Гом дуæртты бон – онкологон диспансеры

0
75

Республикон онкологон диспансеры радон хатт арæзт æрцыд Гом дуæртты бон. Уыцы акцийы фæлгæты фæлтæрдджын онкологтæ, иннæ медицион кусджытæ æркастысты дæсгай адæймæгты æнæниздзинады уавæрмæ.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.

Министрады минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахæм мадзал арæзт æрцæуы рæстæгæй-рæстæгмæ, йæ сæйрагдæр нысантæ сты онкологон низтæ сæ райдайæн къæпхæныл раиртасын æмæ уыцы карз низы ныхмæ профилактикон куыст.

 

Боны дæргъы æххуысхъуаг адæмимæ фембæлдысты, онкологийы къабазы чи кусы, уыцы специалисттæ: маммологтæ, химиотерапевттæ, хирургтæ æмæ иннæтæ. Уымæй уæлдай, кæмæн хъуыд, уыдоны æнæниздзинады уавæр раиртæстой нымæцон маммограф æмæ УЗИ-йы нырыккондæр аппаратыл.

Уыимæ, ацы бон диспансермæ æрбахуыдтой æрмæстдæр сылгоймæгты – хъыгагæн, адæмы рæсугъддæр æмæ буцдæр хайы минæвæртты дæр тынг хъыгдарынц онкологон низтæ. Уыцы æууæл хынцгæйæ, уынаффæ хаст æрцыд, цæмæй ацы хатты профилактикон мадзалы сæрмагонд æргом здæхт æрцæуа сылгоймæгты æнæниздзинадмæ.

Джихаты Стэллæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here