны онг чидæриддæр балæггад кодта, уыдонæн бузныг загъта сæ хо Клавдия.

Таймуразы музæтæ, йæ цард ын æндæр æмæ æндæр азты чи срæсугъд кодта, уыдонæн, Дамбегты Иринæ æмæ Коцты Юляйæн балæвар кодтой дидинджыты бæстытæ.

Бафиппайын хъæуы уый, æмæ юбилейон изæры цыдæриддæр культурæ, аивадимæ баст фарстатæ уыд, уыдон зæрдиагæй сæхимæ райстой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны аивадон къордтæ, артисттæ. Мадзалы архайджытæ зæрдиа-гæй бакастысты сценæйыл æвæрд экраныл Нафи æмæ Таймуразы цард æмæ сфæлдыстадимæ баст видеоæрмæджытæ æмæ къамтæм.

Нафи æмæ Таймуразæн ацы аз февраль æмæ мартъийы мæйты сæ юбилейон бонтæ скъолаты æмæ библиотекæты сбæрæг кодтой, уæддæр журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты-Уаниты Оксанæйæн нырмæ йе ‘нæнцой зæрдæ не ‘рсабыр. Уый йæм фаг нæ фæкаст, стыр адæймæгтæн стыр сценæйыл хъуамæ скад кæнæм, зæгъгæ. Æмæ кæд бирæ цæлхдурты сæрты ахызт, уæддæр, цалынмæ уыцы стыр хъуыддаг йæ къухы бафтыд, уæдмæ не ‘рлæууыд. Йæ фарсмæ æрбалæууыдысты йæ коллектив, йæ хæдивæг Къелойты Альбинæ æмæ шеф-редактор Æлборты Дианæ, продюсер Моргуаты Ладæ æмæ режиссер Пагæты Фатимæ.

Сæрмагонд ныхасы аккаг у Парламенты депутат Уататы Зелим. Уый Нафийæн йæ удæгасæй абоны онг дæр бирæ лæггад фæкодта æмæ кæны. Йæ рынчынæй дæр æм æдзух цыд рынчынфæрсæг Челæхсаты Хъазыбег æмæ Хуссар Ирыстоны раздæры Президент Бибылты Анатолиимæ. Стыр лæггæдтæ йын бакодта йæ зианы рæстæджы дæр. Ныр та ацы мадзалы хæрдзтæ дæр райста йæхимæ. Стыр
ахуыргонд æмæ фыссæгæн йæ ном цæрдзæн æрмæстдæр уæд, йæ адæм ын кад куы кæной, йæ хорз хъуыддæгтæ йын адæмы размæ куы хæссой. Уыдонæй сты Оксанæ æмæ Зелим дæр, æмæ сын нæ сæртæй ныллæг кувæм. Стыр бузныг уын, нæ мыггаджы, стæй Ирыстоны номæй.

 

ДЖУСОЙТЫ Нинæ,
газет «Хурзæрин»-ы
уацхæссæг Цæгат Ирыстоны

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here