Кæлæддзаг хæдзæрттæй – ног фатертæм

0
57

Кæлæддзаг хæдзæрттæй цæрджыты ногарæзт фатертæм раивынимæ баст æмбырд сарæзта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Ныхасы архайдтой финансон ведомствæйы разамонæджы хæдивæг Оксанæ Карова, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Надгериты Батрадз, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады адми-
нистрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энегетикæйы комитеты сæрдар Батырты Аланбег, районты разамонджытæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 2019-2025 азты царды уагътой  «Цæрыны фадат кæм нал ис, уыцы кæлæддзаг фонд скуынæг кæныны» федералон проект. Уый фæлгæты бавнæлдтой «Цæрæнуæттæ æмæ горæтаг алфамбылай»-ы национ проект æххæст кæнынмæ. Ацы æмбырды архайджытæ æркастысты программæйы ног хай сæххæст кæныны нысантæм.

Куыд райхъуыст, афтæмæй 2017-2022 азты онг кæлæддзагыл нымад хæдзæрттæй хъуамæ ног фатертæм раивой цæрджыты. Программæмæ хауынц 124 бирæфатерон хæдзары, регионалон программæ фидаргонд æрцыд. Дзанайты Барис куыд ра-
дзырдта, афтæмæй 2023 азмæ сæ къухы бафтыд программæйы фыццаг хай сæххæст кæнын. «Афтæмæй ног фатертæм раивтам 1,5 мин адæймаджы кæлæддзаг хæдзæртты 23 мин квадратон метрæй», – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ бавнæлдтой программæйы ног хаймæ. «Республикæ ацы аз Фæзуаты рæзты фондмæ балæвæрдта 121 милуан сомы радих кæныны курдиат. Фонд йемæ сразы. Республикæ йæхи ‘рдыгæй дæтты 70 милуан сомы. Хъуамæ хицаудзинады æппæт æмвазады оргæнтæ хъæугæ мадзæлттæ саразой. Хъуамæ республикæйы цæрджытæн фæзыной аккаг фадæттæ. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло уæлдай æргом здахы ацы программæйы рæзтмæ», – загъта Дзанайы-фырт.

Хицауады Сæрдар Цæрæнуатон- коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады æргом аздæхта программæйы ног хай царды рауадзыны нысанмæарæзт бæрæггæнæнтæм. Уымæй уæлдай бафæдзæхста, цæмæй Фæзуаты рæзты фондмæ афойнадыл бадæттой курдиат æмæ 2026-2027 азтæн лимиттæ радих кæной. Кæлæддзаг хæдзæртты цæрджыты ‘хсæн кæной æмбарынгæнæн куыст, бацамоной,  ног фатертæм сæ цы хуызы ивдзысты, уыдæттæ.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here