Ацы бонты Дзæуджыхъæуы уазæгуаты уыдысты Хъырымы республикæйы горæт Симферополы администраци æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Фысымтæ æмæ уазджытæн пайдайаг фембæлдтытæ уыд дыууæ горæты ’хсæн уæрæх æппæтвæрсыг æмгуыстад райрæзын кæныны фæдыл.
Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты администрацийы пресс-службæ.
Муниципалитеты агъуысты цы фембæлд уыд, уым Дзæуджы-хъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæу-уæг Милдзыхты Вячеслав æмæ Симферополы мэр Виктор Агеев бафыстой Æмгуыстады бадзырд.
Документы куыд загъд ис, афтæмæй дыууæ горæты ’хсæн рапарахат уыдзæн æнгом æмархайд экономикæ æмæ туризмы, промышленность æмæ базарады, культурæ æмæ ахуырады къабæзты. Уымæй уæлдай, дыууæ регионы минæвæрттæ бакусдзыс-ты иумæйаг социалон хъæппæрис-тæ æмæ хæрзаудæн проекттыл дæр.
Бадзырд бафыссыны фæстæ Милдзыхты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг Дзæуджыхъæу æмæ Симферополы минæвæрттæ сфидар кæндзысты «горæттæ-æфсымæртæ»-йы уагæвæрд дæр.
«Мах хъырымæгтимæ рагæй дæр æнгом кæнынц бирæ зынгæ историон æмæ культурон цаутæ. Дзæуджыхъæу æмæ Симферополæн бындур дæр æвæрд æрцыд иу рæстæг – 1784 азы. Дыууæ горæты дæр сты бирæнацион, сæ цæрджытæ хицæн кæнынц хæлар ахастдзинæдтæ æмæ уазæгуарзондзинадæй. Ныфс мын дæтты, нæ дарддæры æнгомдæр æмгуыстадæн хорз бындур æмæ уæрæх фадæттæ кæй ис, уый», – бафиппайдта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг.
Ирыстоны уазджытæн уыд æндæр фембæлдтытæ дæр, хъуыддаджы ныхасæй уæлдай, фысымтæ симферополæгтæн скодтой бæстæзонæн балц дæр.
Калманты Аслан














