Боны фæткы – хъармгæнæн рæстæджы къуылымпыдзинæдтæ, æндæр фарстатæ

0
57

РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд амыдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Архайдтой дзы министрадтæ, ведомствæтæ æмæ районты разамонджытæ. Ныхас цыд зымæджы хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæдзинадыл, республикæйы экономикон рæзт æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ доклады фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.

– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр кусынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Республикæйы оперативон уавæр у нывыл. 13 октябрæй 19 октябрмæ фыдбылызы цаутæ бæрæггонд не ’рцыд. Æнæнхъæлæджы уавæрты службæйы кусджытæ аиуварс кодтой 6 зынгсирвæзты, хъыгдард дзы ничи баййæфта. Ивгъуыд къуырийы дæргъы республикæйы фæндæгтыл æрцыд 97 фæндаггон фыдбылызы, хъыгдард дзы баййæфтой 19 адæймаджы, дыууæйæ дзы фæмард сты. Транспорты æппæт хуызтæн дæр фадат ис Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл ацæуынæн. Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 1000 автотранспортон иуæджы, уыдонæй 825 – сæрмагонд бынæтты. Ивгъуыд къуырийы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтысты 23150 хæдтулгæйы æмæ 57490 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.

Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы дæргъы Цæгат Ирыстоны æрцыд 166 фыдракæнды. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ уыдонæй раргом кодтой 116, куыд загътой, афтæмæй сæ фылдæр баст у, интернеты тыгъдады цæстфæлдахæн митимæ. Мидхъуыддæгты министрад ма иу хатт сиды нæ республикæйы цæрджытæм, цæмæй къæрцхъусдæр уой æмæ ма ’ууæндой гæдыныхæстыл.

РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, гриппæй рынчынтæ республикæйы нæ рабæрæг, ног коронавирусон инфекци разынд 19 адæймагмæ. Уый фæдыл скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты уавæрмæ цæуы уæлдай хъусдард. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны диспансеризаци ацыдысты хистæр кары адæмы 73 проценты æмæ сывæллæтты 74 проценты.

Аппаратон æмбырды республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ фехъусын кодта, ОРВИ-йы аххосæй æхгæд кæй æрцыд  рæвдауæндоны иу къорд. Иннæ скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ кусынц раздæрау.

– 7600 ахуырдзауы фæззыгон каникулты рæстæг архайдзысты скъолаты лагерты. Æппæт скъолаты дæр скуыстой хъармгæнæн системæтæ, – фæбæрæг кодта министр.

Цæгат Ирыстоны Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы хъармгæнæн рæстæг цæуы æнæкъуылымпыйæ. Фæлæ Дзæуджыхъæуы ис цалдæр бирæфатерон хæ-
дзары, нырма ацы фарста лыггонд  кæм  нæма  æрцыд.

Сергей Меняйло курдиат балæвæрдта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинмæ, цæмæй Терроризмы профилактикæйы дунеон культурон-патриотон центр «Беслан. Школа №1» лæвæрд æрцæуа федералон хыгъдмæ. Куыд загъта, афтæмæй центры ахадындзинад æмæ нысаниуæг фæбæрзонддæр уыдзысты, стæй финансон хъуыддагæй дæр йæ уавæртæ фæуæрæхдæр уыдзысты.

Республикæйы Сæргълæууæг ма иу хатт æрдомдта министртæ æмæ районты разамонджытæй, цæмæй, сæ ведомствæты цы лыггæнинаг фарстатæ ис, уыдоны тыххæй хъусæй ма лæууой, фæлæ сыл æргомæй дзурой аппаратон æмбырды. Афтæ, цалынмæ Мæздæджы районы Хъызлары цæрджытæ иумæйаг курдиат нæ ныффыстой республикæйы Сæргълæууæгмæ, уæдмæ сæ хъæуы спортивон комплекс кæлæддзаг у, уый ничи зыдта.

– Кæд уæ кусын нæ фæнды, уæд уæ бынæттæ уæхæдæг суæгъд кæнут, ног кадртæ агурынæй мæ уæхæдæг бахизут! – загъта Сергей Меняйло.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here