Ирон лæджы куы бафæрсай, кæмæй у сæрыстыр нæ Ирыстон, зæгъгæ, уæд, æвæццæгæн, бирæ нæ разындзæни, Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы ном чи нæ зæгъа, ахæм.
Иры цыт æмæ намыс, Иры лæугæ хох æмæ цæугæ мæсыг Къостайы райгуырдыл æххæст кæны 166 азы. Талынг Нары, фæздæгдзыд æвгъæддоны, цæрæццаг сабийы сæ къухтæм цы сылгоймæгтæ систой, уыдон цæмæй зыдтой, уый, цыкурайы фæрдыгау, стыр хæзна кæй суыдзæн æрмæст Ирыстонæн нæ, фæлæ нæ бæстæйы, дунейы культурæйæн.
3æххы цъарыл кæд исчи амондджын сахат саргъ сæвæрдта поэзийы æфсургъыл æмæ йыл цыппæрвадæй, ныфсджынæй атахт, уæд уыдонæй у нæхи Къоста.
Ирыстон цæмæй йæ абоны кадджын уавæрмæ схызтаид, ууыл бирæ фæлтæртæ æмæ куырыхон лæгтæ фæкуыстой удуæлдайæ. Уыцы адæймæгты ‘хсæн, Бонвæрнонау, æрттивы æмæ æрттивдзæни Хетæджы-фырты ном. Уырыссаг æмæ дунейы литературæ æмæ аивад, ирон адæмон сфæлдыстад чысылæй фæстæмæ, мады æхсырау, ахъардтой йæ туджы, йæ зæрдæ йын агайдтой, бахсыстой йын йæ зонд. Уыдон æмæ йæ æрдзæй рахæсгæ курдиат уыдысты йе сфæлдыстады фидар бындур. Æхсæнадон царды уæвгæйæ, ирон дзыллæйы рæсугъд удыхъæд æмæ хъизæмæрттæ систы йæ поэзийы рæбинаг цæджындзтæ. Уый нæ уарзта политикон фæзындтытæм иуварсæй кæсын. Кæддæриддæр-иу смидæг рæстдзинадыл, амондыл, лæджы кадыл тохæн йæ тæккæ тъыфылы.
Къоста… Иры цырагъдар. Æфхæрд дзыллæты сæрхъуызой. Сидзæрты рæвдауæг. Ирон æмæ Кавказы иннæ адæмты этнос лæмбынæг сгарæг æмæ арф иртасæг. Адæмты хæлардзинады зарæггæнæг. Поэзийы æнæсысгæ фурд. Дзырды зæрингуырд. Не ‘взаджы æппæты рæсугъддæр ныхæстæ дæр не сфаг уыдзысты уый сурæт бæлвырдæй, рæсугъдæй равдисынæн. Ахæм лæджы аккаг дзырдтæ æнцон ссарæн не сты.
Къоста сыгъзæрин æндæхтæй цы алдымбыдтæ скодта, уыдон рæстæджы уæзæй хуыздзыд нæ фесты. Уый нæ, фæлæ ма бонæй-бонмæ тынгдæр тæмæн калдтой æмæ абоны чиныгкæсæгмæ, абоны фæлтæрмæ æрхæццæ сты тынг аив, тынг фидыцæй. Йæ «Ирон фæндыр»-ы рæнхъытæ, сæууон æртæхтау, сыгъдæг, рæсугъд музыкæйы зæлтау, рæвдауынц адæймаджы, йæ зæрдæйы йын гуырын кæнынц цин æмæ маст, уарзт æмæ æнæуынондзинад, сидынц æм хæлардзинад æмæ тохмæ. Тохмæ? Фæрсдзæн исчи. О, тохмæ. Кæд уый бæрц рæстæджы размæ фыст уыдысты, уæддæр сты нæ абоны царды чъизи миты ныхмæ тохы тырысайы аккаг. Амонынц цæстмæхъус ныхас æмæ уæлдæрæн козбау кæныны ныхмæ тох кæнын. Ирон æвзаг æмæ ирон лæджы намыс хъахъхъæныныл тох кæнын.
Уæдæ, дзæгъæл хуымæтæджы нæ цæуы Къостайы кадджын ном ирон адæмы иу фæлтæрæй иннæмæ. Уыцы бар бакуыста йæ тугвæллойæ. Уыцы кад бакуыста йæ зонд æмæ йæ хъаруйæ. Нæ бæстæйы бирæнацион литературæйы фарны бынат йæхæдæг ссардта йæхицæн. Нæ, уæд ууыл нæ хъуыды кодта, ахæм хæдæфсарм адæймаджы йæхи уды, йæхи кады мæтмæ нæ февдæлы: аргъгæнæг ын адæм вæййынц.
Хетæгкаты Къоста куы амард, уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд. Фæлæ йæ ном цæры. Цæры йæ поэзийы, йæ нывты. Æппæты сæйрагдæр та, цæры адæмы зæрдæты. Уарзынц æй, нымайынц æй ирон адæм. Цæры Къостайы ном: æвæрд æрцыд хъæутæ æмæ уынгтыл, колхозтæ æмæ ахуыргæнæндæттыл.
Хетæгкаты Къостайы ном хæссы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет дæр. Уый не ‘ппæтæн дæр — ахуыргондæй, ахуыргæнинагæй, кусæгæй, службæгæнæгæй — стыр кады хъуыддаг у. О, уæвгæ æрмæст кады хъуыддаг нæу. Стыр лæджы ном цæмæй ноджы кадджындæр уа, уый тыххæй махæй алкæй дæр йæ бынаты тынгдæр архайын хъæуы: кæй наукæйы, кæй ахуырады. Цас фылдæр нын бантыса, уыйас тынгдæр сæххæст кæндзыстæм Иры намысджын хъæбул Къостайы фæдзæхст рухсмæ æнæзивæгæй цæуыны тыххæй.
Цыбыр дзырдæй, нæ уарзон поэты загъдау: «Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй».
МÆХÆМÆТТЫ
Ахуырбег,
ЦИПУ-йы президент,
историон наукæты
доктор, профессор














